Сабиты хъахъхъæныны бон нæ республикæйы æрвылаз дæр нысан фæцæуы стыр цины æнкъарæнтимæ. Уымæн æмæ нæ сабитæ сты нæ цин æмæ сомбоны ныфс. Ацы аз дæр уыдонæн сæ чысыл зæрдæтæ барухс кæнынæн уагъд æрцыдысты алыгъуызон рæсугъд æмæ цымыдисон мадзæлттæ, куыд горæты, афтæ нæ республикæйы районты дæр.

Нæ чысыл хуртæн 1-æм июны сæ бæрæгбоны цытæн цымыдисон мадзал уагъд æрцыд киноконцертон зал «Чермен»-ы. Ардæм мадзалмæ æрбацыдысты бирæ сабитæ.

Сабиты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн мадзал бацæттæ кодтой нæ республикæйы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитет нæ паддзахадон драмон театры актертимæ иумæ.

Ацы рæсугъд бæрæгбоны кæстæр фæлтæрæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Ахуырад  æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ горæт Цхинвалы администра-цийы ахуырады управленийы хистæр Джиоты Агуындæ.

Чысыл уазджыты æрбацыдмæ зал уыд бæрæгбонвæлыст. Сценæйыл та сæм æнхъæлмæ кастысты сæ уарзон аргъæутты хъайтартæ Теона, Шрек, принцесса Рапунцель, Джек-Воробей, Уæйыг æмæ æндæртæ.

Сценæйыл ма бæрæгбоны цытæн кæфтытæ æмæ зарджытæ сæххæст кодтой гимнази «Рухс»-ы ахуыргæнинæгтæ æмæ нæ горæты сывæллæтты 8-æм цæхæрадоны хъомылгæнинæгтæ.

Сабиты бæрæгбоны цытæн мадзалы цытджын уазджытæ ма уыдысты уæрæсейаг музыкалон проект «Ты – супер»-ы хайадисджытæ дæр. Куыд æй зонæм, афтæмæй уыдон сæрмагондæй ацы бæрæгбоны тыххæй хуынд æрцыдысты нæ республикæмæ. Хуссарирыстойнаг сабитæн сæ бæрæгбоны цытæн  «Ты – супер»-ы хайадисджытæ балæвар кодтой æмæ сын сæ зæрдæтæ барухс кодтой сæхи сæххæстгонд музыкалон но-мыртæй.

Зæрдæбын арфæйы ныхæстæ ма рæзгæ хуртæн загъта нæ  Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Уый бафæндыд, цæмæй сæ фидæн уа рæсугъд æмæ хъæлдзæг, уой кæддæриддæр æнæниз æмæ æнæмаст. Ахуырады æмæ зонады министр Гасситы Натали та бæрæгбонон фæндиæгты банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй ацы рæсугъд хъæбултæ уой амондджын æмæ мидбылхудгæ æмæ сæ ныййарджытæ та сæ цинæй æфсæст уой. Сабитæн ма арфæйы ныхæстæ загъта Джиоты Агуындæ дæр: «Уæ бæрæгбоныл кæддæриддæр æмбæлут зæрдæрухсæй æмæ хъæлдзæгæй». Уый ма бузныг загъта ацы рæсугъд мадзæлттæ бацæттæгæнджытæн.

Кæстæр фæлтæрæн ма сæ бæрæгбоны цытæн зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта мадзалы организатор, нæ республикæйы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Уый та бафæндыд, цæмæй сæ бæрæгбоны хорзæх уа, царды æппæт хæрзиуджытæй дæр хайджын уой. Ныййарджытæм та бахатыд, цæмæй ацы бон нæ, фæлæ сæ сывæллæттæн æрвылбон дæр уа бæрæгбонон зæрдæйы равг»

Бæрæгбонон мадзал рæсугъд æмæ аив кæй рауад, уымæ гæсгæ нæ чысыл хуртæ сæхи æцæгдæр фенхъæлдтой аргъæутты дунейы.

Чысыл сценæмæкæсджытæ аргъæутты хъайтартæм лæвæрдтой фарстытæ, хъазыдысты семæ, хъæлдзæг музыкалон номыртæм хъусгæйæ та-иу сæ кафын дæр æрфæндыд.

Кæронбæттæны мадзалы хайадисæг сабитæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.

 

****

Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн ма Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны коллектив æмæ хъомылгæнинæгтæ дæр бацæттæ кодтой къорд мадзалы. Ацы бон уал фыццаг бæрæгбонон арфæтæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ куклæты театры равдыст «Колобок»-имæ фæуазæг сты сывæллæтты рынчындонмæ. Ныртæккæ сывæллæтты рынчындоны чи хуыссы, уыдон æрбатымбыл кодтой залмæ. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахуыргæнæг  Æрсойты Зæринæ сын сæ коллективы номæй загъта бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ. Бафæндыдис ма йæ, цæмæй ацы рæзгæ хуртæ рынчындоны къæсæрæй макуыуал æрбахизой.

Уый фæстæ бакастысты куклæты театры равдыст аргъау «Колобок»-мæ.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахуыргæнæг Бибылты Мальвинæ нын куыд загъта, уымæ гæсгæ бæрæгбонон акци ныр уадзæм дыккаг аз, фарон дæр нæ фæндыд, рынчындоны чи хуыссы, уыцы сывæллæттæн исты равдыст равдисын, фæлæ нæ  уавæртæ нæ амыдтой. Ныр нæ фæнды, бæрæгбон рынчындоны кæй æрæййæфта, уыцы сабиты зæрдæтæ барухс кæнын.

Бæрæгбоны та ном ссарын вæййы æхсызгон æмæ ацы бон дæр се ‘нæниздзинад нывыл кæмæн нæу, уыцы сабитæ ахæм лæварæй райстой æгæрон æхцондзинад.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны бæрæгбонон иннæ мадзæлттæ уагъд æрцыдысты галуаны. Уыдонæй сæ иу уыд музыкалон проект «Ты – супер»-ы хайадисджытæ æмæ галуаны хъомылгæнинæгтмæ иумæйаг тымбыл фынг. Фысымтæ хуыздæр базонгæ сты уæрæсейаг уазджытимæ, байхъуыстой сын  экранмæ проекты сæххæстгонд зарджытæм. Уый фæстæ та хъазыдысты цымыдисон хъæзтытæй, кæрæдзимæ лæвæрдтой алыгъуызон фарстытæ. «Ты – супер»-ы хайадисджытæн бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арянæ.

«Ты – супер»-ы  хайадисджытæ  дæр  дзырдтой Ирыстоны тыххæй сæ тæлмæнтæ, зæгъгæ, нæ бæстæ æмæ нæ уазæгуарзондзинад сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Сæ хъуыдымæ гæсгæ сæ ныр арæхдæр фæнддзæн ардæм æрцæуын. Уыдонæн ма зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта Директорты советы сæрдар Дзгойты Олег дæр.

Уый фæстæ та уæрæсейаг уазджытæ æмæ нæ горæты кæстæртæ Сывæллæтты сфæл-дыстады галуаны кæрты уагъдцæуæг бæрæгбонон мадзæлтты истой хайад. Кæрт уыд бæрæгбонвæлыст, ардæм æрбатымбыл бирæ адæм. Зонгæ кодтой галуаны хъомылгæнинæгты равдыстытимæ, хъазыдысты алыгъуызон хъæзтытæй.

Уый фæстæ бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ æрæмбырдуæвджытæн загътой РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ йæ хæдивæг Гаглойты Элиса. Уыдон ма ацы бон схорзæхджын кодтой галуаны уагъдцæуæг конкурс «Мæ Ирыстон»-ы фæуæлахизуæвджыты.

Бæрæгбонон мадзæлтты кæронбæттæны уагъд æрцыд концерт. Бацæттæ йæ кодтой æмæ йæ хайадисджытæ уыдысты галуаны сфæлдыстадон къордтæ.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арянæ нын куыд зæгъы, уымæ гæсгæ сæ бæрæгбонон мадзæлттæ организацигонд æрцæуынц нæ ахуыргæнæн уагдоны афтæхуыйнæг «Сывæллæтты хæлæрттæ»-йы къорды хъæппæрисæй. Ацы къорды руаджы ауадзынц бирæ нысаниуæгджын мадзæлттæ. Йæ уæнгтæ та сты нæ уагдоны ахуыргæнджытæ.

Уæлдæр ранымадгонд хъæлдзæг æмæ цымыдисон мадзæлттæм чи фæуазæг ис æмæ сæ æхцондзинад чи райста, уыдон бузныгæй баззадысты сæ организатортæй.

ТУАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.