Куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр Хуссар Ирыстоны дзыллæйад æрæмысыдысты 2008 азы августы хæстон архайтыты  фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Гуырдзыстоны къухдариуæгады æнæраст политикæйыл цæст куы ахæссæм уæд 1920 азæй  суанг 2008 азмæ ирон адæмæн æрхаста бирæ æнамонддзинæдтæ. Фæлæ ирон адæм кæд чысыл нацийыл нымад цæуынц, уæддæр сæрбахъуыды рæстæджы æвдисынц æхсардзинад æмæ иудзинад. Æрмæсдтæр иудзинады,  Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинады руаджы 2008 азы августы знаг райста аккаг ныхкъуырд. Цас фæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр уыцы бонтæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæй рох никуы уыдзысты, æмæ сæ дæтдзысты фæлтæрæй фæлтæрмæ.

8 августы горæт Къуайсайы культурæйы бæстыхайы  уагъд æрцыд  мысæн мадзал 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы Райгуырæн бæстæйы сæраппонд сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыдон рухс нæмттæ æрымысыны тыххæй.  Мадзал  бацæттæ  кодта  Къуайсайы администраци æмæ культурæйы хайады  кусджытæ бынæттон администрацийы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайады  инспектор Зассеты Фатимæйы  æххуысæй. Ардæм æрбацыдысты къуыдаргомы цæрджытæ, уыдоны ‘хсæн уыдысты 1989 азæй 2008 азмæ Райгуырæн бæстæйы ныгуылæйнаг арæнтæ  знагæй чи хъахъхъæдта уыдон. Мадзал бацæуæн ныхасæй æрбайгом кодта Культурæйы хайады кусæг Зассеты Алан æмæ ныхасы бар радта Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Аланæн. Уый æрæмбырд-уæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта 14 азы размæ хæстон цаутæ, банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны адæм радон хатт  Гуырдзыстоны фарсæр-дыгæй кæй бавзæрстой егъау хъизæмæрттæ. «Ирон адæмы та радон хатт бахъуыд знаджы ныхмæ æрлæууын стырæй чысылæй æмæ иумиаг знагæн аккаг ныхкъуырд раттын. Кæд знаг æвдыста йæ тых йæ хъомыс, уæддæр уымæ нæ кæскæйæ нæ адæмы ныфс нæ асаст æмæ та нæ радон хатт бахъуыд знаджы ныхмæ растын. Хистæр кар нын равдыста егъау патриотизм æмæ нæ фæсивæды æхсардзинад та ацы хæстон архайтыты рæстæджы нæ сомбоны кæстæртæн суыдзысты бафæзмынинаг æмæ цæвиттойнаг», – радзырдта Хуыгаты Алан.

Мадзалмæ æрбацæуджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой, Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы зынгхуыст  хъайтарты  рухс нæмттæ. Мадзалы иннæ раныхасгæнджытæ дæр дзырдтой сæ мысинæгтæ 1989 азæй 2008 азмæ хæстон архайтыты тыххæй. Къуайсайы скъолайы ахуыргæнинæгтæ бакастысты хæсты темæйыл фыст æмдзæвгæтæ æмæ культурæйы хайады кусджытæ  та æххæcт кодтой хæстон темæйыл зарджытæ. Æвдыст ма æрцыд киноныв «Хæхтæ – æвдисæнтæ», кæцы дзурæг уыд ирон адæмы трагикон цаутыл 1920 азæй 2008 азмæ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.