Хуссар Ирыстоны Ирвæзынгæнæджы бон, куыд Уæрæсейы афтæ, нысан кæнынц 27 декабры.

2008 азы трагикон цауты фæстæ райгуырд бынæттон ирвæзынгæнæн службæ саразыны идейæ. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад саразыны хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахаста, уæды Уæрæсейы министр Сергей Шойгу æмæ УФ-йы Уæлвæткон уавæрты манистрады Цæгат Кавказы регионалон хайад. Штатон структурæ сарæзтой æмæ афтæмæй этапгай «райгуырдис» ног ведомствæ.

Уæдæй фæстæмæ сæ цард æмæ æнæниздзинад нывонд кæнгæйæ ирвæзынгæнджытæ æххуыс кæнынц адæмæн.

Сæ иу у Харебаты Гарик. Сывæллонæй дæр ирвæзынгæнæг суæвынмæ бæллыд æмæ къахдзæфгай цыд йæ нысанмæ. Скъоладзауæй дæр-иу кæддæриддæр цæттæ уыдис æххуысмæ æрцæуынмæ.

Æндæр куыст равзарын дæ йæ куы бафарстон, уæд мидбылхудгæйæ загъта:

Ирвæзынгæнæджы куыст у мæ цард. Афтæ ис зæгъæн, æмæ професси мæ йæхæдæг равзæрста. Мæ куысты сæйраг нысан — адæмæн æххуыс кæнын, зын сахат сæ фарсмæ балæууын, уыимæ фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæнын. Уымæн æмæ уый нымайын мæ сæйраг хæсылæнæнхъæлæджы уавæры бахауæг адæймагæн афойнадыл баххуыс кæнын. Раст куы зæгъон, уæд æй æмбаргæ дæр нæ кæнын, куыд уыдаид мæ цард æнæ мæ куыстæй. Уæвгæ, уый æрмæст мæ куыст нæу. Ме ’мкусджытимæ стæм иу бинонтау. Æртындæс азы семæ кусын æмæ не ’хсæн кæрæдзи æнæмбарындзинад никуы уыдис.

— Дæ хъуыдымæ гæсгæ цахæм хъуамæ уа ирвæзынгæнæг?

— Фыццаджыдæр уал хуымæтæг, иугъæдон адæймаг. Ацы дæсныйад у ахæм, кæцыйы фæрцы нæ бон у ирвæзын кæнын адæймаджы кæнæ цæрæгойтæ, сырдтæ ирвæзын кæныны хъуыддагыл. Уый у стыр хæрзиуæг. Ирвæзынгæнæг хъуыды дæр нæ акæны, афтæмæй æрбалæууы бахъуыды сахаты фыдбылыз куы ’рцæуы, уæд.

Ирвæзынгæнджытæ хъуамæ иууылдæр цæттæ уой экстремалон уавæртæм, физикон æгъдауæй та хъæддых. Уымæ гæсгæ нæ хицауад дары йæ цæст. Ныртæккæ зынгсирвæзты æдасдзинад, æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварс кæнынмæ цы тыхтæ здæхт ис, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, раздæримæ абаргæйæ дзæвгар тыхджындæр сты.

Оперативонæй куы архайай, уæд минималон вæййынц удгоймæгты, афтæ ма экологон æмæ материалон зиæнттæ. Бæргæ, уæззау цаутæ куы нæ уаид, фæлæ…

— Цал ирвæзынгæнæджы ис уæ хайады?

— Хуыцауы фæрцы стæм дзæвгар. Иумæ та — æнусон гæнахæй фидардæр.

Отряды сконды нæм ис 32 адæймаджы. Кусы нæм 4 хайады æмæ 4 сменæйы. Уыдон сæ фылдæр сты ирвæзынгæнджытæ. Ис нæм инженерон-саперон сгарджыты специалон хайад, ис нæм дæлдондзогтæ (водолаз), альпинисттæ æмæ шофыртæ. Уыдон иууылдæр рацыдысты стажировкæ. Хæххон ирвæзынгæнджытæ сæ дæсныйад фæхуыздæр кæныны тыххæй ахуыр кодтой Сочийы, кинологтæ — Мæскуыйы, Цæгат Кавказы, Цæгат Ирыстоны, дæлдондзогтæ — Байкалы æмæ Туапсейы. Уыцы ахуыртæн алы ран дæр уыдис хорз фæстиуджытæ. Нæ зынгхуыссынгæнæг æмæ ирвæзынгæнæг хайы дæлхæйттæ Цæгат Кавказы нымад сты хуыздæртæй сæ иуыл.

Министрады ’рдыгæй оперативон хъусдард ис æмбæстæгты сидтытæм æмæ кӕцыфæнды цаутæм. Зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджыты æмбаргæ архайды руаджы, рæстæгыл иуварсгонд æрцæуынц тынг бирæ тӕссаг уавӕртӕ. Кусджыты профессионализм фæбæрзонддæр кæнынæн вæййы ахуыртæ. Æрвылаз та дæттынц нормативтæ.

Телефоны дзæнгæрæг. Диспетчер фæнысан кодта хъæугæ информаци. Рацийы руаджы йæ фæхæццæ кодта ирвæзынгæнджытæм. Телефоны дзæнгæрæгæй фæдисы тахт акæныны æхсæн рацыдис иу минут.

Зын уавæры чи нæ фæтæрсы, бахъуаджы рæстæг цырд чи фæлæууы, æмæ ма адæймаджы мæлæтæй чи аирвæзын кæны, ахæм сахъгуырдтæй фæзæгъынц — хъайтар, зæгъгæ. Уый у ирвæзынгæнæджы сыгъдæг удыхъæд æмæ æхсары æвдисæн.

Æхсæвæй-бонæй адæмæн баххуыс кæнынмæ æрбацæуынмæ цæттæ чи у, уыцы хъæбатыр кусджытæн зæгъæм бузныг, се ‘хсардзинад æмæ цæсгомджын службæйы тыххæй Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн. Гарик, дæуæн та — бинонты фæрныгад, амондджын æмæ зæрдæрухс цард.

Дриаты Лейла