РХИ-йы сгуыхт журналист Хуриты Гиви йæ журналистон æмæ æхсæнадон  архайдæй хорз зындгонд уыд дыууæ Ирыстоны дæр. Хурийы фырт йæ амæлæты боны онг уыд Хуссар Ирыстоны Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг æмæ Хуссар Ирыстоны телерадиокомитет «ИР»-ы  редактор. Йæ царды фæстаг боны онг дæр йæ зæрдæ никуы сивта журналисты профессийыл. Гивийы йæ фæстаг фæндагыл Иры дзыллæ ахизын кодтой 2010 азы 20-æм сентябры – республикæйы боны.

Хурийы фыртæн æрдзæй лæвæрд уыдысты зæрдæхæлардзинад, æгæрон адæймагдзинад æмæ уыцы-иу рæстæджы цахæмдæр хуымæтæгдзинады миниуджытæ, кæцытæ магнитау сæхимæ æлвæстой адæймаджы. Уæздан, хиуылхæцгæ, æппынæдзух худæндзаст æмæ фæлмæн адæймаг, кæстæртимæ кæстæр, хистæртимæ хистæр, раст ахæмæй бахъуыды кодтой адæм Хуриты Гивийы. Уымæн уыд хъæздыг, æнæрынцой цард, æгæрыстæмæй æнафæтты дæр йæ фыссæн сис йæ къухæй никуы  ахаудта.

Ацы аз 5-æм майы Гивийыл сæххæст уыдаид 75 азы. Йæ юбилейы цытæн та йын бæргæ  фæарфæтæ кодтаиккой йæ бирæ хиуæттæ æмæ хæлæрттæ, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа. Хуриты Гиви уарзта адæмы æмæ йын йæхи дæр уарзтой, кодтой йын стыр кад. Гивийы хуызæн адæймæгты æрдз стæм хатт радты. Йемæ зонгæ чи уыд, уыдон ын абоны онг дæр хъуыды кæнынц йæ уæздан дзыхы ныхас, адæймагдзинад æмæ зæрдæхæлардзинад. Ахæм  адæймæгты нæмттæ сæ диссаджы удысконд æмæ курдиатæй цæрæнбонтæм цæргæйæ баззайынц адæмы зæрдæты.

Зындгонд журналисты юбилейон райгуырæн боны фæрсты нæ ахызтысты нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ дæр. Уыдон сæ директор Тототы Ленæйы сæргълæудæй Гивийы ном ссарыны тыххæй сорганизаци кодтой сæрмагонд къуым «Йæ фарн уæлæуыл баззад», зæгъгæ, æмæ ныр цалдæр боны дæргъы сæ чиныгкæсджыты, куыд æвзонг адæймæгты, афтæ хистæр кары адæмы дæр зонгæ кæнынц журналисты цардвæндаг æмæ  сфæлдыстадимæ.

Сæрмагонд къуымы æвæрд æрцыдысты Гивийыл Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты дзыллон мыхуыры фæрæзты мыхуыр цы æрмæджытæ æрцыдысты, уыдон, афтæ ма йæхи фыст уацмыстæ дæр. Сæрмагонд къуымы къулыл конд сты зынгæ журналистыл Чехойты Оля,  Харебаты Леонид, Козаты Павел, Бахъаты Нугзар, Мæргъиты Георги цы æмдзæвгæ-тæ ныффыстой, уыдон. Ис дзы Хурийы фырты тыххæй фыст æрмæджытæ цы газетты уыдысты, уыдон дæр.

«-Хорз адæймаг, хæларзæрдæ, æппынæдзух æмдзу кодта юморимæ – махæн ахæм куыст ис, æмæ æнæ юморæй нæ сарæхсдзыстæм. Гиви, мæнмæ гæсгæ, æппындæр никуы никæй фæхъыг кодта, æрдзæй уыд æцæг дипломат. Символикон у 5-æм майы  (Советон Цæдисы рæстæджы мыхуыры бон) кæй райгуырд æмæ йе ‘нусон бæстæм 20-æм сентябры (республикæ расидыны бон) кæй ацыд, уый дæр. Алцыдæр барст вæййы царды – ахæм у адæймаджы цардвæндаг дæр. Гивийы хуызæн хæлæрттæ никуы ферох вæййынц. Æгæрон уарзтæй уарзта йæ куыст æмæ йæ райгуырæн Ирыстоны», – фыссы РХИ-йы сгуыхт журналист Хъуылымбегты Роберт.

«Хуриты Гиви уыдис, дыууæ Ирыстоны дæр ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддагæй чи уарзта, уыцы зынгзæрдæ патриоттæй иу»…, – фыста РЦИ-Аланийы сгуыхт журналист Багаты Аврам.

«Хорз адæймаг а-дунейæ куы ацæуы, уæд йемæ ахæссы цыдæр æнахуыр рухс, æндæр хорзæхæй баивæн кæмæн нæй, ахæм миниуæг. Фæлæ уый хыгъд адæмы зæрдæты  ныууадзы йæ хорз ном æмæ арфæйаг хъуыддæгты фарн. Ахæм фарны лæг уыд Ирыстоны æцæг патриот, Хуссар Ирыстоны газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг, РХИ-йы сгуыхт журналист Хуриты Гиви. (Газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусджытæ).

«Ахæм адæймæгтæ куы фæхъæуынц нӕ цардӕй, уӕд ӕрхӕндӕгдзинад нал фæхизы нæ удтӕй, хъыгдзинад ӕрфысым кӕны нӕ зӕрдӕйы, не ‘рвылбонон царды. Бирæ хӕрзиуджытӕй ӕххæст уыд ме ‘дзард ӕмгар ӕмӕ алкӕйы раз дӕр сысты зӕд адӕймаджы хуызы, ӕнцонӕй рохгæнӕн кӕмӕн нӕй, йӕ уӕздандзинадæй удгоймаджы уæздан чи кодта æмӕ мысинагӕй кӕронмæ чи баззайы нӕ цӕугæ царды. Гиви ныфсы лæг уыдис æнæхъæн Ирыстонæн, ирон адæмæн æмæ  уымæн фæрыстис афтæ тынг йе æнæнхъæлæджы ацыдыл нæ дзыллæйад. Хуриты Гивийы хуызæн адæймæгтæ цардæй куы ацæ-уынц, уæд адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма фæтардæр вæййы бон, нæ цард дзæвгар фæмæгуыр-дæр вæййы. Уыдон нын сæ мæлæты фæстæ дæр рухс кæнынц нæ цард, æрцæрынц нæ мысынуаты, сæ рухс фæлгондзтæ, мах та бузныг фæзæгъæм æрдзæн кæй сæ сфæлдыста æмæ нæ сæ уды хъармæй кæй батавтой, уый тыххæй», – фыссы РХИ-йы сгуыхт журналист Харебаты Батрадз.

Афтæ ма дзы фенæн ис алыгъуызон архивон къамтæн, уыцы нымæцы журналист йæ хæлæрттæ æмæ бинонтимæ кæм ис, ахæм къамтæ дæр. Бузныджы ныхæстæ зæгъын хъæуы уагдоны коллективæн ахæм мадзæлтты фæрцы сæ чиныгкæсджыты зынгæ гоймæгты цардвæндаг æмæ сфæлдыстадимæ кæй зонгæ кæнынц, уый тыххæй.

УАЛЫТЫ В.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.