Ирон адæм цалынмæ сæ истори, се ‘гъдæуттæ æмæ традицитæ нымайой, сæ хорз лæгты ном сæнусон кæныныл архайой, уæдмæ сын фесæфынæй тас нæу. Йæ мыггаджы мæсгуытæ æмæ кувæндæттæ рестовраци кæныныл чи  архайы, сæ зынгæ адæймæгты ном сæнусон кæныныл чи тыхсы, ахæм мыггæгтæ Ирыстоны дзæвгар ис. Арфæйаг хъуыддæгтæ аразынц æмæ сыл Хуыцауы арфæ сæмбæлæд.

   Ахæм хорз хъæппæрис бафæзмыдтой Фæрниатæ дæр. 11-æм сентябры сæ мыггаджы кадджын фырттæй иу, Фæрнион Къостайæн, кæм цард, уым, Дзæуджыхъæуы, Никитины уынджы 3-æм хæдзары къулыл, байгом  номарæн мемориалон фæйнæг.

   Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты администрацийы кусджытæ, фысджытæ, студенттæ, скъоладзаутæ æмæ мыггаджы минæвæрттæ. Байгом æй кодта мыггаджы советы сæрдар Фæрниаты Витали æмæ мадзалы архай-джытæн зæрдæбын арфæ ракодта.

  – Абон нæ мыггагыл, стæй Ирыстоныл æрцыд æхсызгон цау. Нæ курдиатджын æдзард æфсымæр, Ирыстоны аккаг фырт Фæрнион Къостайæн байгом мемориалон фæйнæг. Йæ цард уыд хæрзцыбыр фæлæ ирд, кæцы йæ тæккæ тыхыл аскъуыд. Совет аразы æппæт дæр, цæмæй кæстæр фæлтæр зоной чи уыди Къоста. Æрæджы йын рауагътам йæ уацмысты æмбырдгонд дыууæ чиныгæй — иронау æмæ уырыссагау. Ирон тексттæ уырыссагмæ ратæлмац кодта Фæрниаты Дзибушы фырт Сулейман. Уый ма архивты ссардта бирæ æрмæджытæ Фæрнионы тыххæй. Ныр та нæ зæрды ис йæ чингуытæ йын стырдæр тиражæй рауадзын. Хъыгагæн, куы йæ фесæфтой, уæд йæ къухфыстытæн фесæфт сæ фылдæр, уыимæ романы иу хай,  æрхæццæ ма дзы абон кæй зонæм, уыцы чысыл муртæ.

   Карз уыд йæ ныхас фыссæг Гусалты Барисæн:

  – Цæмæн дзурæм афтæ æмæ уыцы тугуарæн азты ирон адæм кæрæдзи нымыгътой? Ахæмтæ уыд иннæ адæмтæм дæр. Цард афтæ схæццæ æмæ алчидæр йæхи уд аирвæзын кæныны тыххæй сæфта иннæйы æмæ йын-иу фылдæр хатт дзырдхæссæгæн йæхи дæр агæрах кодтой. Ничиуал никæуыл ауæрста. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ кæйдæр æрбадавæггаг ныхæстæм чи хъуыста æмæ сæ чи æххæст кодта? Ахæм ардауджытæ ныр дæр бирæ разынид, фæлæ сæм чи хъусы? Уæдæмæ уыцы системæ уæлейæ куынæ цыдаид, уæд уыдæттæм йæ ныфс ничи хастаид.

   Барис ма радзырдта Фæрнион æмæ Дзесты Куыдзæгы тыххæй цымыдисаг цаутæ. Уыдон ахсты уыдысты иу рæстæг æндæр æмæ æндæр хатæнты æмæ-иу къулы хуынчъытæй кæрæдзиимæ ныхас кодтой. Куыдзæг Фæрнионы хуыдта сусæг номæй – КЪОФ, зæгъгæ. Ома, Къоста Фæрниаты, уый та Куыдзæгмæ сидтис ДЗЕКæй, ома, Дзесты Куыдзæг.

   Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ма бирæ цымыдисаг цаутæ радзырдтой Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн, фысджытæ Цгъойты Хазби, Цомартаты Изæтбег, Къадзаты Станислав, Тъехты Тамерлан æмæ журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Уаниты – Хетæгкаты Оксана. Се ‘ппæтæн дæр сæ ныхас сæйрагдæр зæдæхт  уыд, Фæрниатæ цы хорз хъуыддаг сарæзтой, уымæ æмæ сын арфæ кодтой.

   Уый фæстæ æмбæрзæн байгом кодтой Агънаты Гæстæн æмæ Фæрниаты Сулейман æмæ адæм федтой, скульптор Кцойты Азæмæт кæй скодта, уыцы аив мемориалон къæй.

   Æнамонд дуджы райгуырд Фæрнион. Нæ йæ бауагътой цæрын, фæлдисын… Диссаг уый у æмæ æрыгон кары, 24 аздзыдæй роман ныффыссай. Зæгъæн ис æмæ ирон романæн бындур сæвæрдта Фæрнион æмæ йын фыссæджы ном дæр радта «Уады уынæр». Уымæн æмæ йæ поэзи фыст у уæды домæнтæм гæсгæ æмæ дзы йæ курдиат æххæстæй нæ бауæндыд райхалын.

   Уый уыд ирон поэзийы ног фæлтæры раздзогтæй. Куыд царды, афтæ поэзийы дæр Фæрнионы курдиат арæзт уыд ногдзинад агурын æмæ арынмæ. Уæды рæстæджы домæнтæ, ома, пролетарон фыссæг уæвын, разæнгардæй æххæст кодта æрыгон фыссæг дæр. Уымæн та йæ нысан уыд Лениныл, партийыл, колхозтыл, дидинкалгæ цардыл зарын. Фæлæ сæм уæддæр алы къухбакæнæнтæ агуырд-той, сæ ныхæстæ сын сасирæй луæрстой æмæ-иу сæ бынтон ницæйы тыххæй дæр фесæфтой.

   Абон дæр бынтон бæлвырд нæу Фæрнионы цæй тыххæй фесæфтой, уый. Райдианы йын стæрхон кодтой авд азы ахæстоны фæбадын. Йæ мæгуыр фыд Солти ма бирæ фæрахау-бахау кодта йæ фырты хъуыддæгты фæдыл, фæлæ йын йæ бон ницыуал бацис. Фæстæдæр ын йæ ахæстоны тæрхон баивтой марынæй æмæ йæ 1937 азы 29 аздзыдæй фехстой. Йæ къубал аскъуыдтой суинаг курдиатæн…

                                                   ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.