Ацы аз 16-æм майы РХИ-йы Хицауады рабадты боны фæткы цы фарстытæм æркастысты, уыдонæй иу уыд Фæндæгты арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæгæн дыууæ хæдивæг снысан кæнынимæ баст.

Фарсты фæдыл ныхасы рацыд комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард æмæ Хицауады уæнгты размæ рахаста Гæбæраты Мураты кандидатурæ. Уый куыд загъта, афтæмæй Гæбæраты Мурат Фæндæгты арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы комитеты сæргълæууæджы хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæгæй кусы ныр 6 азы бæрц. Куысты мидæг йæхи æвдисы аккаг дæсныйæ. Йæ разы æвæрд хæстæ æрвылхатт дæр æххæст кæны афоныл æмæ гъæдджынæй. Уымæ гæсгæ комитеты сæргълæууæг бахатыд Хицауады уæнгтæм, цæмæй рахæцой Гæбæраты Мураты кандидатурæйы æв-варс. Гæбæраты Мураты кандидатурæ ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Гуыззыдтаты Эдуард ма бавдыста Сиукъаты Оледжы кандидатурæ дæр. Уый та нæ республикæйы æхсæнад зонынц, Знауыры районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæрæй ма куы куыста, уæдæй фæстæмæ. Гуыззыдтаты Эдуард куыд загъта, афтæмæй, хæдивæджы бынаты уæвгæйæ, йæ хъус дардзæнис, фæндæгтæ куыд цалцæг цæуынц, уыцы фарстатæм. Хицауады уæнгтæ се ‘ппæт дæр сразы сты Сиукъаты Оледжы кандидатурæйыл.

Боны фæткы ма уыд «2018 азы фыццаг кварталæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты хыгъд».

Докладгæнæг, Финансты министр Хæбæлаты Азæ Хицауады уæнгты базонгæ кодта 2018 азы фыццаг кварталы бюджеты æфтиæгтæ кæй уыдысты 1 203 722, 17 мин сомы, хардз та æрцыд  – 1 008 844, 51 мин сомы. 2017 азимæ абаргæйæ æфтиæгтæ фæфылдæр сты 47, 0%. Бюджет, сæйраджыдæр, баххæст «Мегафон», Национ банг æмæ БТК 4-йы хъалонты  фæрæзтæй.

Министрты кабинет хорзыл банымадта Финансты министры хыгъд.

Хицауады рабадты боны фæткмæ хаст æрцыдысты уæлæмхас фарстатæ дæр.

Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев Хицауады уæнгтæм бахатыд, цæмæй йын йæ хæдивæгæй снысан кæной Джиоты Эдуарды.

Уымæй дарддæр ма рабадты хайадисджытæ æрдзырдтой электроэнерги æмæ газы тыххæй бюджетон организацитæй стыр хæстæ кæуыл ис, уыдоны тыххæй. Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бахатыд министрадтæм, цæмæй цыбыр рæстæгмæ сæ фиддонтæ ахицæн кæной: «Хицауад уыцы хæрдзтæ хицæн кæны бюджетæй, фæлæ иуæй-иу министрадтæ æмæ организациты уæлæнгай ахасты тыххæй рæстæгыл бакуыст не ‘рцæуынц уыцы бухгалтерон хыгъдтæ. Нырæй фæстæмæ ахæм згъуыдтæ куы уа, уæд серьезон санкцитæ ист æрцæудзысты иу кæнæ иннæ къухдариуæггæнæджы ныхмæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.