РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик инспекцион азылд сарæзта горæт Цхинвалы арæзтцæуæг уынгтыл, – уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Хицауады пресс-службæ.

Горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей, афтæ ма Капиталон арæзтады управленийы, паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой» æмæ æндæр арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытимæ  уый бабæрæг кодта, æртæ уынджы арæзтадон темптæ куыд цæуынц, уый.

Фыццаг объект ссис Аргъуаны фæзуат, цыран интенсивон режимы æвæрд æрцыдысты æппæт инженерон хызæгтæ, ныртæккæ та уынг цæттæ цæуы асфальт æвæрынмæ. Аргъуаны фæзуатæй райдайы Комаровы уынг, цыран къуылымпы кæнынц газификацион куыстытæ, фæлæ сæрмагондæй Хицауады Сæрдары контролы бын хъуыддæгтæ  фæтагъддæр сты.

Афтæ ма активонæй æххæст цæуы Герцены уынджы куыстыты комплекс, кæцы цæуы Тулдзы къохы цурæй Цхинвалы Бирæпрофилон колледжы ‘рдæм. Октябры мæйы уынг хъуамæ æххæстæй уа цæттæ. Куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ ацы уынджы хæрзарæзтадмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц æв-вахс районты цæрджытæ, афтæ ма ахуырадон уагдоны студенттæ дæр.

«Алцыдæр баст у архайдтыты æнгомдзинад æмæ оперативондзинадимæ. Афтæ бирæ объекттæ нæм нæй, цæмæй кусæгдых куыд æмбæлы, афтæ дих æрцæуа. Рæстæг ис, фæ-лæ боныгъæд, гæнæн ис, æмæ кæдфæнды дæр фæива», – загъта Пухаты Эрик.

Уынгты бæрæг кæныны рæстæджы Хицауады Сæрдар хъусдард аздæхта цухдзинæдтæм. Сæрмагондæй, уый бафиппайдта, зæгъгæ, Комаровы уынджы фæндаджы хайыл æвæрд ис хисæрмагонд хæдзары æмбонд æмæ бахатыд сæйраг горæты сæргълæууæгмæ проблемæ аиуварс кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ма, Пухаты Эрик йæхимæ фæсидт Бастдзинады комитеты сæрдар Джиголаты Хасанмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.