Хуссар Ирыстоны национ музеймæ 12 сентябры уæлдай фылдæр адæм цыдис. Ам Цхинвалы районы администрацийы фæсивæд æмæ спорты хъуыддæгты фæдыл хайад, стæй музейы разамынды хъæппæрисæй байгом Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдисты уæнг Кокойты Хазбийы нывты равдыст.

Равдысты хайад райстой Хуссар Ирыстоны президенты æххуысгæнæг Пухаты Эрик, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, культурæ, аивады архайджытæ, нывгæнæджы сфæлдыстадæн табугæнджытæ.

Мадзал байгом кодта, æмæ равдыстмæ æрбацæуджытæн Кокойты Хазбийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй радзырдта музейы кусæг Бекъойты Олеся.

Хуссар Ирыстоны президенты æххуысгæнæг Пухаты Эрик Хазбийæн йæ 80 азы юбилейы сæраппонд раарфæ кæныны фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, Хазбийы сфæлдыстад æнцой кæны ирон нывкæнынады аивады традицитыл, нывтæ конд æмæ арæзт сты ирон нывгæнджыты фидар бындурыл æмæ стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц алкæмæ дæр. Уый фæстæ Хуссар Ирыстоны президенты барамынд бакæсыны фæстæ Пухаты Эрик Кокойты Хазбийы риуыл бакодта РХИ-йы «Адæмон нывгæнæг»-ы кадджын нысан.

Йæ раныхасы Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал та банысан кодта, зæгъгæ, нывгæнæг нæ дæн, фæлæ стыр æхцондзинад æнкъарын Хазбийы конд нывтæм кæсгæйæ. Сæйраджы та уымæн, æмæ йæ нывты ирдæй зынынц рагфыдæлтæй абонмæ ирон адæмы царды фæндæгтæ.

Равдыстмæ æрбацæуджытæн бузныджы ныхæстæ зæгъыны фæстæ Хазби банысан кодта, зæгъгæ, мæ разы цы хæс сæвæрын уый саразыныл цъус нæ фæхъуыды кæнын, алы нывы дæр адæймаг бауадзы йæ уды кæцыдæр хай. Абон сын, зæгъгæ, аргъгæнæг фыццаг хатт стут сымах. Кæд уæ зæрдæмæ фæцæуой, уæд уый мæнæн уыдзæн иууыл стырдæр хорзæх.

Хазби райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы районы Дменисы хъæуы. Астæуккаг скъола та каст фæцис Ксуисы 1959 азы. Скъолайы фæстæ цалдæр азы куыста Дменисы колхозы. Уыцы азты йæм равзæрдысты нывгæнæг суæвыны хъуыдытæ дæр æмæ 1966 азы бацыд Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæндонмæ. 1970 азы йæ каст фæцис æнтысгæйæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Тбилисы нывгæнæн академийы.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ Хазбийы нывтимæ кæй базонгæ сты Тбилис, Мæскуы, Вильнюс æмæ Германы горæттæй цалдæры.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.