РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæхимæ райста Луганскы Адæмон Республикæйы делегацийы, Лугаскы Экономикон рæзты министр Елена Костенко, йæ хæдивæг Светлана Подлипаева æмæ Луганскы Базарадон-сæудæджерадон палатæйы Президент Анатоли Чехы скондæй, кæцытæ республикæмæ æрцыдысты кусæгон балцы.

Фембæлды хайад райстой РХИ –йы Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, йæ хæдивæг Козаты Роин æмæ РХИ-йы Базарадон – сæудæджерадон палатæйы президент Æлборты Алан. Фембæлды рæстæджы дзырд цыд дыууæ республикæйы ‘хсæн базарадон бастдзинæдтæ æмæ экономикон æмгуыстад рæзын кæныны фадæттыл.

Пухаты Эрик уазджытæн æгасцуай зæгъыны фæстæ банысан кодта нæ бæстæты историон хъысмæтты æнгæсдзинад.

«Махæн кæдфæндыдæр æхсызгон у æфсымæрон Луганскæй уазджыты æрцыд  Хуссар Ирыстоны зæххмæ. Кæрæдзийы бæстæйы хæдбардзинады банымад ноджыдæр гом кæны нæ республикæты ‘хсæн ахастытæ рæзын кæныны уæрæх ног фадæттæ.

Æндæр приоритеттæй уæлдай нæ фæнд у, продукттæ уадзыны хъуыддаг йæ къахыл слæууын кæнын. Уый тыххæй нæ хъæуы æууæнкджын партнертæ. Ныфс мæ ис, æмæ бирæ фадгуыты кæй ссардзыстæм иумиаг фадæттæ. Сæйраг у уый, цæмæй нæ бадзырдтæ æрмæст гæххæттыл ма баззайой, фæлæ биноныг æрцæуой царды», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Сæ фысымты хъæрмуддзинады тыххæй зæрдæбын арфæтæ ракодта Елена Костенко дæр æмæ радзырдта Луганскы бæстæйы экономикон хъомысы тыххæй, афтæ ма Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстады фæндæттыл.

«Луганскы Адæмон Республикæйы сæудæджерад æнтысджын у. Хуссар Ирыстонимæ нæ фыццаг иумиаг къахдзæфтæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ,  сты дарддæры æмгуыстады тыххæй сразыдзинæдтæ бакусынæн бындур бацæттæ кæнын»,- дзырдта Костенко.

Йæ рады Кокойты  Геннади та банысан кодта, Луганскы бæстæимæ ахастытæ разын кæнынæн фадæттæ кæй ис ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнын, бæрзонд технологитæ æмæ банджы фадгуыты.

Фембæлды ма банысанчындæуыд, Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Базарадон-сæудæджерадон палатæты æхсæн бафыст кæй æрцæудзæн сразыдзинад. Кокойты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ «уый экономикон æмгуыстадæн байгом кæндзæн ног фадæттæ».

 РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.