Рæсугъд, алæмæттаг у Ирыстоны æрдз. Йæ бæрзонд цъитиджын æндонриу хæхтæ, алыгъуызон зайæгойтæй æхгæд тар хъæдтæ, уæдæ йæ дардыл зылд хизæнуæттæ, сæ уындæй цæст не ‘фсæды. Хъæдты хицæуттæ сты алыгъуызон хъæддаг сырдтæ, угæрдæнты хицæуттæ та – хæдзарон фос. Бæрзонд цъæх арвы хъæбысæй сæрибарæй фæлгæсы хæххон цæргæс. Уымæн, бæрзондæй фæлгæсгæйæ йæ цæст схæцы кæмтты амыты-уымыты хæххон хъæутыл,  чи сæ  цæры æмæ йæхийау хæххон цард чи кæны, уыцы цæрджытыл.

Рæсугъд  сты Ирыстоны хæхтæ Цæгаты æмæ Хуссары ‘рдыгæй, скæсæн æмæ ныгуылæны æрдыгæй дæр. Рæсугъддзинадимæ иумæ æвдадзы хос  сты йæ уæлдæф, йæ дæттæ. Уыдон бирæ адæм фæхуыдтой сæхимæ – цæрынмæ. Гъе, уымæ гæсгæ рабалц кодтой бирæ зынгæ адæймæгтæ Кавказмæ Ирыстонмæ, йæ адæм æмæ йæ алæмæттаг æрдзы фенынмæ. Ахæмтæ уыдысты Шегрен, Миллер, Грибоедов, Пушкин, Лермонтов, Горкий æмæ æндæртæ дæр.

Ирыстоны кæмттæ, бæрзонд сæрыстыр хæхтæ фыдæлтæй фæстæмæ быгъдæг никуы уыдысты. Алы комы, алы ададжы дæр, дæлвæз быдырты æрдæм се ‘нусон зарæг нывæндгæ згъордтой æмæ згъорынц цъититы æмæ зæххы бынæй гуыргæ дæттæ. Цал æмæ цал хуызы зайæгойтæ зайы йæ зæххыл, цал æмæ цал хуызы цæрæгой пайда кæны уыцы зайæгойтæй. Бирæ хъæздыгдзинæдтæ ис Ирыстонæн йæ зæххыл, йæ зæххы хуылфы. Фæлæ уæддæр йæ иууыл стырдæр хъæздыгдзинад сты, йæ хъæбысы чи цæрынц, уыцы адæм. Уымæ нæ кæсгæйæ ирон лæг цардæн фæрæз агурæг цыдис хæхтæм бæрзондæй бæрзонддæр ранмæ, æвадат ран арæзта фадæттæ цæрынæн. Æмæ хохæй хохмæ хъуыст адæмæн сæ хъæлæба, кæмттæ нæрыдысты сæ зарынæй. Иудзырдæй, нæ зæххыл æлдариуæг кодтой хæхтæ æмæ адæм.

Ам, хæхты, цард цæдджинагау æхсыст хæххон ирон лæджы фидар цæнгты руаджы. Уыдон фидар хæцыдысты дзывыры хъустыл æмæ фæлдæхтой кадавар æмæ зынвадат хуымзæххыты. Ахæм кадавар æмæ зынвадат угæрдæнты дардыл хаста йæ цæвæг æмæ карста цъæх, сойджын кæрдæг. Йæ фидар уæнгтæ ног æмæ ногæй æхсыстысты æндæр алыгъуызон куыстыты.

Хæххон лæгæн æдзух йæ фарсмæ уыд сылгоймаг – мад, цардæмбал, хъæбул æмæ уыдон дæр царды уæззау уаргъ дих кодтой йемæ. Сæ нæлгоймæгтимæ иумæ уыдоны фенæн уыд угæрдæны хос ссивгæ, цæхæрадоны рувгæ, мæнæуы хуымты æхсырфæй кæрдгæ. Хæдзары та уырдыг лæууыдысты æмæ æххæст кодтой сæ бирæ хæстæ, лæггад кодтой сæ нæлгоймæгтæн. Мад – сылгоймагæн йæ бæрндзинад дывæр кодта, хъомыл кодта æмæ йе стыр уарзтæй хайджын кодта йæ хъæбулты дæр.

Карз æмæ тызмæг сты урссæр хæхтæ. Сæхи карз закъæттæ сын уыдис. Карз закъæттæм гæсгæ цардысты хæххон ирон адæм дæр. Æмæ кæд сæ сæрты исчи хызт, арæзта фыдракæнд, уæд урссæр, боцъоджын зæронд лæгтæ уымæн хастой йæ карз тæрхон. Ныхасы бадгæйæ уыдон уынаффæ кодтой сæ царды æркæсинаг хъуыддæгтыл дæр.

Ам, хæхты, зæронд кадæггæнæг йæ хъисфæндыр йæ къухы, афтæмæй фыдæлтыккон кадæг нывæзта æмæ йæм хъуыстой стырæй, чысылæй. Фæлтæр ивта фæлтæры, фæлæ нæ ирбæсты нæ ивта ирон адæмæн сæ удварн, фыдæлтæй сæм цы æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдоныл хистæртæ хъомыл кодтой кæстæрты æмæ æрхæццæ сты абоны бонмæ. Уыдон адæймаджы хайджын кодтой бирæ хорз миниуджытæй – адæймагæн аргъ кæнын, æгаддзинад сæрмæ нæ хæссын, хистæрæн, сылгоймагæн кад кæнын, зындзинады æрдхорды нæ уæй кæнын, лæмæгъдæры æфхæрын нæ уадзын æмæ бирæ æндæр ахæмтæй. Уыцы æгъдæуттæ хъахъхъæнгæйæ рæсугъддæр æмæ мидисджындæр кодта ирон лæджы цард æнусты дæргъы  арф уидæгтæ кæм ауагъта, уыцы Иры зæххыл.

Кæд нæ фыдæлтæ хъæздыг цард нæ кодтой, уæддæр царды цин кæнын фæрæзтой. Уæззау куысты дæр хъæлдзæг ныхас нæ сæфт, цины фынгыл та сæ зард, сæ къæрццæмдзæгъд, сæ фæндыры цагъд кæмттæ арыдта.

Ирыстон! Æнусты дæргъы дæ хæхты æмæ кæмтты бирæ калд ирон лæгæн йæ хид, бирæ дзы калдис туг дæр. Бирæ зынтæ, бирæ хъыгтæ æвзæрстой нæ адæм, фæлæ уыдоны æмрæнхъ æвзæрстой цинтæ дæр, кæцытæ сын сæ уды рухс æрттивын кодтой, сæрыстыр æмæ ныфсджынæй цыдысты сæ царды фæндагыл размæ. Æмæ ныр дæр, дугивæны, цардивæны знæт уылæнты бахаугæйæ, бирæ хъыгты, бирæ зынты хай фестæм. Ирыстон хъæрзыдта, мæцыд йæ туджы, лидзинаг фесты сæ хъæутæй,   фæлæ ма дзы цы иугай цæрджытæ ис, уыдон сæ сæр не ‘ркъул кодтой, нæ ауагътой се ‘уæнгтæ. Уый нæ, фæлæ кæсынц сæ фидæнмæ ныфсимæ Ирыстонæн æппæт йæ хъарутæ, йæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ хæлар кæныны ныфсимæ.

Рæсугъд дæ Ирыстон…Фæлæ ноджы рæсугъддæр та дæ сæрибаруарз фæллойгæнæг адæм сты. Æмæ сын абон кæд фæллойы фадæттæ фаг нæй, уæддæр бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Æрбалæудзæн та рæстæг æмæ фабрикты, заводты, быдырты æхсиддзæн куыст. Адæймаг ныфсимæ цæры…

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.