Фылдæрæй фылдæр кæнынц нæ горæты арæзтцæуæг уынгты, цæрæн хæдзæртты æмæ социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты нымæц.

2018 азы арæзт чи цæуынц, уыцы объектты бынаты бæрæг кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Йемæ уыдысты РХИ-йы Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард æмæ подрядон организациты бæрнон разамонджытæ.

Райдианы уал уыдон бабæрæг кодтой нæ горæты Вокзалгæрон уынджы рæвдауæндоны арæзтад. Уый арæзт цæуы 100 сывæл-лонæн. Аразгæ та йæ кæны подрядон организаци «Бадо». Ам куыстытæ цæуынц цырд темптæй. Арæзтадон организацийы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ацы рæвдауæндон уыдзæнис, Дменис æмæ Ленингоры цы рæвдауæндæттæ арæзт æрцыдис, уыдоны халдих. Алы къорды сывæллæттæн дæр дзы арæзт æрцæудзæнис йæхи хъазæн фæзуат сæхи хъазæнтимæ. Хицауады Сæрдар бафæдзæхста, цæмæй иумиаг æвзаг арой Ахуырады министрадимæ æмæ æппæтдæр арæзт цæуа уыдоны домæнтæм гæсгæ. Афтæ ма,уыдоны домæнтæм гæсгæ, æлхæд хъуамæ æрцæуой рæвдауæндонæн хъæуæг дзаумæттæ дæр, уымæн æмæ уыдон хуыздæр зонынц сабиты домæнтæ.

Пухаты Эрик уырдыгæй йæ фæндаг акодта Фидауынгæнджыты æмæ Къуайсайы уынгтæм. Ацы уынгты арæзтады проект хæлд кæй цæуы, уынджы цæрджыты аххосæй, уый тыххæй се ‘нæразыдзинад равдыстой уынг аразджытæ. Цæвиттон, Фидауынгæджыты уынгæн йæ фæтæн проектмæ гæсгæ хъуамæ уа 9 метры бæрц. Фæлæ ам цæрджытæ æнæзакъонæй цы арæзтæдтæ сарæзтой, уый аххосæй хæлы проект, æмæ ма фæндаджы фæтæн у æрмæстдæр 6 метры. Уымæй дарддæр ма цæрджытæ февналын нæ уадзынц сæ хæдзæртты раз тротуартыл цы уазитæ ныссагътой, уыдонмæ.  Афтæмæй  къуылымпы  кæнынц  куыстытæ.

Хицауады Сæрдар бафæдзæхста, цæмæй уыцы арæзтæдты тыххæй фехъусын кæной   горæты  администрацийæн æмæ  проблемæ  рæстæгыл  скъуыддзаг æрцæуа. Афтæ ма бафæдзæхста, цæмæй фæтагъддæр кæной куыстыты темптæ, уымæн æмæ спайда хъæуы кусынæн бæзгæ рæстæгæй.

Медико-социалон центры арæзтады амæйразмæ цы цухдзинæдтæ рабæрæг, уыдон куыд иуварс цæуынц, уый базоныны тыххæй Хицауады Сæрдар бацыдис ацы центры арæзтадмæ дæр. Ам арæзтадон куыстытæ бакодта «Мегаполис Т».

Пухаты Эрик азылдис хатæнтыл æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы цухдзинæдтæн аиуварс æрцыдис æрмæстдæр сæ 40 проценты. Уый бафæдзæхста, цæ-мæй бонæддæдæр ма кæной, фæлæ фæтагъддæр кæной куыстытыл æмæ объект рæстæгыл лæвæрд æрцæуа эксплуатацимæ.

Хицауады Сæрдар ма бабæрæг кодта Дзауы скъола-интернаты арæзтад æмæ йæ кæрт куыд хæрзарæзт цæуынц, уый.

Скъола-интернат цалцæг æрцыдис дунеон ахыгъдон банджы финансон æххуысы ‘руаджы. Ныр йæ кæрт дæр арæзт цæуы ацы банджы æххуысæй. Йе ‘мбонд та арæзт æрцæудзæн нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы æххуысæй. Кæрты арæзт æрцæудзæн футболон, баскетболон æмæ волейболон фæзуæттæ.

Хицауады Сæрдар бафæдзæхста, нырма дзы бирæ куыст кæй ис, уымæ гæсгæ  фæтагъддæр кæной сæ куыстæгтыл.

Дзауы райцентры Президенты резиденцийы бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ цы уавæры сты, уый фенгæйæ Хицауады Сæрдар баззадис райгондæй. Ам кусджытæ кæнынц æмызмæлд. Æдæппæт дзы кусы 40 кусæджы бæрц. Ифтонг сты æппæт арæзтадон æрмæджытæй дæр. Рæхджы æрæвналдзысты йæ кæрты хæрзарæзтадон куыстытæм, æвæрд дзы æрцæудзысты бандæттæ, беседкæтæ, арæзт дзы æрцæудзысты рухсытæ. 10-æм августмæ уыдзæнис цæттæ æмæ мæйы кæронмæ та мидæгæй æвæрд æрцæудзысты хъæдын дзаумæттæ.

Объекттыл азилыны фæстæ журналисттæн Хицауады Сæрдар радзырдта йæ тæлмæнтæ: «Мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй 2018 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоны куыстытæ куыд æххæст цæуынц, сæ разы цавæр проблемæтæ лæууы, уыдон базоныны тыххæй сæ бæрæг кæнæм къуыри иу хатт. Уыцы объекттæ куыд Хицауады, афтæ уыдзысты Президенты цæстдарды бын дæр. Уымæ гæсгæ сæ иннæ къуыри та бæрæг кæндзæнис Президент йæхæдæг.

Абон цы объекттыл азылдыстæм, уыдоны арæзтадон куыстытæй баззадтæн райгондæй, уæлдайдæр та Вокзалгæрон уынджы рæвдауæндоны арæзтадæй. Æппæт арæзтцæуæг объекттæ дæр банысангонд æмгъуыдтæм хъуамæ арæзт фæуой. Сæ арæзт та хъуамæ уа гъæдджын», – банысан кодта Хицауады Сæрдар

Медико-социалон центры арæзтадыл дзургæйæ дæр банысан кодта, объектты цы цухдзинæдтæ рабæрæг, уыдон æххæстæй  иуварс кæй не ‘рцыдысты æмæ карзæй æрдомдта, цæмæй рæстæгыл эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа æмæ дзы æрцæрой, кæмæн арæзт æрцыд, уыцы æвæгæсæг зæрæдтæ.

Йæ территори йын схæрзарæзт кæнын, сосæвæндагæй йæм асфальт фæндаг саразын та бахæс æрцыд  «Дорэкспострой»-æн.

Уынгты арæзтадон куыстыты тыххæй та Пухаты Эрик йе ‘нæразыдзинад равдыста цæрджыты тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй хæлд ма хъуамæ цæуой уынгты арæзтады проекттæ. “Тротуартæ аразгæйæ кæй йæ сæнæфсиртæ, кæй та æнæзакъонæй кæй са-рæзтой, уыцы арæзтæдты фехалын нæ фæнды æмæ афтæмæй кусджытæн зын кæны сæ куыст. Цæрджытæ сæхæдæг дæр хъуамæ æмбарой аразджытæ æрмæстдæр кæй архайынц уынджы рæсугъддзинадыл æмæ сын ма хъуамæ æвæрой сæ разы цæлхдуртæ”, – загъта йæ ныхасы кæрон Хицауады Сæрдар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.