Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта УФ-йы Æдасдзинады Советы Сæрдары хæдивæг Дмитри Медведевæн йæ райгуырдыл 55 азы сæххæсты цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Дмитри Анатолийы фырт!

Арфæ дын кæнын дæ райгуырдыл 55 азы сæххæсты цытæн. Уый у диссаджы юбилей, кæцы нысан кæны куыд къухыбафтгæ æнтыстытæ, афтæ царды фæндаджы  уæрæх перспективæтæ гом кæнын.

Дæ номимæ Хуссар Ирыстоны адæмы хъуыдыкæнынад  баст у Уæрæсе  2008 азы Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны къахдзæфтæ, кæцы аирвæрзын кодта бирæ мин адæмы цард. 2008 азы 26 августы «Респбликæ Хуссар Ирыстоны банымайыны тыххæй» ды цы Барамындыл æрфыстай дæ къух, уый нæ адæмы царды ссис æцæг хъысмæтон, республикæйы царды райдиан æрæвæрдта ног эпохæйæн. Стыр бузныг дын, Дмитри Анатолийы фырт, Хуссар Ирыстонæн ды цы æххуыс бакодтай, уый тыххæй.

Фидарæй мæ уырны, дæ паддзахадон архайды фæлтæрддзинад, кæцы дывæр у хорз æмбæстагон æмæ адæймагон миниуджытæй дæргъы, ныфс нæ ис демæ бирæ азты дæргъы æмархайдæй  нæ бæстæты хæрзиуæгæн. Хуссар Ирыстоны адæмы номæй дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги æмæ дæ куысты бирæ ног æнтыстытæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.