Сæрд йæ тыхы нæма бацыд æрдзы аномалиты аххосæй. Фæлæ, уæддæр адæймаджы сконд афтæ у, куыддæр сæрдыгон мæйтæ ралæууынц, афтæ йæ зæрдæ фæхæссы æрдзы хъæбысмæ, сыгъдæг уæлдæфмæ, доны былмæ.

Не ‘мбæстæгтæй, хъыгагæн, алкæмæн нæй уавæр, цæмæй зæрдæйы фæндиаг ацæуа æмæ баулæфа æндæр горæтты улæфæндæтты, денджызы был. Ахæмтæн та сæ ирвæзынгæнæг ныр цалдæр дæсгай азты у, горæтгæрон цы цад ис, уый. Ацы цад, æрмæст сæрдыгон бонты хинайынæн ахъаз нæу, фæлæ ма йе ‘нæниздзинад мæгуырау кæмæн у, зæрдæйы низтæ кæй тыхсын кæнынц дохтыртæ тезгъо кæмæн амонынц, уыдон ирвæзынгæнæг дæр. Сæрд уа æви зымæг, ам æрвылхатт дæр фенæн ис сабиты, фæсивæды, кардзыд адæмы. Кæддæр ам уыд æппæт уавæртæ дæр, цæмæй адæм æнцад-æнцойæ æрвитой сæ рæстæг. Зæгъынц, зæгъгæ, ам раздæр уагъд цыдысты ерыстæ хинайынæй. Уыд дзы æппæт уавæртæ дæр уазджытæ исынæн æмæ уыдонæн аккаг лæггæдтæ бакæнынæн. Фæлæ рæстæджы цыдимæ  уыдон раууатмæ æрцыдысты, кæй та дзы æнæзæрдæ адæймæгтæ тыхцъæл ныккодтой. Ам цы антисанитари уыд, фæстаг рæстæджы, уый тæссагдзинад хаста адæймаджы æнæниздзинадæн. Уымæ гæсгæ санитарон службæтæ  сæрды æрбалæудимæ дзыллон информацион фæрæзты фæрцы бахатыдысты адæммæ, цæмæй сæхи бахизой, цады ма найой.

Цалдæр азы размæ, горæты администраци хицауады уынаффæмæ гæсгæ цад арендæйы радта не ‘мбæстæгтæй цалдæр лæппумæ. Уыдон ныфс æвæрдтой, цады алфæмблай арæзт кæй æрцæудзæн беседкæтæ, бырондæттæ æмæ адæмы улæфынæн цы хъæуы, æппæт уыцы атрибуттæ. Амалиуæггæнæг æмæ горæты администраци цы бадзырды гæхæттыл æрфыстой къухтæ, уымæ гæсгæ хъуамæ цад афоныл сыгъдæг цыдаид капиталонæй. Хъыгагæн, арендатор уыцы хæстæ не ‘ххæст кодта æмæ арендон бадзырд  админис-трацийы инициативæмæ гæсгæ æрурæдтой. Ивгъуыд аз горæты администраци йæхи тыхтæй бæргæ архайдта, цадмæ цы коммуникацион доны хæтæлтæ цæуы, уыдон ныссыгъдæг кæныныл, фæлæ цадмæ ‘ввахс цы уынгтæ ис, уым бирæ рæтты ивд цыдысты зæххыбын коммуникацитæ æмæ куыст бакъуылымпы.

Цады алфæмблай цы бырон æртымбыл, стæй коммуникацитæ ивд кæй цыдысты, уый ах-хосæй, цадæй цы æнуд тæф цыд. Уый фæдыл нæ горæты цæрджытæ газетмæ хъаст иу æмæ дыууæ хатты не ‘рбахастой.

Æмæ нын мæнæ æхсызгон хабар фехъусын кодтой ныр горæты администрацийы: «Ныр æртæ боны дæргъы Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы кусджытæ архайынц, цадмæ цы доны хæтæлтæ цæуы, уыдон сыгъдæг кæныныл, сыгъдæг æрцыд цад йæхæдæг дæр горæты коммуналон службæты фæрцы. Зæгъын хъæуы уый æмæ ам канд бынаты чи улæфы, уыдон нæ калынц бырон, фæлæ ма цады алфæмблай цы цæрæн бирæуæладзгон хæдзæрттæ ис, уыдоны цæр-джытæ дæр» – хъусын кæны горæты админис-трацийы пресс-службæ.

Куыддæр цад æмæ йæ алфæмблай сыгъдæг æрцæуой быронæй, афтæ ам арæзт æрцæудзæнис бандæттæ, сæвæрдзысты дзы бырондæттæ æмæ цады алыварс та судз-дзысты электрон рухсытæ. Былгæрæтты ныккалдзысты сырх змис, цæмæй ам спортæй чи фæархайы, уыдонæн уа æнцондæр. Æхгæд æрцæудзысты цадмæ автомобилон бацæуæнтæ дæр. Цæмæй, адæм цы цады фæнайынц, уым æхсад ма цæуой хæдтулгæтæ. Куыддæр арæзт æрцæуой æппæт куыстытæ афтæ санитарон службæтæ донæн сараздзысты хъæугæ анализ æмæ уый фæстæ цады сæрибарæй уыдзæнис найыны бар.

Горæты мэрийы куыд загътой адæмæн, афтæмæй æппæт ацы куыстытæ фæуыдзысты конд 10 боны æмгъуыдмæ. Уый фæстæ арæзт æрцæудзæнис ирвæзынгæнæг службæ дæр, цæмæй, сæрмагонд инструктаж чи рацыдысты, уыцы ирвæзынгæнджытæ, исты æнамонд цауты рæстæджы цæттæ уой адæймагæн баххуыс кæнынмæ.

УАЗÆГТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.