Зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд, профессор Хъазиты Мелитон зæгъы: «Куырыхон Плиты Грис æцæг поэтау поэтæн, цæмæй макуы бон фæкæла, дзырдта:

Ды дæ дæхи бæрзонддæр бардуаг,
Дæ хаст уынаффæ дын — уæлдæр.
Дæ цард мыд уа æви дын марг уа —
Дæ мæсыг амай æмæ цæр! “

(«Поэт»)

Афтæ куы нæ уа, уыдæттæ дæ бон куы нæ уой, уæд дæхи хъыджы дæр æмæ искæй хъыджы дæр ма хъуамæ цæуай, царды иууыл зындæр фæндагыл — адæмы рухс фидæнмæ кæныны фæндагыл, ма хъуамæ ныллæууай, æндæра, тæссаг у, былæй сæ куы акалай.

Фыссæджы, ахуыргонды куыст бынтон бæрнон æмæ ахсджиаг уымæн у. Уымæй дæр сын иу æмæ дыууæ боны ма хъуамæ уай раздзог, фæлæ сын рухс фидæнмæ хъуамæ раза-мынд кæнай цæргæ-цæрæнбонты. Сæ уыцы фыдзын æмæ фыдамондджын фæндагыл сæ хъуамæ разæнгард кæна цæргæ-цæрæнбонты. Суанг йæ мæлæты фæстæ дæр. Æмæ Бибылты Руслан йæ лæгау-лæджы кары кæй равзæрста уыцы зын фæндаг, ууыл бирæтæ бадис кодтой. Йæ ног професийыл кусгæйæ йæхиуыл ницæмæй ауæрды.

Бибылты Лентъойы фырт Руслан райгуырдис 1942-æм азы, цыппурсы мæйы 28-æм бон Цхинвалы районы Уæллаг Отъреуы зæхкусæг бинонты æхсæн. Лæппуйы райгуырд та ирон бинонтæн кæд нæ хаста циндзинад. Сæ худтæй, сæ кафтæй зæххыл нал хæцыдысты. Йæ амондджын фидæн ын сæ хъæлдзæг зæрдæты равгæй æвдыстой.

Æмæ нæ фæрæдыдысты. Отъреуы кæд райдайæн кълæсты ахуырад расынæй дарддæр фадат нæ уыдис — сыхаг хъæуты скъолатæм-иу сæ æрвылбон дыгай-æртыгай сахаттæ бахъуыд цæуын — уæддæр рухс фидæнмæ тырнæг фæсивæд, зивæг цы у, уый зонгæ дæр нæ кодтой. Фæстæдæр та Русланы йæ царды фадæттæ ахастой нæ сыхæгты сæйраг сахар Калакмæ, стæй — Рустаумæ. Цы заводты куыста, уым ыл никуы никæй зæрдæ бахудтаид æмкусæгæй-разамонæгæй. Йæ куысты тыххæй, æрвыл аз дæр иста кады гæххæттытæ, хорзæхтæ. Нæ сыхаг адæмæн æнæ Руслан сæ хъуыры къæбæр нæ хызт. Фæлæ иу бон бæстæ цæхгæр ныззылд. Цыма ирон фидиссаг у, сæхицæй зæххæй сисинаг чи нæ уыдис, уыдон дæр æм æнæввæрсонæй кæсын райдыдтой.

Æрхъуыдыджын лæппу-лæгæн ма цы базонын хъуыдис, се ’хсæн цæргæ йын кæй нал у. Йæ фыды хæдзармæ фæлидза æмæ йын уый дæр ныддæрæн кодтой, ныссæрфтой æнæхуыцауыхай ницæййæгтæ. Мæнгæй нæ хъарæг кодта йе ‘мдзæвгæты:

Нæ Хуссарæй хъуысы,
Нæ хъæу, дам, ысхъæд.
Нæ бæсты хъæбысы
Ныр нал зайы фæд.

Фæцæуæм, фæцæуæм,
Æрцæрæм дзы ног,
Нæ бæстæ, нæ цæрæн –
Цæрынæн æввонг.

Дзыхыдзаг фæхудæм,
Фæцин кæнæм уым.
Куыд æхцон дæ удæн
Нæ фыдæлты къуым!

(«Хъæуты бæсты — хъæд»)

Йæ къах æй фæстæмæ Хуссармæ уымæн æрхаста, æрбынат кодта, нæ фыдызнæгтæн сæттын чи нæ бакуымдта, уыцы цæнгæтау фидар хъæу Дменисы.

Бибылы фыртæн йæ Фыдыбæстæ мады ад кæны. Йæ удмæ уымæн хæстæг лæууынц нæ Райгуырæн бæстæ, нæ адæм, нæ мадæлон æвзаг. Уымæн сыл тайы æмæ руайы.

Ма тæрс, кæд дæ уарзынц адæм,
Ма дæр алы лæгмæ хъус.
Кæд цæрынмæ `рцыдтæ ардæм,
Багуыбыр кæн æмæ кус!

(«Ма тæрс, кæд дæ уарзынц адæм…»)

Адæймаг, уæлдайдæр, хистæр, ныфсджын куы уа, уæд размæ фидар къахдзæфтæй цæуы, æмæ йæ фæзмджытæ ма фæуа, уый гæнæн нæй. Бибылты Руслан ныфс зыны йæ поэзийы дæр, йæ прозæйы дæр. Йæ уацмысты астæумагъз сты адæм. Адæмæн та басæттæн нæй.

Уымæн ссис Ирыстоны фысджыты цæдисы, стæй Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг.

Бибылты Руслан у ныфсджын хистæр æмæ литературæйы ныфсджын фæдисон æмæ нæ уырны, царды дæр, литературæйы дæр йæ уарзон кæстæртимæ кæй цæудзæнис йæ гуыры æмбæрц.

Плиты Мадинæ