Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры кол-лективимæ. Фембæлд уагъд æрцыд Театры дунеон боны сæраппонд.

Фембæлды райдианы æрæмбырдуæвджытæ иу минут æмырæй алæугæйæ, ссардтой горæт Кемеровойы зынгсирвæзты амæттæгты рухс нæмттæ.

Уый фæстæ паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта театры кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта хорз рольтæ æмæ дарддæры æнтыстджын куыст.

«Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын бæрæгбоны цытæн. Æхсызгон мын вæййы сценæйыл уæ куы уынын, уæд, æмæ мын тынг æхсызгон уыдзæн ног паддзахадон драмон театры сценæйыл уæ фенд», – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, республикæйы къухдариуæгады кæй фæндыд ног паддзахадон драмон театры бæстыхай Театры дунеон бон байгом кæнын.

«Хуыцау æй уыны, мах архайдтам ацы хъуыддаджы, фæлæ нын нæ рауад. Фæлæ фидарæй зæгъын, иу мæйы фæстæ сымах кæй хъаздзыстут ног паддзахадон драмон театры бæстыхайы. Ныр театр байгом кæныны хъуыддаг æргъæвд нал æрцæудзæн», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг загъта, театр кæй нæ байгом, уымæн йæ сæйрагдæр проблемæ кæй у сценæйы дарæсæй ифтонгад.

«Иууыл ахсджиагдæр проблемæ у сценæйы дарæс. Фæлæ мах ацы фарст скъуыддзаг кæнæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.