Хъæууон фæллойгæнæгæн афæдзы алы афон дæр ахсджиаг у, фæтагъд кæны йæ куыстытæ рæстæгыл æмæ гъæдджынæй сæххæст кæнынмæ. Фæлæ уæддæр бæрнондæр ахаст фæдары æмæ иууыл тынгдæр йæхи фæцæттæ кæны хуымгæрдæнмæ, цæмæй æппæт куыстытæ дæр ахицæн уой цыбыр æмгъуыдмæ æмæ æнæсæфтытæй.

Æфсирон культурæты хуымтæ æфснайынмæ нæ республикæйы æппæты раздæр æрæвнæлдтой Ленингоры районы. Комбайнертæ хъуамæ бабæстон кæной Цъинагар, Орчъосан æмæ Абреуы зæххыты хицæн хоркуыстгæнджытæ цы байтыдтой, уыцы тыллæг. Развæлгъау зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй гектарон тыллæгæрзады бæрæггæнæн хъуамæ уа 15 центнеры бæрц. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы нымæц зæрдæйы фæндиаг нæу, уымæн æмæ фæззæгуалдзыгон куытыты рæстæджы  ахаста мæгуырау боныгъæдтæ.

Хуымгæрдæн æрбалæууыд Знауыры районы хицæн хæдзарадты дæр. Уелиты тракторон бригадæйы бригадир Наниты Таликæн фæззыгæнд мæнæу тыд уыд 7 гектары фæзуатыл æмæ йæ иу бонмæ карст фесты комбайнертæ Бабаты Радион æмæ Наниты Алик. Тыллæгæрзадæй барухс йæ хицауы зæрдæ – алы гектарæй дæр бафснайдта 22 центнеры, чысыл фæстæдæр та йæ холлаг бабæстон кæндзæн. Зæгъын хъæуы, куыстытæ æххæст кæныны кæй ис къуылымпытæ дæр, фæлæ уыдон аиуварс кæныныл батыхсдзысты ацы æввахс бонты. Тыллæг æфснайынмæ бавнæлдтой Уелиты æндæр хæдзарадтæ, стæй ма Цхинвалы районы хицæн хоркуыстгæнджытæ дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.