Культурæйы министрады цыртдзæвæн-тæ хъахъхъæныны хайады хъæппæрисæй Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы ауагъдæуыд конференци.

Мадзалы куысты хайад райстой культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады сæргълæууæг Табуты Нелли, РХИ-йы Президенты уынаффæгæнджытæ  Пухаты Къоста æмæ Коцты Константин, Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри,  Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады æмæ Россотрудничествойы минæвæрттæ. Конференцийы ма хайад райстой, бирæ азты дæргъы Хуссар Ирыстоны культурон бынты цыртдзæвæнтæ бахъахъ-хъæныныл чи куыста, уыцы адæймæгтæ: Постконфликтон  бæстонкæнынады фæдыл Президенты æххæстбарджын Джиоты Мурат, РХИ-йы зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, этнограф Мæргъиты Ирбег, Ирыстоны сфæлдыстадон æмæ зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ.

Мадзалы райдианы Зассеты Жаннæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны алы цæрæг дæр, цыфæнды бæрзонд бынаты ма куса, уæддæр  хъуамæ архайа, республикæйы территорийыл цы историон бынтæ ис, уыдон бахъахъхъæныныл, популяризацийыл, фылдæр сæ кæныныл.

Йæ доклады Табуты Нелли куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл  культурон бынты объекттæ сты 1500 бæрц, архитектурон цыртдзæвæнтæ та – 128, кæцытæй цалдæры фæстаг рæстæджы  ссардæуыд æнæнхъæлæджы, ома, 2008 азæй фæстæмæ арæзтадон куыстыты руаджы. Цыртдзæвæнты уавæр у æдзæллаг, алы цырт-дзæвæны дæр хъæуы цалцæг кæнын кæнæ та  консерваци. Йæ ныхæстæм гæсгæ, реставрацийыл дзырд дæр нæ цæуы, уымæн æмæ уый тынг зынаргъ лæууы æмæ æввахс рæстæджыты уыцы фæрæзтæ ссарын тынг зын у.

«Цыртдзæвæнтæ æдзæллаг уавæры кæй сты, уый тыххæй сæ æвæстиатæй хъæуы цал-цæг кæнын кæнæ консерваци. Консерваци ас-ламдæр кæй лæууы, уый тыххæй мах æрлæу-уыдыстæм цыртдзæвæнты консервацийы программæйыл. Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайад ацы аз расидт цыртдзæвæнты реставрацийы азæй. Уый руаджы сæ бавæрдзыстæм хуыздæр рæстæг-мæ», – загъта Табуты Нелли.

Уый цæвиттонæн æрхаста Монастъеры дзуары, кæцы  бонæй бонмæ хæлы æмæ йæ уый тыххæй æвæстиатæй хъæуы сфидар кæнын.

ЭТНОГРАФИОН КЪУЫМÆН САРАЗЫН ХЪÆУЫ ТОБÆГОНД ЗОНÆ

Табуты чызг радзырдта культурон бынты тобæгонд зонæйы тыххæй дæр.

 «Рукъгомы территорийыл ис Урстуалты историон зонæ, кæцы у цæттæ этнографион къуым. Мах рагæй домæм ацы территорийы тобæгонд зонæйæ расидын, фæлæ Финансты министрады аххосæй проект реализаци нæ цæуы», – банысан кодта цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады сæргълæууæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, «Абхазы тынг бирæ ис тобæгонд бынæттæ, фæлæ ма-хæн  нæ  бон  саразын  нæу иу этнографион къуым бахъахъхъæныны нысанæн тобæгонд зонæ саразын».

Уый хъусдард аздæхта, цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады æварстæй  кувæндæтты кæцыдæр адæймæгтæ, уыцы нымæцы аргъуаны кусджытæ дæр, кæй цалцæг кæнынц, уымæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон цал-цæг нæ хъæуы, фæлæ – реставраци. Сæхимæ гæсгæ, кæд хæрзиуæгон хъуыддаг аразынц, уæддæр хæдбарæй цалцæджы фæстиуæгæн хæлд цæуынц цыртдзæвæнты архитектурон хуыз дæр æмæ фрескæтæ дæр.

Æркой кодта, зæгъгæ, Згъудеры уæлмæр-ды Лæгты дзуары кувæндонмæ цы асин ис, уый дæр арæзт  цæуы рæдыдтытимæ.Табуты чызг ма загъта, зæгъгæ, иууыл фылдæр историон цыртдзæвæнтæ ис Цхинвалы районы. «Хорз уаид культурон бынты цыртдзæвæнтæм хъусдарджытæ куы уаид, ахæмтæ куыд Цхинвалы районы Гореты хъæуы цæрæг Хацырты Мурат. Уый у перспективон ахуыргонд.  Республикæмæ уазæг куы æрцæуы, æмæ йæ историон фенддаг бынæттæ фенын куы фæфæнды, уæд æй Хацырты Муратмæ бакæнынц æмæ сын уый фенын кæны цыртдзæвæнты, радзуры сын сæ истори. Уымæй дарддæр ма зилы уыцы цыртдзæвæнтæм дæр йæхæдæг лæвар. Кæд нæ рагæй фæнды ацы адæймагæн штат радтын, уæддæр абоны онг нæ бон нæу уый аскъуыддзаг кæнын».

Табуты  Нелли йæ ныхасы кæрон куыд банысан кодта, аф-тæмæй хъæуы райсын паддзахадон, нысанмæздæхт, дæргъ-вæтин рæстæгмæ программæ культурон бынтæ бахъахъхъæныны тыххæй.

ИРОН ФÆНДЫР  – ИСТОРИОН МЫСЫНАДЫ ТÆНТÆ

Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константины доклады темæ уыд «Историон мысынады тæнтæ».

Уый радзырдта 12-тæнон ирон фæндыры нысаниуæджы æмæ йын рагзаманты ирон æхсæнады цы стыр аргъ уыд, уыдæтты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы инструмент у ирон традициты историон символ. Цæвиттонæн æрхаста Нарты кадджытæй цитатæ дæр: «Мах, нартæ, иууылдæр куы амæлæм, уæддæр макуы фесæфæт ирон фæндыры цагъд. Чи йыл цæгъда, нарты ном кæй зæрдыл лæууа, уый уыдзæн æцæг нарт».

Уый куыд радзырдта, афтæмæй-иу, æгæрыстæмæй, ту-джджынтæ дæр лæгмары ныхмæ лæвæрдтой ирон фæндыр. Ра-дзырдта 12-тæнон хъисфæндырыл дæсны цæгъдджыты тыххæй, ракодта дæсны фæндырдзæгъдæг Сланты Гахайы кой дæр.

Паддзахадон уынаффæгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, ирон фæндыры мыртæн уыд мистикон нысаниуæг дæр. Уый ма нымад цыд кæлæнгæнджытæ æмæ шаманты инструментыл дæр.

«Абайты Васо нарты хъайтарты тыххæй куыд фыста, афтæмæй цирхъ æмæ фæндыр сты дывæр символ нарты адæмæн», – загъта Президенты уынаффæгæнæг.

 Хъыгагæн, абон ацы легендарон инструмент стæм у Ирыстоны, фæлæ, докладгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ис иу æрмдæсны, кæцы сæндидзын кодта ирон фæндыры, æгæрыстæмæй, сарæзта коллекци дæр.

Коцты Константин йæ доклад фæцис ахæм ныхæстæй: «Цалынмæ ацы инструмент ис, уæдмæ цæрдзысты нæ адæм дæр».

МÆСЫГАМАДЫ ÆРМДÆСНЫТÆ ИРОН АДÆММÆ

Мадзалы Мæргъиты Ирбег радзырдта ирон адæмы мæсыгамады дæсныты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, мæсыгамады æрмдæснытæ зыдгонд сты Нарты кадджыты, ирон адæмы аргъæуттæ æмæ легендæты. Уыдон зындгонд сты ирон адæмы рагфыдæлтæм дæр.

«Алантæм бæрзонд æмвæзадыл уыд мæсыгамады, иумиагæй хъахъхъæнæн  арæзтæдты æрмдæсныйад. Сæ арæзт галуантæ ныртæккæ дæр бæрæг цæуынц Ирыстоны цæгат хайы, афтæ ма Балхъарты зæххыл дæр æмæ суанг Хъырымы дæр, кæцытæ æвдисæг сты дывæр амады æрмдæсныйады бæрзонд æмæ размæцыды культурæйыл», – банысан кодта Мæргъиты Ирбег.

Уый радзырдта, æндæр адæмты мæсыгамадæй ирон адæмы мæсыгамад цæмæй хицæн кæны, уыдæтты тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ирон мæсгуытæ æмæ гæнахты къулты бæзн у 90 сантиметрæй 1,3 метры онг. Цæмæй фидардæр уой, уый тыххæй та-иу амайæн дурты ‘хсæнты æвæрдтой хъæддых пыхсытæ –  гæлæрдзытæ.

Этнограф лæмбынæг радзырдта хъæуты, мыггæгты мæсгуыты, чи сæ самадта, æмæ ныртæккæ цы уавæры сты, æппæт уы-дæтты тыххæй.

ХУССАР ИРЫСТОН КАВКАЗАГ РАГЗАМАНТЫ ЭТНОКУЛЬТУРОН ЗОНÆЙЫ СИСТЕМÆЙЫ

Гаглойты Роберт дæр йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, абоны бон арæх сæвзæры фарст, Кавказы раздæр  чи æрцард, уый тыххæй.

«Æххæстмасштабонæй цæуы искæйы культурæ хи бакæныны процесс. Æз дзурын мæхъæлы прецедентыл йæ дардмæцæуæг фæстиуджытимæ. Æз æнæхъолайыл нымайын мæхъæлы историкты мæнг хъусынгæнинæгты. Уыдон Плиты Иссæйы нымайынц сæхи национ хъайтарыл. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Иссæ у мæхъæлон. Ахæм æдылыдзинадыл хъуыды та куыд акодтой? Æгæрыстæмæй йын Мæхъæлы Республикæйы территорийыл цырт аразынмæ дæр хъавынц», – банысан кодта Гаглойты Роберт.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Знауыр æмæ Дзауы районтæм хъуамæ ацæуой археологон-этнографион экспедицийы.

           ОКОНАЙЫ ТРИПТИХ-УАЗХУЫЗЫ ХЪЫСМÆТ

Йæ рады Джиоты Мурат та радзырдта «Цхинвалы (Оконайы) триптих»-ы хъысмæты тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй музейон практикæйы зындгонд сты æрмæстдæр æртæ уазхуызы, уыдонæй иууыл хуыздæр æвæддæр уыд Цхинвалы уазхуыз, кæцы раздæр, 1924 азы онг уыд Тигъуайы аргъуаны, уый фæстæ йæ рахастой Цхинвалы музеймæ. 1991 азы æндæр экспонаттимæ иумæ уазхуыз фесæфт. 2002 азы æнæн-хъæлæджы Цюрихы аукционы уазхуызы уæй кæнынмæ куы хъавыдысты, уæд æй  Швейцарийы полици æрцахстой, уымæн æмæ уазхуызы чъылдымыл фыст уыд, Хуссар Ирыстоны музейы экспонат кæй у, уый.

Джиоты Мурат куыд банысан кодта, афтæмæй «нæ республикæ бахатыд ЮНЕСКО-мæ, Швейцарийы Фæсарæйнаг хъуыд-дæгты æмæ Юстицийы министрадтæм, фæлæ 2002 азы Хуссар Ирыстон нырма нымад кæй нæ уыд, уый тыххæй уазхуыз лæвары хуызы лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны уæды президент Михаил Саакашвилийæн».

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Женевæйы дискусситы рæстæджы æрвылхатт дæр дзырд фæцæуы ацы фарстыл, домдæуы, цæмæй уазхуыз раздæхтæуа йæ закъонон хицаумæ.

«Мах дарддæр дæр тох кæндзыстæм, цæмæй раздахæм нæ уазхуызы», – банысан кодта Джиоты Мурат.

ИСТОРИОН ЦЫРТДЗÆВÆНТЫ АЛЫВАРС ХЪÆУЫ СХÆРЗАРÆЗТ КÆНЫН

Мадзалы раныхас кодта зындгонд реставратор Дзанайты Слава дæр. Уый дзырдта историон цыртдзæвæнты хъысмæты тыххæй. Сæ консерваци сын банымадта тынг æвзæрыл. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, алыхатт хорз нæ вæййы цырт-дзæвæнты среставраци кæнын дæр.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, цыртдзæвæнты алыварс хæрзарæзт куы æрцæуид, уæд сæм туристтæ дæр цымыдис кæниккой æмæ сæм цæуиккой. Уый хорз ахъаз уаид республикæйы экономикæйы рæзтæн дæр.

Дзанайы фырт лæмбынæг радзырдта Ирыстоны мæсгуыты тыххæй дæр, сæ архитектурæ æмæ сæ сисамады хæдхуызыл. Банысан кодта, кæй хъæуы мæсгуытæ аразын, уыцы нымæцы Æхсины мæсгуытæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Æхсины мæсгуытæ ирон адæммæ сæрыстырдзинадыл нымад уыдысты. Ра-дзырдта,  кувæндæтты цур цы бæлæстæ ис, уыдоны тыххæй дæр, ома, уыдон сты, цалдæр æнусы кæуыл цæуы, ахæмтæ,  кæцыдæртыл дзы цæуы 500 азы. Ис дзы, 1000 азы кæуыл цæуы, ахæм бæлас дæр æмæ сæм, зæгъ, нæ хъæуы æвналын. Уыдон дæр ирон адæммæ нымад цæуынц уаз бæлæстыл æмæ сæ хъæуы бахъахъхъæнын, сæ алыварс сын хъæуы сæхгæнын.

ДÆ ФЫДÆЛТÆ РУХСАГ, ДÆХÆДÆГ МЫН БÆЗЗ

  Гæбæраты Юри куыд радзырдта, афтæмæй «Чъребайы цæрджыты фылдæр хай табу кодтой Сырх дзуарæн. Фæлæ абон уыцы дзуар цы фæцис? Диссаг уый у, æмæ ма Сырх дзуары дуртæй чи баззад, уыдоны æрæмбырд кодтой лæппутæ æмæ сæ иу ран самадтой. 2008 азы хæсты рæстæджы гуырдзиæгты ракетæ ныссагъд Сырх дзуары дурты кæрийы астæу, иу дур дæр дзы нæ бахъыгдард, афтæмæй, фæлæ ракетæ не спырх.   Абон мах дзурæм Ирыстоны  мæсгуыты, аргъуанты, уаз бынæтты тыххæй. Фæлæ абон мах нæхæдæг цы сарæзтам, кæнæ цы аразæм? Абон мах нæхæдæг халæм нæ дзуæртты, фæлæ нын уыдон уæддæр æххуыс кæнынц».

Мадзалы докладтæ бакастысты æндæртæ дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.