Дзауы астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд цымыдисон мадзал. Уым фембæлд уыд Хуссар Ирыстоны ветерантæ æмæ Дзауы скъола-интернаты, Дзауы астæуккаг скъолайы, Хуыцъе æмæ Гуфтайы астæуккаг скъолаты 2020 азы ахуыр чи фæуд кæны, уыцы ахуырдзаутимæ.

Мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы Ветеранты Советы Сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз, ветерантæ Козаты Аристо, Уалыты Лидæ, Гобозты Васили,Цхуырбаты Иван, Къусраты Илья, афтæ ма Дзауы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ-ветерантæ æмæ æндæр уазджытæ.

Мадзалы нысан уыд рæзгæ фæлтæры æфсæддон-патриотизмы хъомылад, ветерантæм, хистæр фæлтæрмæ кады ахаст дарыныл ахуыр кæнын, афтæ ма сæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадыл, паддзахады историмæ æмæ Фыдыбæстæ-æмзæххонты хъахъхъæнджыты мысынадæн кад кæныныл хъомыл кæнын.

Мадзал байгом кодта Дзауы астæуккаг скъолайы хъомылады хайы фæдыл директоры хæдивæг Хъоцыты Розæ. Уый арфæ ракодта æмæ бузныг загъта, ветерантæн рæстæг кæй ссардтой æмæ сæм кæй фæуазæг сты, уый тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, абон мах сабыр арвы бын цæрæм ветеранты фæрцы. Уымæ гæсгæ, зæгъ, сфæнд кодтам Хъайтардзинады урок ауадзын æмæ афтæмæй ветеранты сгуыхтдзинæдтимæ ахуырдзау фæсивæды базонгæ кæнын. Музыкæйы зæлты бын скъоладзаутæ æрбахастой РХИ-йы Паддзахадон Тырыса. Уый фæстæ айхъуыст Республикæ Хуссар Ирыстоны гимн.

 «Зынаргъ хæлæрттæ! Абон ацы залы мах уадзæм иууыл ахсджиагдæр уроктæй сæ иу – Хъайтардзинады урок, уыцы адæмы хъайтардзинады тыххæй, кæцыты фæрцы абон мах цæрæм амондджын арвы бын. Уыдон сты нæ ветера-нтæ», – загъта мадзаламонæг.

Мадзалы раныхас кодта Уалыты Гайоз. Уый арфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн. Банысан кодта, зæгъгæ, ацы ахуырадон уагдоны ахуыр кæнынц диссаджы хорз сывæллæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон кафын дæр зонынц æмæ зарын дæр, фæлæ, фыццаджыдæр, хъуамæ уой сæ радтæг Ирыстоны патриоттæ. Рæзгæ фæлтæр хъуамæ уарзой æмæ алы хатт дæр цæттæ уой Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Банысан кодта, зæгъгæ, абон цы рауагъдонтимæ æмбæлынц, уыдон  хъомылады аттестаттæ райсдзысты 2020 азы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боныл 75 азы  æмæ ирон адæмы геноцидыл 100 азы сæххæсты азы.

Уалыты Гайоз бакаст доклад: «Мах, ветерантæ, арæх ахъуыды кæнæм ивгъуыды азты, нæ чысыл Райгуырæн бæстæйы тыххæй… Фидæны нæ райгуырæн къуым цахæм уыдзæн, уый тыххæй бæрндзинад æнкъаргæйæ, Ветеранты республикон совет фæндон хæс-сы, цæмæй ветерантæ æмæ ветеранты организацитæ активондæрæй æмбæлой республикæйы ахуырдзау фæсивæдимæ, рæзгæ фæлтæримæ. Нæ адæмы патриотизмы тых уæлдай тынгдæр разынд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты. Хæстæн уыд адæмон характер. Хуссар Ирыстонæй фронтмæ ацыд 22 мин адæймаджы. Уыдонæй 17-18-аздзыдтæй бархионтæ уыдысты 4618 лæппуйы æмæ 561 чызджы. Сталиниры равæрд æрцыд æфсæддон госпиталь 650 сынтæгæн. Ирыстоны Райгуырæн бæстæйæн балæвар кодта 36 хъайтары, уыдонæй 8 уыдысты Хуссар Ирыстонæй.  Уæлахизы бон æввахс кодтой 4 ирон инæлары – Харебаты Алексей, Джиоты Константин, Харебаты Зелим æмæ Хубулури Владимир. Уымæй дарддæр ма ирыстойнаг 38 салдаты æмæ афицеры бавдыст æрцыдысты уæлдæр хорзæхмæ, фæлæ æндæр æмæ æн-дæр аххосæгтæм гæсгæ хорзæхтæ нæ райстой», – дзырдта Советон Æфсады ветеран, булкъон Уалыты Гайоз.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ абон æвзонг адæймæгтæй бирæтæм нæй патриотизмы, уарзондзинады æнкъарæнтæ. Нырыккон дуджы ацы проблемæйы актуалондзинад æмбаргæйæ, æнæмæнгхъæуæг у æвзонг адæймаджы ацы æнкъарæнтыл хæрз-чысылæй хъомыл кæнын. Æнæмæнгхъæуæг у зæрдыл дарын, зæгъгæ, Райгуырæн бæстæ æрмæст быдыртæ, хъæдтæ, хæхтæ æмæ цæугæдæттæ не сты, фæлæ ма нæ адæм, не ‘фсымæртæ æмæ хотæ, дадатæ æмæ нанатæ. Нырыккон дунейы 2008 азы августы цауты фæстæ алы æмæ алы фæлтæртæ иумæ æмгуыстад куынæ кæной, уæд гæнæн нæй æхсæнады рæзтæн, нацийы иудзинад бахъахъхъæнынæн…

Ветерантæн арфæ ракодтой ногдзаутæ æмæ сын балæвар кодтой дидинджытæ. Бакастысты  хæсты æмæ ветеранты тыххæй фыст æмдзæвгæтæ. Уый фæстæ 11-æм къласы ахуырдзаутæ Бежанты Ге-орги, Гасситы Сæрмæт, Тедеты Аланæ æмæ Гæджиты Миланæ докладтæ бакастысты ахæм темæтыл: «Честь и достоинство осетина», «Уважение к старшим», «Уважение к женщине», «Отечест-во и долг». «Патриотизм у ирон на-цион характеры ирддæр миниу-джытæй иу. Ирон патриотизмæн ис йæхи хицæндзинæдтæ – ирон патриотон идеяты бæрзонд гуманон здæхтдзинад, динбыхсынад,  Фыдыбæстæмæ, райгуырæн къуыммæ, хи адæммæ уарзондзинад. Ирыстоны патриотизмы традицитæн ис арф уидæгтæ Сæрмæттæ æмæ Аланты рæстæджытæй райдайгæйæ», – дзырдта Бежанты Георги. Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта 1914 азы Фыццаг дунеон хæсты ирон адæмы патриотизмы тыххæй, цыран хайад райстой дунейы 59 паддзахадæй 34 бæстæйы. Хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ, зæгъ, арæзт æрцыд ирон фистæгæфсадон бригадæ 11393 адæймаджы скондæй. Ирон бæхджын дивизион рацарæзт æрцыд 5-æм бæхджын полкмæ. 38 ироны хорзæхджын æрцыдысты Уæлахизхæссæг Георгийы орденæй. Фыццаг дунеон хæсты райдианмæ ма ацы уæлдæр хорзæх райстой авд ироны. «Ирыстон никуы ферох кæндзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты. Сæ хъæбатырдзинад цæвиттойнаг ссис нæ республикæйы æвзонг фæлтæрæн 1992-2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты. Мах хæс-джын стæм, цæмæй зонæм æмæ кад кæнæм нæ хъайтартæн, Ирыстоны фидæны, мах тыххæй йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыдо-нæн.

Ветерантæй æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодтой Уалыты Лидæ, Цхуырбаты Иван æмæ æндæртæ. Уыдон æрсидтысты скъоладзаутæм, цæмæй уарзой сæ Фыдыбæстæ, ма рох кæной  ирон хъайтарты.

Мадзалы ма раныхас кодта Дзауы астæуккаг скъолайы директор Санахъоты Алан. Уый арфæ ракодта цытджын ветерантæн. Банысан кодта, зæгъгæ, нæ абоны фембæлд рауад хъарм æмæ цымыдисон. Уый куыд загъта, уымæ гæсгæ йæм бахатыд Дзауы районы ад-министрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, цæмæй йæ номæй ар-фæйы ныхæстæ зæгъа ветерантæн, иумиагæй мадзалы хайадис-джытæн.

Уалыты Гайоз йæ арæзт чиныг «Большая трагедия маленького на-рода» балæвар кодта мадзалы хайадисæг скъолатæн æмæ хайадисджытæн. Мадзалы кæрон Дзауы астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ ветерантæн равдыстой концерт. Сывæллæттæ сæххæст кодтой зарджытæ æмæ ирон кæфтытæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.