Уыдис РХИ-йы Хицауады радон рабадт. Уагъта йæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Рабадт райдыдта «Юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджытæн паддзахадон контроль (хъусдард) æххæсткæнгæйæ сæ бартæ хъахъхъæныны тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектмæ ивындзинæдтыл уынаффæ кæнынæй. Закъоны проект æркæсынмæ рахаста Хицауады Сæрдары хæдивæг – экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

Уый йæ доклады куыд банысан кодта, афтæмæй закъоны проектыл бакуыст æрцыд паддзахадон контроль æххæст кæнгæйæ, юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты бартæ хъахъхъæныны къабазы барадон ахастытæ бæстонкæнынад хуыздæр кæныны нысанæн, куыд юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты, афтæ паддзахадон контролы органты интерестæ хынцгæйæ.

«Бавдисгæ закъоны проекты нысан цæуы иу азæй æртæ азы онг фæфылдæр кæнын контролгæнæг æмæ хъусдарды фæдыл органтæн юридикон цæсгæмттæ æмæ инди-видуалон амалиуæггæнджыты планон басгæрстытæ ауадзыны рæстæг.  Афтæмæй контролгæнæг æмæ хъусдарды фæдыл органтæ хæсджын уыдзысты, цæмæй планон басгæрстытæ æртæ азы иу хаттæй фылдæр ма уадзой», – загъта Бекъойты Геннади.

Закъоны проекты æвварс Хицауады уæнгтæ рахæцыдысты æмхъæлæсæй.

Рабадты рæстæджы фидар æрцыдысты скъола æмæ скъолайы агъоммæ уагдæтты ахуыргæнинæгты æнæаргъ хæлцæй ифтонг кæныны фæтк æмæ сывæллæтты хæлцыл æхцайы фæрæзтæ хардз кæныны нормæтæ.

«Сывæллæтты хæлцæн æхцайы фæрæзты лимиты бæрц фæстаг хатт фидар æрцыд 2015 азы. Хæлцады продуктты æргътæ астæуккаг нымадæй 15-25 проценты кæй фæфылдæр сты, уымæ гæсгæ фæзынд æнæмæнгхъæуындзинад, цæмæй сæм ногæй æркастæуа æмæ фæфылдæр уой, уымæн æмæ махæн нæ бон нæу сфидаргонд нормæтæ фехалын, кæцытæ хауынц, сывæллæтты хæлц рационалонæй организаци кæнынæн æнæмæнгхъæуæг килоколоритæм», – банысан кодта Зонад æмæ ахуырады министр Гасситы Натали.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй сидзæр сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджыты æвджид чи не сты, уыцы сывæллæтты ахуыргæнæн организациты хъомылгæнинæгтæн фæндон хаст цæуы, цæмæй иу адæймагæн рахицæн æрцæуа 190 сомы æмæ 60 къапеччы, скъолайы агъоммæ паддзахадон организациты хъомылгæнинæгтæн – 128 сомы æмæ 20 къапеччы, иумиагахуырадон организациты урокты фæстæ ахуыргæнæн къордты ахуыргæнинæгтæн – 64 сомы 80 къапеччы.

Рабадты ма сфидар кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры кусджыты куыстмыздтæм æрвылмæйон уæлæмхас бафыстыты бæрц, кæцы уыдзæн куыстмыздæн йæ сæдæ проценты бæрц.

Хицауады Барамынды проектмæ æмбарынгæнæн фыстæджы куыд дзырдæуы, афтæмæй 2020 азы 1 июлæй аивадон-артистон персоналæн æрвылмæйон уæлæмхас бафыстытæ фидар цæуынц 200 000 сомæй, административон техникон æмæ лæггадгæнæг персоналæн – 150000 сомæй, æрвылмæйон бафыстыты иумæйаг бæрц нæй гæнæн уа 350 000 сомæй фылдæр.

Уымæй дарддæр ма хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры фыццаг хæдивæг  Цоциты Аллæйы фæндон «Медико-социалон экспертизæйы паддзахадон къамис» саразыны тыххæй.

Йæ раныхасы уый банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады барамынды проект бацæттæ æрцыд республикæйы медико-социалон экспертизæйы куыст фæхуыздæр кæныны нысанæн.

Ацы уагдон арæзт цæуы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады раздæры сфидаргонд штатты фæлгæтты æмæ нæ хъæуы уæлæмхас штатон иуæгтæ рахицæн кæнын», – загъта Цоциты Аллæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.