Гаглойты Хазбийы (раздæры Тельманы) уынгыл арæзт цæуы сывæллæттæн хъазæн фæзуат. Раздæр ацы бынаты уыд зæронд Цхинвалы рæсугъддæр бæстыхæйттæй сæ иу – Облфæлхасцæдисы бæстыхай.

Аварион уавæры кæй уыд, уымæ гæсгæ тас уыд фыдбылыз фыдбылыз æрцæуынæй.

«Цард размæ цæуы æмæ мах дæр нæ цард, нæ уавæртæ уымæ гæсгæ хъуамæ аразæм. Вæййы афтæ дæр, арæзтады сусæгдзинæдтæ чи нæ зоны, ахæмтæ фæархайынц ныхдуртæ æвæрыныл. Бæрзонд ныхæстæ фæкæнынц, хъуамæ, дам, хъахъхъæд æрцæуа. Бæргæ! Фæлæ алы хатт уымæн гæнæн нæ вæййы. Дзырдæн, зæгъæм, 3-æм скъолайы арæзтад арæзт æрцыд 1934 азы æмæ уыцы рæстæджы та хæдзæрттæ æмæ объекттæ дæр арæзт цыдысты чъырæй. Уымæн та ис йæхи æмгъуыд, стæй лæмæгъ кæнынц къултæ. Уымæй дарддæр ма зæххæнкъуысты, цалдæр хæсты фæстиуæгæн дæр æрцыд аварион уавæрмæ æмæ сывæллæттæн тæссаг уыд уым ахуыр кæнынæн. Йæ бакондæй фæстæмæ капиталонæй дæр цалцæг никуыуал цыд. Ныр Гаглойты Хазбийы уынгыл дæр арæзт æрцæудзæнис сывæллæттæн хъазæн фæзуат», – зæ-гъынц Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады.

Ивгъуыд къуыри горæты администрацийы хæрзарæзтады хайады кусджытæ ныссыгъдæг кодтой ацы бынат. Хайады сæргълæууæг Габуты Инал куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæтты фæзуаты уыдзысты алыгъуызон хиирхæфсæнтæ, портийæ хъазæн чысыл фæзуат, цъæх зонæ, æвæрд дзы æрцæудзысты фæхсбандæттæ æмæ афтæ дарддæр. Куыстытæ фæуыдзысты азы кæронмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.