2004 азы 1-æм сентябрь цæрæнбонтæм баззад Ирыстоны, æппæт дунейы историйы. Уæд Беслæны 1-æм скъолайы цы æбуалгъы теракт æрцыд, ахæм дунейы никæцы бæстæйы  ма уыд. Абон нæ ныхас у, скъолайы спортзалы æртæ боны чи арвыста, уыцы амынæттæй сæ иуы  дарддæры хъысмæты тыххæй. Уыцы рæстæджы 9-аздзыд лæппуйы тарст æмæ æнкъард цæстытæ абоны онг дæр мæ цæстыты раз лæууынц. Бирæ хæттыты цымыдис кодтон ацы амынæты дарддæры хъысмæт базонынмæ æмæ…  Æрæджы Мæскуыйы Бакулевы номыл зæрдæ-дадзинты центры директор, зынгæ кардиохирург Лео Бокерияйыл 80 азы сæххæсты цытæн ист документалон фильмы, хайад райста Бокерияйы ординатор, ирыстойнаг æвзонг кардиохирург Кодзырты Зауыр.

…2004 азы 1-æм сентябры Кодзырты Зауыр скъоламæ ацыд иунæгæй, скъола йæ хæдзармæ хæрзæввахс кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ ныййарджыты йемæ нал рауагъта. Йæ мад Жаннæ куы фехъуыста, скъолайы террористтæ кæй бацахстой, уыцы хабар, уæд йæхицæн бынат нал ардта. Куыд иннæ амынæтты ныййарджытæ æмæ хиуæттæ, афтæ Жаннæ æмæ йæ цардæмбал Теймураз дæр дыууæ суткæ æмæ æрдæг арвыстой Беслæны Культу-рæйы хæдзары цур. Æхсын куы райдыдтой, уæд иууылдæр алыгъдысты скъоламæ, уыдоны нымæцы Теймураз дæр. Уый фыртыхыстæй ралидз-балидз кодта, агуырдта йæ фырты æмæ йæм хъæр кодта: «Зауыр, Зауыр!». Фæлæ йæ скъолайы не ссардта. Дыууæ цардæмбалы, чысыл ма бахъæуа, фесафой сæ зонд сæ фырдиссаг æмæ мæтæй. Фæлæ сæм уалынмæ фæдзырдтой Дзæуджыхъæуæй, зæгъгæ, уæ фырт ис рынчындоны æмæ тагъд хæц-цæ кæнут уырдæм. Фæстæдæр куыд базыдтой, афтæмæй лæппуйы судзгæ спортзалæй рахастой æнæзонгæ адæй-мæгтæ æмæ йæ машинæйыл арвыстой Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ. Зауыр йæхæдæг нæ хъуыды кæны, уыцы æнæхайыры спортзалæй куыд раирвæзт, уый. «Фыццаг срæмыгъд куы айхъуыст, уæд бандиттæ райдыдтой хъæр кæнын «сыс-тут!», сыстут!», фæлæ мæм тынг фынæй цыд æмæ бафынæй дæн», – загъта лæппу. Æрмæст хъуыды кæны рынчындоны йе ‘муд куыд æрцыд, уыцы хабæрттæ.

Иу бакастæй Зауыры буарыл ницы уадиссаг цæфтæ æмæ  сыгъдтытæ  уыд, æрмæст йæ риуыл уыд иу цъæррæмыхст, кæцыйæ лæппу нæ хъаст кодта. Фæлæ йын уæддæр сарæзтой рентген æмæ федтой, нæмыг йæ зæрдæйы кæй ныффидар, уый. Сывæллон кæд йæхи æвзæр нæ хатыд, уæддæр æй арвыстой Мæскуыйы сывæллæтты Уæрæсейаг клиникæмæ.  10-æм сентябры йæ уавæр цæхгæр февзæрдæр, райдыдта риссын йæ цъæррæмыхсты бынат.  Уæд Сывæллæтты уæрæсейаг клиникæйы сæйраг дохтыр, профессор Николай Ваганов æвæстиатæй фæдзырдта  Бакулевы номыл зæрдæ-дадзинты хирургийы зонадон центрмæ. Уым сын загътой, зæгъгæ, йæ æрласут æвæстиатæй. Уыцы бон изæрæй Бакулевы центры директор, академик Лео Бокерия йæ кусджыты стыр къордимæ хъуамæ атахтаид Лейпцигы уагъдцæуæг кардиохирургты Европæйаг конгрессмæ. Фæлæ уый йæ балц аргъæвта æмæ йын изæры 9 сахатыл райдыдта операци кæнын, кæцы цыд фондз сахаты. Куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ лæппуйы зæрдæйы нæмыг нæ ныфидар, фæлæ нæмыджы схъис, кæцыйæн йæ дæргъ уыд дыууæ сантиметры æмæ йæ уæрх та иу сантиметр æмæ æрдæг. Схъис иу æрдыгæй уыд сæрдасæнау цыргъ.

Зауырæн операци сарæзта Бокерия йæхæдæг: «Бакодтон лæппуйы зæрдæ. Нæмыджы схъис кæм хъуамæ уыдаид, уым нæ разынд. Абоны онг дæр нымайын афтæ æмæ нын баххуыс кодта Стыр Хуыцау. Мæхæдæг дæр æй нæ зонын, цы мын райсын кодта чысыл къухты сæрфæн  æмæ йын йæ зæрдæйыл куыд схæцыдтæн, уый. Æмæ диссаг, зæрдæйы галиу рæбынæй рахаудта нæмыджы схъис». Нæмыджы схъис, æвæццæгæн, уыд тынг тæвд æмæ ахызт перикардыл æмæ зæрдæйы хæдон ахуынкъ кодта. Схъис æххæстæй алыг кодта, æртæхуынкъон клапан кæй хонынц, уый. Нæмыджы схъис тынг тæвд кæй уыд, уымæ гæсгæ, уыцы бынаты туг афыхт, йæ алыварс сырæзт тромб æмæ схъис йæ тых фесæфта. Нæмыджы схъис кæд æгæр стыр уыд сывæллоны зæрдæйæн, уæддæр операци ацыд æнтыстджынæй,  ныхсадтой лæппуйы зæрдæ æмæ сæндидзын кодтой зæрдæйы клапаны куыст. Операци æнтыстджынæй кæй ацыд, уымæ гæсгæ йын æвзæр фæстиуджытæй дæр тас  нал уыд.  Нæдæр Бокерия, æмæ нæдæр центры иннæ дохтыртæ сæ практикæйы ахæм цауыл никуы сæмбæлдысты. Лейпцигы конгрессмæ Бокерия æрцыд бафæстиатимæ, æмæ сын куы бамбарын кодта йæ аххосаг, уæд дисы бахаудысты æмæ дзы куырдтой, цæмæй сын æрæрвыстаид операцийы видеофыст æмæ æндæр æрмæджытæ, уникалон цау сахуыр кæныны тыххæй.

Рынчындоны хуысгæйæ, Зауырмæ арæх цыдысты журналисттæ æмæ-иу æй куы бафарстой, зæгъгæ, сомбоны цæмæй кусдзынæ, уæд-иу сын сдзуапп кодта, зæгъгæ, мæ фыдау кусдзынæн милиционерæй, цæмæй бандитты æмæ террористты ахсон… Фæлæ йын Мæскуыйы Бакулевы центры йæ зæрдæйæ нæмыджы схъис куы систой, уый фæстæ чысыл лæппу фæивта йæ хъуыды æмæ 8-æм къласы ахуыр кæнгæйæ, фидарæй аскъуыддзаг кодта, сомбоны йæ ирвæзынгæнæджы хуызæн иттæг хорз кардиохирург кæй суыдзæн. «Ацы лæппу райгуырд хæдоны», – дзырдта операцийы фæстæ Бокерия. 2004 азы 10-æм сентябрь ссис Кодзыры фырты дыккаг райгуырæн бон. Уæдæй нырмæ рацыд 15 азы. Ныр усгур, 25-аздзыд лæппу у Зауыр.

Куыд рауад йæ хъысмæт раздæры амынæтæн. Беслæны 8-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Дзæуджыхъæуы паддзахадон медицинон академимæ. Академийы ахуыр кæныны рæстæджы, цæмæй йæ фæнд сæххæст кодтаид, уый тыххæй арвыста бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ йæ хæслæвæрдтæ ахуыр кæнгæйæ æмæ йæ къухты æфтыд хорз æнтыстытæ. Йæ мад Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ-иу ыл бирæ хатт сбон йæ лекцитæ ахуыр кæнгæйæ, бирæ хатт та-иу бафынæй йæ чиныг йæ къухы, афтæмæй.

Ацы бонты телефоны ныхас кодтон Кодзырты Зауыримæ.  Уый Ногазон арфæтæ ракодта Хуссар Ирыстоны, æмткæй Ирыстоны адæмæн. Кодзыры фырт æгæрон бузныг у йæ ирвæзынгæнæгæй. Банысан кодта, зæгъгæ, йын операци куы сарæзта, уæдæй фæстæмæ сын бастдзинад уыд æппынæдзух. Бæрæгбонты, гуырæнбонты сæраппонд кæрæдзимæ æрвыстой арфæйы телтæ.  Телефоны ныхас кæнгæйæ нын Зауыр загъта: «Мæ зæрдæйы цахæм нæмыджы схъис уыд, ахæмимæ сæрæгасæй баззайыны фæстæ, æрмæстдæр хъуамæ суыдаин кардиохирург æмæ мæ фæнд сæххæст. Ныр дыккаг аз ординатурæ цæуын Бакулевы номыл зæрдæ-дадзинты центры мæ ирвæзынгæнæг Лео Бокериямæ. Ординатурæ каст фæуыдзынæн 2020 азы сæрды. Уый фæстæ фæнд кæнын, æнæмæнгæй, аспирантурæмæ бацæуын æмæ кандидатон диссертаци бахъахъхъæнын. Уый фæстæ та – бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы… Цæрæнбонты дæр никуы ферох кæндзынæн мæ ирвæзынгæнæджы лæггæдты тыххæй. Уый мын æрмæст дыккаг цард нæ балæвар кодта, фæлæ мын æххуыс кæны иттæг хорз кардиохирург суæвыны тыххæй, рæдауæй мын амоны йæ бирæ зонындзинæдтæ. Кæд мæхæдæг нырма иунæгæй операци нæ сарæзтон, уæддæр къуырийы дæргъы дыууæ-æртæ хатты Бокерияйы операциты рæстæджы вæййын йæ ассистент æмæ афтæмæй мæ зонындзинæдтæ бонæй-бон фылдæр кæнынц. Æппæлынмæ мын æй ма айсут, фæлæ æз дæн зынгæ кардиохирургы рахис æмæ галиу къух дæр. Ис мын æндыгъд график. Æгæрыстæмæй,  Ног азы бæрæгбонты дæр мæ бон не ссис мæ ныййарджытæм Беслæнмæ ацæуын æмæ Ног азыл иумæ сæмбæлын», – радзырдта нын ординатор Кодзырты Зауыр. Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Бокерия ирæттæм дары хорз ахаст, уымæн æмæ йæ хъæбулы хъæбултæ сты ирæттæ, йе сиахс у Хуыгатæй. Уый дæр у дохтыр.

 Зауыры зæрдæйæ цы нæмыджы схъис систой, уый уæдæй фæстæмæ æвæрд у Бакулевы центры музейы. Бокерияйыл цы фильм сарæзтой, уым телекæсджытæн равдыстой Кодзырты Зауыр æмæ Лео Бокерия Бакулевы центры музеймæ куыд бацыдысты, уый, цыран æвзонг дохтыр-кардиохирург фыццаг хатт федта, йæ зæрдæйæ йын цы нæмыджы схъис систой, уый. Рауад афтæ, æмæ, цыма, хъысмæты иронимæ гæсгæ лæппу Бакулевы номыл центрмæ уый тыххæй бахауд, цæмæй фæстæдæр суыдаид йæ ординатор æмæ сомбоны та суа зынгæ кардиохирург.

Кæд лæгæй-лæгмæ нæ амбæлдтæн Зауыримæ, уæддæр телефоны ныхас кæнгæйæ дæр фæхатыдтæн, лæппу кæй у тынг хæларзæрдæ æмæ уыцы иу-рæстæджы тынг фæндвидар удыхъæды хицау. Зыны йыл, йæ равзæрст фæндагыл кæронмæ кæй ацæудзæн, уый. Хуыцау зæгъæд, æмæ нæм æввахс рæстæджы  Зауыры стыр æнтыстыты тыххæй хорз хбæрттæ цы æрыхъуысой Мæскуыйæ. Уырны нæ,   сомбоны æнæхъæн дунейæн зындгонд чи уа, ахæм кардиохирург кæй суыдзæн,  æмæ тыхст уавæры бахауæг зæрдæнизджынты цард кæй ирвæзын кæндзæн, уый.  Зауыр, дæ царды зындзинæдтыл макуы уал сæмбæл. Арфæ дын кæнæм Ног азы бæрæгбонты цытæн!  2020 аз дын æрхæссæд ноджы стырдæр æнтыстытæ.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.