Знауыры районы хæдзарадтæ æрвылаз дæр дзæвгар байтауынц æфсирон культурæтæ, базилынц сæм хорз æмæ сæ æрзайын кæнынц хъæздыг тыллæг. Хицæн хоркуыстгæнджытæ æмæ фермерон хæдзарадтæн, сæйраджыдæр, сæ байтыдтæ бацахсынц хъæбæрхор, фæззыгæнд мæнæу æмæ холлагæн та – цъой. Афтæ у уавæр ацы аз дæр Уелиты зæххыты æмæ тракторон бригадæйы бригадир Наниты Алик зæрдиагæй бацархайдта, цæмæй хуымгæрдæныл сæмбæлой æххæст цæттæйæ. Развæлгъау бæрæг сты комбайнертæ, уыдон та куыстмæ рацæуыны размæ сæ техникæмæ базылдысты, ис сæм фаг æртаг дæр. Æфсирон культурæты хуымтæ уал æркарстой Цхинвалы районы хицæн фермерон хæдзарадтæн. Цæвиттон, Тъбеты хъæуы фермер Хъоцыты Зорикæн æфснаинаг уыд 10 гектары хъæбæрхор æмæ йæ цыбыр æмгъуыдмæ бафснайдта ацы бригадæйы комбайнер Бабаты Радион. Уый ма иу ахæм фæзуат æркарста æмæ бабæстон кодта Ереды быдыры Сиукъаты Робертæн. Мугуты хъæуккаг Бестауты Созырæн фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхоры культурæтæ тыд уыд 27 гектары, рæстæгыл ын карст æрцыдысты æмæ барухс хоркуыстгæнæджы зæрдæ тыллæгæрзадæй – æдæппæт йæ бæркад уыд 120 тоннæйы.

Ацы бонты  комбайнертæ Бабаты Радион, Наниты Алик æмæ иннæтæ æрæвналдзысты Уелиты хуымзæххыты тыллæг бабæстон кæнынмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ уалдзæджы ацы быдырты хицæн адæймæгтæ æмæ фермертæ байтыдтой дзæвгар æмæ иумиагæй сæ фæзуат бацахста 600 гектары. Хицæнтæй сисгæйæ, Кокойты Димайæн хъæбæрхор æмæ фæззыгæнд мæнæу тыд ис 40 га, иу ахæм фæзуат бацахстой Джиоты Лаверы хуымзæххытæ дæр æмæ афтæ дарддæр. Уыдон бафснайын æнцон нæ уыдзæн, бирæ хъару æмæ арæхстдзинад равдисын бахъæудзæн комбайнерты, фæлæ фæлтæрд адæймæгтæ зындзинæдтæй нæ тæрсынц æмæ дызæрдыггаг нæу, сæ бæрныуæвæг тыллæг цыбыр æмгъуыдтæм æфснайд кæй æрцæудзæн.

                                                                       ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.