Гаглойты Алан Дзæуджыхъæуы фембæлд Уæрæсейы адæмон артист, Мариинаг театры аивадон къухдариуæггæнæг, дирижер Гергиты Валериимæ.

Зындгонд музыканты къухдариуæгадæй уагъд цæуы Дзæуджыхъæуы проект «Ведущие театры». Уый фæлгæтты сæмбæлдысты Президент æмæ маэстро.

Гергиты Валери раарфæ кодта Гаглойты Аланæн æмæ йын радзырдта концертон программæйы тыххæй.

«Арæх мах ралæууæм Америкæйы, Китайы, Европæйы сценæтыл, фæлæ ныр нæ хæдзары, Уæрæсейы нын ис бирæ хъуыддæгтæ. Æз райгонд дæн, балеты артистты, æххæстгæнджыты, музыкантты æвзонг фæлтæр кæй фæфылдæр, хорз хатдзæгтæ ис сæ куыстæн.

Махма нæ хъус дарæм, сæрмагонд æфсæддон операци уадзыны зонæйы цы цаутæ цæуы, уымæ. Радзур-ма нын, Хуссар Ирыстоны та куыд сты хъуыддæгтæ», — загъта Гергиты Валери

Гаглойты Алан бузныг загъта Гергиты Ва-лерийæн, кæй йæ фæхуыдта, уый тыххæй.

«Бузныг дын кæй мæ фæхуыдтай. Хуссар Ирыстоны адæм æмæ сæрмагондæй мæхи номæй дын зæгъын бузныг дæ архайды тыххæй. Банысан кæнын мæ фæнды, 2008 азы Цхинвалы цы концерт ауагътай, уый тыххæй. Фидæнмæ — 15 азы фæстæ, махæн тынг æхсызгон уыдзæн де ’рцыд. Парламенты бæстыхай сцалцæг кодтам æмæ дæ концертæн уыдзæн символикон нысан», — загъта Гаглойты Алан.

«Нæ хæстонтæ сты раззагдæрты ’хсæн. Абон уыдон, уæхски-уæхск хъахъхъæнынц нæ иумæйаг Райгуырæн зæххы интерестæ. Хъыгагæн, зиæнттимæ. Банысан кæнын мæ фæнды, сæрмагонд æфсæддон операци æмæ Уæрæсейы алыварс æрцæугæ цауты фæдыл дæ позици æвзонг фæлтæрмæ тынг раст кæсы. Дæ позици сын у Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны æмæ патриотизмы цæвиттон», — загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый фæстæ ныхас цыд æхгæд форматы.

Гаглойты Алан ма бакастис Вольфганг Амадей Моцарты оперæ «Волшебная флета»-мæ. Уыцы спекталæй байгом сты Дзæуджыхъæуы Мариинаг театры «Стыр гастролтæ».