Август… хъуыдытæ, хъуыдытæ, æрхæндæг хъуыдытæ… Кæд 10 азы рацыд, уыцы æнæмсæр хæстон бонтæй, уæддæр зæрдыл лæууынц, раст цыма знон уыдысты, афтæ. О, цас æвзонг адæймæгты цард аскъуыд, уыцы бонты! О, цас æвзонг уарзæттæн, æмкъæйттæн фæбадтысты сæ дарддæры царды рæсугъд фæндтæ сæ хъуыры… О, цас цæссыг фæкалд нæ чысыл Ирыстоны зæххыл!  Цæуынц бонтæ, мæйтæ, азтæ, фæлæ мысынады раз рæстæг æдых у…

Бадын мæ рудзынджы раз æмæ æддæмæ кæсын. Адæм дыууæрдæм æмызмæлд кæнынц. Чи дзы фæскуыст йæ хæдзармæ тагъд кæны, чи та йæ хъуыддæгты фæдыл кæдæмдæр фæцæуы. Адæмы, машинæты змæлд зæрдæйæн æхцондзинад хæссы, æгайтма æппынфæстагмæ нæ зæхмæ сабырдзинад æрцыд æмæ адæм дарддæры царды плæнттæ нывæндынц. Фæлæ, уæд 2008 азы 7 августы Цхинвалы уыд æнахуыр сабыр, уынгты цъиуызмæлæг дæр нал уыд. Алцыдæр ныссабыр, раст цыма æрдз дæр цавæрдæр æнамонддзинадмæ æнхъæлмæ каст, уыйау. Мæ хъуыдытæ та мæ ахастой æмæ та мæ цæстыты раз сыстадысты  2008 азы августы тугуарæн бонты цаутæ.

7 августы фæцæуын Мæскуыйы уынджы Богирийы ‘рдæм афтиагмæ хостæ æлхæнынмæ, фæлæ уынгты змæлæг нæй, нал дæр машинæтæ цыдысты,  æгæрыстæмæй, цъиуты зарын дæр нал хъуыст. Æнахуыр сабырдзинад зæрдæйыл тæссагдзинады æнкъарæнтæ æфтыдта. Ахъуыды кодтон, зæгъын, фæстæмæ аздæхон, фæлæ уалынмæ мæ цурты тагъд цыдæй иу сылгоймаг рацыд æмæ уæд фæныфсджындæр дæн, фæлæ уымæн дæр уыд цахæмдæр тыхстгъуыз. Редакцийы цурæй Богиримæ мыл æдæппæтæй амбæлд дыууæ адæймаджы. Мæ зæрдæ катайдзинады æнкъарæнтæй байдзаг æмæ йæхи риуы къултыл бахоста, æгæрыстæмæй, уæлдæфы дæр æнкъардæуыд цахæмдæр æндыгъддзинад. Æмæ раст разынд зæрдæ… Зæрдæ алыхатт дæр развæлгъау фенкъары алцыдæр – циндзинад дæр æмæ æнамонддзинады хабар дæр… Æмæ æцæгæйдæр æрцыд стыр бæллæх…

Уымæй цалдæр сахаты фæстæ нæ чысыл, фæлæ хъайтар горæт æхст фестади, хъустæ къуырма кодтой алыгъуызон хæцæнгæрзты богъ-богъæй, уæлдæф топпы хосæй сцъæхи…  Нæ «дзæбæх» сыхæгтæ нæ бынтондæр рауæлдай кодтой, уæлдай сын нал уыд, фæнды сывæллоны марой æви сылгоймаджы, сæ нысан уыд ирæттæй фылдæр амарын. Калдтой ныл, пайда кæныны бар кæмæн нæй, ахæм кассетон бомбæтæ. Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ рауагътой фашистон Гуырдзыстоны къухдариуæгад сæ сæрхъæн президент Саакашвилийы сæргълæудæй. Адæм ныккæндтæм лыгъдысты, цыран ныййарæг мæдтæ сæ хъæбулты сæ риутæм тыхджындæр нылхъывтой æмæ Хуыцаумæ куывтой сæ хъæбулты цард бахъахъхъæныны тыххæй. Цард бынтондæр зындон фестад, адæм нал зыдтой цы фæуой, кæдæм лидзой дарддæр, уый. Адæм иугай-дыгай мардысты, алырыдгæй хъуыстысты  фыдохы хабæрттæ, бæстæ кæуын фестад, нæ уарзон Цхинвал алырыдгæй пиллон калдта, адæмы хæдзæрттæ сыгъдысты фыдызнаджы къухæй, бирæтæ иу уысммæ фесæфтой сæ цæрæнбонты фæллæйттæ. Саакашвилийы æрдонгтæ, гуырдзиаг лæгхортæ сæ чъизи æлгъаг къæхтæй æрлæууыдысты Ирыстоны сыгъдæг зæххыл æмæ дзы æрхъавыдысты «сыгъдæг быдыр» саразынмæ… О, куыд уынгæджы уыдтæ уæд нæ чысыл Ирыстон. О, цас æнæаххос туг ныккалд дæ зæххыл! О, цас тæригъæдтæ федтай нæ уарзон Фыдыбæстæ, дæ хъæбулты дын æнæвгъау фыдызнаг куы мардта, уæд. Алырдыгæй хъуыстысты сывæллæтты, сылгоймæгты кæуын, фæдисмæ, æххуысмæ сидæг хъæртæ…

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды азты æмæ уæлдайдæр та 2008 азы августы уыцы фондз боны ирон лæппутæ цы хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдон диссагæн дзуринаг сты, уыдоныл æмдзæвгæтæ, зарджытæ фыссын хъæуы, уыдон цæрæнбонтæм хъуамæ бацæуой ирон адæмы историмæ æмæ сын афтæмæй сæ нæмттæ мысой Ирыстоны фидæны фæлтæртæ. Уыдон цæрæнбонтæм фестадысты легендæтæ. Уыдон иунæгæй æрлæууыдысты мингай знæгты, танкæты, ныхмæ сæ къухты æрмæстдæр автоматтæ, афтæмæй. Уыдон, куыд Джиджджойты Джетæ, Багаты Амиран, Джиоты Азæмæт, Козаты Лев æмæ бирæ æндæр хъайтар æмæ сæрыстыр лæппутæ сæ цардæй бахъахъхъæдтой мах цард. Абон уыдоны руаджы цæрæм сабыр цардæй, абон уыдоны руаджы нæ сывæллæттæ нал хъусынц алыгъуызон хæцæнгæрзты хъæр, абон уыдоны руаджы нæ пырх æмæ сыгъд Ирыстон фæстæмæ йæ къæхтыл лæууы, æндидзы æмæ бæрæг фæивта йæ хуыз.

Рацыд дæс азы, фæлæ мæм афтæ кæсы цыма æппæт уыцы цаутæ æрцыдысты хæрзæрæджы. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, нæ хъæуы рох кæнын знаджы фыдмитæ, ахæм фыдракæндтæн ивгъуыдады æмгъуыд нæй. Хъуамæ нæ зæрдыл цæрæнбонтæм дарæм иу хъуыддаг, цы адæм сæ ивгъуыд ферох кæнынц, уыдонæн нæ вæййы фидæн. Ныртæккæ та знаг алыварсонæй  тырны æмæ фæлвары ирон адæмы сæхимæ раздахынмæ, фæлæ сыл нæ хъæуы æууæндын, уымæн æмæ уыдон æппынæдзух сæ кард сæ къухты æмбæхстæй дарынц, цæмæй та сын куыддæр гæнæн фæуа, афтæ та йæ ирон лæджы фæсонты ныссадзой. Мачи нæ хъуамæ ферох кæна æгъатыр хæсты сæ хъæбулты чи фесæфта, уыцы зæрдæскъуыд ирон мæдты хъарджытæ, ирон мæдты цæссыгтæ, кæцытыл, æгæрыстæмæй, куырой дæр разылдаид.  Уыцы мæдты раз-иу нæ сæртæ ныллæг æркъул кæнæм æмæ-иу сын бузныджы ныхæстæ зæгъæм, ахæм сахъгуырдты кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

Цæй æмæ-иу ссарæм рæстæг æмæ-иу сын бацæуæм сæ уæлмæрдтæм æмæ-иу сæркъулæй сæ уазал цыртыты цур алæууæм, уымæн æмæ мах уыдоны раз хæсджын стæм, уыдон мах тыххæй рауæлдай кодтой иууыл зынаргъдæр сын цы уыд, уый – сæ цард…

Ирыстон та нырæй фæстæмæ ахæм фыдбылызтæй хызт уæд. Æмæ хызт та уыдзæн, æрмæстдæр, кæрæдзи куы æмбарæм, уæд. Куы йæ зонæм знаг нын чи у æмæ нын хæлар чи у, уæд. Хуыцау зæгъæд!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.