2022 азы не ’хсæнæй фæхъуыдысты зынгæ адæймæгтæ:

2022 азы сентябры мæйы 76-аздзыдæй цардæй ахицæн хуссарирыстойнаг паддзахадон архайæг Цоциты Алан Резойы фырт. Историон зонæдты доктор, зонадон куыстыты автор. 1980-90 азты лæууыд æхсæнадон организаци «Адæмон ныхас»-ы сæргълæууæг, Хуссар Ирыстоны паддзахады бындурæвæрджы-тæй сæ иу.

***

Зынгæ ирон поэт, публицист æмæ тæлмацгæнæг, журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор, Къостайы номыл 2014 азы æмæ национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат, РХИ-йы Кады ордены кавалер Хъодалаты Герсан.

***

2022 азы июны мæйы цардæй ахицæн курдиатджын актер æмæ режиссер, РХИ-йы адæмон артист Харебаты Федор. Уый цы ролтæ сæххæст кодта, уыдон баз-задысты адæмы зæрдæты.

***

2022 азы сентябры мæйы 59-аздзыдæй, йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ цардæй ахицæн РХИ-йы адæмон артист, Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт артист Наниты Витали. Нанийы фырты адæм бахъуыды кæндзысты, куыд курдиатджын артист æмæ хорз адæймаджы, афтæ.


Фæмард сты сæрмагонд æфсæддон операцийы:

Æлборты Олег Аланы фырт

Бархион. Райгуырд 1990 азы 7 августы. Донбассы хæстон архайдтыты хайад иста 2014 азæй фæстæмæ. Фæмард 2022 азы 1-æм июны Запорожьейы областы Пологовскийы районы. Саккаг ын кодтой «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Багаты Алан Никъалайы фырт

Бархион. Райгуырд 1986 азы 12 июны. Фæмард 2022 азы 27 майы Запорожьейы областы Пологовскийы районы. Хорзæхтæ: «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ), УФ-йы хъахъхъæнынады министрады «За боевые заслуги» æмæ «За боевое содружество»-йы майдантæ.

Бахъаты Андрей Никъалайы фырт

УФ-йы Гарзджын тыхты 58-æм армийы æфсæддон службæгæнæг. Райгуырд 1986 азы 30 декабры. Фæмард 2022 азы 5 марты. Хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй (йæ амæлæты фæстæ).

Бесаты Руслан Умары фырт

Бархион. Райгуырд 1986 азы 14 июлы. РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады спецназы батальоны раздæры службæгæнæг. Фæмард 2022 азы 11 апрелы. Хорзæх: «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Бестауты Ацæмæз Станиславы фырт

Райгуырд 1990 азы 26 июны. 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддон службæгæнæг. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ацыд дыккаг хатт. Фæмард 2022 азы 12 майы горæт Мелитополы сæрыл тохты рæстæджы. Саккаг ын кодтой Хъæбатырдзинады орден æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Багаты Ибрагим Владимиры фырт

Райгуырд æмæ схъомыл горæт Цхинвалы. 2014 азæй фæстæмæ хайад иста Донбасс ссæрибар кæныны тохты. Фæстæдæр бацыд бархионты батальон «Алани»-йы скондмæ. Иу карз тохы мæлæтдзаг цæф фæцис. Хорзæхджын уыд Донецкы Адæмон Республикæйы хорзæхтæй, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй (йæ амæлæты фæстæ).

Багаты Сослан Гивийы фырт

Райгуырд 1982 азы 11 январы. Амард 2022 азы 11 декабры горæт Мæскуыйы госпиталы уæззау цæфты фæстиуæгæн. Саккаг ын кодтой «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Джиоты Ацæмæз Роберты фырт

Уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддон службæгæнæг. Райгуырд 1993 азы 28 майы. Фæмард 2022 азы 13 майы Донецкы областы Владимировкайы поселочы. Хорзæх: «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Джиоты Марат Георгийы фырт

Бархион. Райгуырд 1988 азы 19 апрелы. Фæмард 2022 азы 7 марты Харьковы областы Октябры районы бархионты къорд æрхъулайы куы бахаудта, уæд. Хорзæх: «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Джуссойты Альберт Аликы фырт

Райгуырд 1985 азы 17 сентябры. Фæмард 2022 азы 1 августы Донецкы областы Великая Новоселкайы цæрæн пункты сæрыл тохты рæстæджы. Хорзæхджын уыд: «45 лет НВВКУ», «За веру и службу России», «Ирыстоны сæрвæлтау»-йы майдантæй, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй (йæ амæлæты фæстæ).

Дудайты Алан Тарзаны фырт

Бархион. Райгуырд 1990 азы 30 августы. Фæмард 2022 азы 1 июны Запорожьейы областы Пологовскийы районы. Хорзæхджын æрцыд: «За участие в Чернухино-Дебальцевской операции»-йы майданæй, «Битва за Луганск»-ы кады нысанæй, «Доброволец Донбасса»-йы риуылдарæн нысанæй, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй (йæ амæлæты фæстæ).

Дриаты Энвер Гамлеты фырт

Райгуырд 1992 азы 20 марты. Салдаты зæрдæ йæ кусынæй æрлæууыд Мæскуыйы æфсæддон госпиталы 28 октябры. Саккаг ын кодтой «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Елбачиты Иван Вадимы фырт

Райгуырд 1993 азы 16 сентябры. Фæмард 2022 азы 25 сентябры Донецкы Адæмон Республикæйы Павловкайы хъæуы. Хорзхæджын уыд: «195 лет Михайловской ВВА», «25 лет министреству обороны РЮО»-йы майдантæй, РХИ-йы хъахъхъæнынады министрады «За заслуги»-йы нысанæй, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй (йæ амæлæты фæстæ).

Зассеты Руслан (Ахмæт) Сергейы фырт

Райгуырд 1996 азы 4 июны. Амард Ростовы æфсæддон госпиталы 2022 азы 16 сентябры. Хорзæх: «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Къацты Ремик Рубены фырт

Бархион. Райгуырд 1979 азы 4 майы. Хъæбатырæй фæмард 2022 азы 27 майы Луганскы областы горæт Северодонецкы. Саккаг ын кодтой «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Хъазиты Руслан Никъалайы фырт

Бархион. Райгуырд 1989 азы 4 ноябры. Фæмард 2022 азы 14 апрелы горæт Мариуполы сæрыл тохты рæстæджы. Хорзæх: «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Козаты Владимир Æхсары фырт

Бархион. Райгуырд 1987 азы 30 августы. Фæмард 2022 азы 7 марты Харьковы областы Октябры районы. Саккаг ын кодтой «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Кортиаты Инал Матвейы фырт

Райгуырд 1986 азы 3 августы. 2022 азы 18 апрелы фæмард йе ’фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ горæт Мариуполы сæрыл тохты. Хорзæхджын уыд: «Фыдыбæстæйы фæдисонтæ», «Ирыстоны сæрвæлтау», «25 лет министреству оброны РЮО»-йы майдантæй, йæ амæлæты фæстæ та — УФ-йы «Хъайтардзинады» орден æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй.

Къораты Георги Георгийы фырт

Райгуырд 1995 азы 10 январы. Фæмард 2022 азы 7 марты Харьковы областы Дубровайы сæрыл тохты. Хорзæхджын уыд: «Георгийы дзуар»-æй, «За заслуги перед Донецкой Народной Республики»-йы майдан æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй (йæ амæлæты фæстæ).

Хъуылымбегты Роберт Вадимы фырт

Бархион. Фæмард 2022 азы 31 марты цæрæн пункт Ясиноватаяйы сæрыл тохты. Саккаг ын кодтой «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы æмæ «Защитнику Донбасса»-йы майдантæ.

Лохты Алим Славайы фырт

Райгуырд 1982 азы 24 августы. Хъæбатырæй фæмард 2022 азы 24 марты Донецкы областы Сладкоейы хъæуы сæрыл тохты рæстæджы. Саккаг ын кодтой Хуссар Ирыстоны уæлдæр — хорзæх «Уацамонгæ»-йы орден, «Хъайтардзина»-ы орден (йæ амæлæты фæстæ), «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы æмæ «За заслуги»-йы (Госреестр Казачьих Войск) майдантæ.

Тедеты Алан Ростомы фырт

Райгуырд 1976 азы. Фæмард 2022 азы 30 майы. Хорзæхтæ: «Хъæбатырдзинад»-ы орден, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Хуыгаты Радислав Вадимы фырт

Райгуырд 1988 азы 24 июлы. Хъæбатырæй фæмард Мариуполы сæрыл карз тохты рæстæджы 2022 азы 27 марты. Хорзæхтæ: УФ-йы «Хъæбатырдзинады» орден æмæ УФ-йы «За доблестную службу»-йы майдан, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Цхуырбаты Роланд Владимиры фырт

Бархион. Райгуырд 1987 азы 12 июны. Фæмард 2022 азы 27 майы Запорожьейы областы Пологовскийы районы. Хорзæх: «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдан (йæ амæлæты фæстæ).

Биазырты Батраз Оледжы фырт

Райгуырд 2000 азы. Хъæбатырæй фæмард 2022 азы апрелы мæйы горæт Мариуполы завод «Азовсталь» сисыны рæстæджы. Хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй (йæ амæлæты фæстæ).

Бацæттæ йæ кодта Джиоты Екатеринæ