АЛКÆМÆН ДÆР ИС  ЙÆХИ ПУШКИН

 

Ахæм хъуыдыимæ знон Цхинвалы, номдзыд уырыссаг поэт А.С. Пушкины цырты размæ æрæмбырд сты республи-кæйы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, ахуырдзау фæсивæд, сфæлдыстадон æмæ зонадон интеллигенцийы, Хицауады æмæ «Россотрудничествойы» минæвæрттæ. Ардæм æрбацыдысты Республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны УФ-йы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, РХИ-йы УФ-йы минæварады дыккаг нымæрдар Андрей Ялыгин. Мадзал амыдта дыккаг астæуккаг скъолайы диреткор Ольга Михайлиди.

Куыд зонæм, афтæмæй 6 июны А. С. Пушкины райгуырæн бон  нысан кæнынц уырыссаг æвзаджы бон.

Райдианы ныхасы бар лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы сæрдар Тедеты Залинæйæн. Уый дзырдта, зæгъгæ, уырыссаг æмæ ирон æвзæгтæн иугъуызон кæй аргъ кæнæм, уый ахъаз кæны хуссарирыстойнаг адæмы æмæ сæ культурæйы бахъахъæнынæн.

Уый фæстæ раныхас кодта Республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. Уый йæ хъуыды райдыта Пушкины æмдзæвгæйæ «Мне вас не жаль…», æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый уырыссаг нæ, фæлæ æппæтдунеон поэт у. Бирæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загъта Гасситы Натали поэты сфæлдыстад, стæй йын йæ царды цы стыр нысаниуæг дæтты, уый тыхæй.

Уæрæсейы минæварады минæвар А.В Ялыгин дæр йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæм иттæг хорз зонынц уырыссаг æвзаг, æмæ сын уый ахъаз у дунейы уырыссаг æхсæнады уæнг уæвынæн. Уый дæр бакаст Пушкины æмдзæвгæтæй иу «Люблю тебя, Петра творенье».

Республикæйы Президент Бибылты Анатоли ныхасы рацæугæйæ, бæрæгбонон арфæтæ ракодтæ æрбацæуæг адæмæн. Уый загъта, зæгъгæ, уырыссаг æвзагæн стыр нысаниуæг ис ирон адæмы царды. Нæ фæсивæд уырыссаг æвзаг зоныны фæрцы райсынц уæлдæр ахуырад республикæйæн æддейæ. Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй махæн ахсджиаг у, цæмæй уырыссаг æвзаг зонæм уæлæнгай нæ, фæлæ бындуронæй, уымæн æмæ уый ахъаз у ирон æвзаджы рæзтæн дæр. Уыцы къабазы Уæрæсейы æххуысы фæрцы арæзт æрцыдысты ирон æвзаджы рæзтæн ахъазгæнæг программæтæ дæр. Уырыссаг æвзаг æмæ культурæ та ахсджиаг сты канд Уæрæсейы æмæ æввахс фæсарæнты нæ, фæлæ дард фæсарæнты дæр. Ныртæккæ уырыссаг классикæйы æвæрд хъуыдытæй пайда кæнынц политикæйы къабазы дæр. Уымæн цæвиттон у Францы президент Макрон. Уый арæх æрхæссы цæвиттонтæ Лев Толстой æмæ æндæр зындгонд уырыссаг классикты уацмыстæй. Президент банысан кодта, зæгъгæ, махæй алкæмæн дæр ис йæхи Пушкин, алчи дæр æй æмбары æмæ уарзы йæхирдыгонау. Уый фæстæ уый бакаст «Евгений Онегин»-æй скъуыддзаг – Татьянæйы фыстæг Онегинмæ.

Мадзалы ахсджиаг хай сси 2-аг астæуккаг скъолайы ахуырдзауты ралæуд. Уыдон сарæзтой чысыл балц, Хъырымы Пушкин кæмыты уыд, æмæ тынг цы бынæтты бауарзта, уыдонмæ. Уыцы ран гениалон поэт арвыста æртæ къуырийы бæрц æмæ дзы сфæлдыста бирæ диссаджы уацмыстæ. Пушкин йæхæдæг куыд фыста, афтæмæй ацы ран уыд йæ гуырæн Онегинæн дæр. Уымæй дарддæр ма уым йæ зæрдæйы райгуырд поэмæ «Бахчесарайы фонтан» дæр. Равдысты хайадисджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй уыцы фонтанæн уыд иттæг зæрдæмæхъаргæ истори æмæ баст уыд  уарзт æмæ фыдæхимæ. Уыцы фонтаны æнæхъæн дуне дæр базыдтой гениалон поэты æнæмæлгæ уацмысы фæрцы.

Уый фæстæ дыккаг астæуккаг скъолайы директор Ольга Михайлиди скъолайы ахуырдзаутæй сæ иуимæ гитарæйыл цæгъдгæйæ сæххæст кодтой Пушкины æмдзæвгæ «Погасло дневное светило»-мæ гæсгæ фыст зарæг .

Иумæйагæй сисгæйæ, мадзал уыд  тынг æхцон æмæ лирикон тæвагæй дзаг. Зæрдæ дзы ардта æнцой, иппæрд кодта царды тыхстдзинадæй. Хайад дзы чи иста, уыдон цæсгæмттыл зынди уæлтæмæны нысан. Хорз уаид, ацы аив æнкъарæнтæй хайджын куы уыдаиккой фылдæр адæм. Чизоны æмæ сын ахъаз уыдаид царды æмæ сфæлдыстадон цин банкъарынæн.

Кæронбæттæны, генилаон поэты сфæлдыстадæн табугæнджытæ дидинтæ сæвæрдтой йæ цыртыл.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.