Гаглойты Алан сын се стыр æмæ ахсджиаг куысты тыххæй загъта бузныджы ныхæстæ æмæ банысан кодта: «Ацы чингуыты рацыд уыд æнæмæнгхъæуæг. Уымæн æмæ ныр сæ бон зæгъын ницыуал уыдзæнис, Цæгат Кавказы адæмтæй Нарты кадджытæ йæхи чи хоны, уыдонæн. Уымæн æмæ чиныджы ирон æмæ æндæр бæстæты ахуыргæндтæ, фидар бæрæггæнæнтæй спайда кæнгæйæ, банысан кодтой, Нартæ ирон адæмы фыдæлтæ кæй сты, уый».

– Цытджын Президент! Арфæ æмæ дын бузныджы ныхæстæ зæгъын, чингуытæн ахæм стыр аргъ кæй скодтай æмæ чингуытæ рауадзыныл чи бакуыста, уыдоны дæхимæ кæй æрбахуыдтай, уый тыххæй», – райдыдта йæ ныхас  чингуыты автор Цыбырты Людвиг. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ахæм чингуытæ рауадзыны хъуыдытæ мæм фæзындысты æстайæм азты кæрон. Чи мын æххуыс кодта, уыдоны нымæц ахызт фæндзайæ. Æнцон фадæтты нæ цыдысты арæзт, фæлæ куыд уынæм, рацыдысты æмæ фæцыдысты, сæ къухмæ сæ чи райста, уыдонæн се ‘ппæты зæрдæмæ дæр. Цæгат Ирыстоны разамынд ма фæндон дæр бахаста, цæмæй чингуыты фылдæр адæм базоной, уый тыххæй республикæйы районты æмæ горæтты ауагъд æрцæуа алыгъуызон мадзæлттæ.

Чиныг рауадзыны хъуыддаджы спайда кодтам ирон зындгонд нывгæнджыты куыстытæй».

Йæ раныхасы Дзиццойты Юри та банысан кодта, зæгъгæ, «мæн фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды Людвиг Алексейы фыртæн, ахæм чингуытæ рауадзыны хъуыды йæм кæй фæзынд æмæ йæ разы цы хæс сæвæрдта, уый иттæг хорзæй кæй сæххæст кодта, уый тыххæй. Людвиг хорз бакуыста темæтæ равзарын æмæ уыдон махыл адих кæныны хъуыддагыл дæр».

Хъуылымбегты Роберт та банысан кодта, зæгъгæ, «не ‘ппæтæн дæр æхсызгон у, чингуытæн ахæм аргъ кæй цæуы, уый. Уый бирæ хорз миниуджытыл дзурæг у. Сæйраджы та æвдисы, нæ фыдæлтæм нын иттæг хорз ахаст кæй ис, уый. Уыимæ ма банысан кæндзынæн уый дæр, æмæ Людвиг уæхскуæзæй æрмæст йæхæдæг нæ куыста, фæлæ ма бирæ домдта, æххуысмæ кæмæ фæдзырдта, стыр ныфс кæмæй æвæрдта, уыдонæй дæр. Æмæ куыд уынут, фыдæнхъæл æй нæ фæкодтам».

Дзадтиаты Руслан та банысан кодта, зæгъгæ, «арæх цыдтæн Людвигы кусæн кабинетмæ æмæ-иу мæм алы хатт дæр афтæ касти, цыма штабмæ бахызтæн. Цыд æм бирæ адæм, хастой йæм дзæвгар куыстытæ, фæлæ сæ Людвиг нæ тыхст. Иста сæ æмæ сыл куыста къуыригæйтты, мæйгæйтты. Чингуытæ ныридæгæн цахæм бынат бацахстой, уый  бирæтæ нысан кодтой. Æз ма йæм бафтаудзынæн уый, æмæ рацыд æрмæстдæр иу мин экземплярæй æмæ уый у цъус, рауадзын ма дзы хъæуы æнæмæнгæй».

Йæ раныхасы Цхуырбаты Мира та банысан кодта, зæгъгæ, «чиныг рауадзыны хъуыддаджы хайад кæй райстон, уымæй исын стыр æхцондзинад æмæ мæ чи æрбахуыдта, уымæн зæгъын бузныг. Уыимæ ма мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ Людвиг æндæр куы ницы куыст бакодтаид, уæддæр йæ ацы куыстыты тыххæй дæр стыр кад скодтаид куыд йæхицæн, афтæ ма – йæ адæмæн дæр. Мæ размæ загътой, зæгъгæ, чиныг рацыд æрмæстдæр иу мин экземплярæй æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, раст дзурынц. Цæмæй, чиныджы дзырд цæуыл цæуы, уыцы рæстдзинад æндæр адæмтæм дæр фæхæццæ уа, уый тыххæй ма дзы хъæуы, æппынкъаддæр цы рацыд, иу уыйбæрц рауадзын».

Коцты Къоста та йæ раныхасы райдианы банысан кодта, зæгъгæ, «фæстаг æртын азæй фылдæр ирон адæм цъус зынтæ нæ бавзæрстой, фæлæ зын уавæрты дæр нæ рох кодтой сæ фыдæлты, ирондзинад æмæ хуыздæрмæ тырнгæйæ, дарддæр кодтой сæ цард. Нартæ ирæтты фыдæлтæ кæй сты, уый тыххæй фыстой куыд ирон ахуыргæндтæ, афтæ ма æндæр адæмты ахуыргæндтæ дæр. Се ‘ппæт дæр нысан кодтой, Нартæ ирæттæ кæй сты, уый, фæлæ мæм афтæ кæсы, æмæ Людвиг йæ ацы чингуыты фæрцы радон хатт балхынцъ кодта, Нартæ ирон адæмы фыдæлтæ кæй сты.

Фембæлды ма уыдысты æмæ дзы раныхас кодтой Харебаты Батрадз æмæ Абайты Зарæ.

Уый фæстæ Президент Хуссар Ирыстоны банымадыл 15 азы сæххæсты монетæтæ балæвар кодта, чиныг рауадзыныл чи бакуыста, уыдонæн.

Гæззатты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.