Знон уыд Хуссар Ирыстоны Парламенты Президиумы рабадт, уый фæстæ та сесси, цыран уынаффæ цыд Хицауады Сæрдары бынатмæ Бекъойты Геннадийы кандидатурæйы тыххæй.

Президиумы 16 депутатæй 14 схъæлæс кодтой Бекъойты Геннадийы пайдайæн, дыууæ депутаты – Плиты Александр æмæ Дриаты Заза та сæхиуыл фæхæцыдысты.

Президиумы рабадтмæ премьер-министры фарст рахаста Парламенты Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады комитеты сæргълæууæг Габатты Алан.

Уый фæстæ фарст рахастæуыд сессимæ.

Сессийы куысты хайад райста Президент Бибылты Анатоли.

Парламент сразы Бекъойты Геннадийы кандидатурæйыл

Сессийы боны фæткы уыд 6 фарсты: Бекъойты Геннадийы Хицауады Сæрдарæй снысан кæныны, Хъахъхъæнынады министрад æмæ Мидхъуыддæгты министрадæй сæрибар æрцæуæг æмбæстæгты сахъатдзинады факт сбæлвырд кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн арæзтæрцæуæг Сразыдзинады ратификаци, «2021 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй» закъонмæ ивындзинæдтæ ба­хæссын, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 286 статьяйы дыккаг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссын, «Терроризмимæ тохы тыххæй» закъоны 6-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссын.

Рабадты райдианы Бибылты Анатоли банысан кодта Бекъойты Геннадийы     куысты фæстиуджытæ.

«Хицауады дæлведомствойон куыстуæттæ Нефтебаза æмæ Бæгæныфыцæн завод пайда æрхастой 24 милуан сомы. Бекъойты Геннадийы къухдариуæгадæй реализацигонд æрцыд агуыриаразæн заводы проект. Арæзтадон æрмæджытæ, уадзæн завод æмæ Бæгъиаты донуадзæн завод дæр æрхастой пайда. Бæрæг у, Хуссар Ирыстоны территорийыл «Сады Иристона»-йы проекты райрæзтмæ йæ хайбавæрд дæр, кæцы реализаци æрцыд æмæ дзы ныридæгæн райстæуыд 400 тонны фæткъуытæ. Йæ къухдариуæгадæй стыр куыст цæуы таможнæйон фарстатыл дæр», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Йæ рады Бекъойты Геннади радзырдта Хицауады куысты тыххæй.

«Цæттæ цæуынц къорд закъоны проекттæ, уыцы нымæцы паддзахадон службæгæнджытæн æмæ бюджетон сферæйы кусджытæн сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны тыххæй сразыдзинадыл, коммерцион цæрæнуаты проекты реализацийы, агросæудæджерадон комплексы рæзты, Ленингоры районы размæцыды, инвестицион климаты фæхуыздæр кæныны, хъалонæвæрды системæ фæхуымæтæгдæр кæныны, резервон электроны хахх рауадзыны тыххæй æмæ афтæ дарддæр», – загъта Бекъойты Геннади.

Санахъоты Дауыт та банысан кодта, зæгъгæ, Парламентæн нæй гæнæн æркæса Бекъойы фырты кандидатурæмæ, уымæн æмæ йын йæ кандидатурæ Парламентмæ куы æрбавдыстой, уæд Бекъойы фырт куыста ООО «Газпром – Хуссар Ирыстон»-ы генералон директорæй.

Санахъойы фырты ныхæсты тыххæй Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, уыцы фарст æппындæр ницы бар дары коммерцион архайдмæ, уымæн æмæ Бекъойты Геннади уырдыгæй мызд нæ иста. Уый къухдариуæг кодта уыцы структурæйæн фæлдзæуæн рæстæджы, уыцы организацийы æххæстхъомысадон куыст сифтонг кæныны тыххæй.

Уый фæстæ ауагъдæуыд сусæг хъæлæсæппæрст, кæцыйы фæстиуджытæм гæсгæ, 31 депутатæй 19 депутаты сразы сты Бекъойты Геннадийы кандидатурæйыл, 11 депутаты та йæ ныхмæ схъæлæс кодтой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.