Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æххуыс кæнын кæмæн хъæуы, уыдонæй бирæтæ бахатынц хæрзаудæн фонд “Аланийы иудзинад”-мæ. Йæ бындурæвæрæг РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ацы бонты нæ горæты бабæрæг кодта цалдæр ахæм бинонты.

Сæйраджыдæр, паддзахады сæргълæууæг йæ хъус æрдардта Гаглойты Миленæйы ныййарджыты куырдиатмæ. Сывæллон тох кæны субарахноидалон тугдзыды фæстиуджытимæ ныхмæ. Улæфæн органты низ кæй фæтыхджындæр ис, уымæ гæсгæ сывæллон туаггуыр исы специалон медицинон ифтонгады фæрцы. Цæмæй йæ рынчындонæй рафыстаиккой æмæ йæ хæдзары дарддæр хос кодтаид, уый тыххæй Гаглойты Миланæйы хъуыд туаггуыры зынаргъ концентратор балхæнын. Æмæ абон Гаглойты бинонтæ  Президенты къухæй райстой, рагæй цы медицинон ифтонгадмæ æнхъæлмæ кастысты, уый.

Бибылты Анатоли ма бабæрæг кодта иууæндæсаздзыд Тедеты Марианнæйы бинонты. Уый гуырцæй рынчын у сывæллæтты церебралон æндзыгнизæй. Сывæллоны мад Гуылдаты Аленæ бахатыд паддзахады сæргълæууæгмæ, цæмæй йын ног инвалидон коляскæ балхæнынæн баххуыс кæна, уымæн æмæ сæ коляскæ, бирæ азты дæргъы дзы пайда кæныны фæстæ,  нал бæззы.

“Бузныг дын ахæм лæвары тыххæй. Хуыцау дын бирæ æнæниздзинад раттæд”,- загъта бузныджы ныхæстæ Президентæн Гулдаты Аленæ.

Тедеты бинонты йеддæмæ  ма инвалидон коляскæтæ райстой Кокойты, Бестауты æмæ Салбиты бинонтæ.

Банысан кæнын хъæуы, хæрзаудæн фонд “Аланийы Иудзинад”-йы иунæг бындурæвæрæг кæй у Бибылты Анатоли куыд хицæн гоймаг. Фонды сæйраг æфтиæгтæ сты у фонд саразæджы фиддонтæ, хæрзаудæн фиддонтæ, гранттæ æмæ бархионты куыст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.