РАМБЫЛДТОЙ 12 МАЙДАНЫ

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Улан-Удэйы уагъдæрцæуæг Уæрæсейы чемпионаты ирон богалтæ рамбылдтой 12 майданы.

Ацы ерыстæ уæлдай ахсджиагдæр уымæн уыдысты, æмæ уагъд кæй цыдысты Олимпиа-дæйы размæ æмæ бирæбæрцæй ам бæрæг цыд, Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды дунейы иууыл сæйрагдæр ерыстæм чи ацæудзæн, уыцы спортсменты нæмттæ.

Ирон хъæбысæйхæцджытæй æртæйæ систы сыгъзæрин майданты хицæуæттæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æртæ дæр кæй ар-хайдтой Олимпион уæзы категориты. Уыдонæй фыццаг фæуæлахиз Найфонты Артур (86 кг). Уымæн финалы йæ ныхмæлæууæг уыд дагъыстайнаг Даурен Куруглиев. Фембæлд рауад тынг æндыгъд. Дыууæ богалы дæр æмбæрстой, ацы тохыл баст кæй у сæ спортивон фидæн. Уымæ гæсгæ фылдæр сæ хъус дардтой, цæмæй ныхмæлæууæг ма сараза фæстиуæгджын атакæ. Фембæлд фæцис 1:1 хыгъдæй, фæлæ Найфонты Артур фæстаг бал кæй систа, уымæ гæсгæ уый нымад æрцыд уæлахиздзауыл. 

Къаддæр æндыгъд нæ рауад Сидахъты Зауырбег æмæ Разамбек Жамаловы тох. Уыдон хæцынц 74 кг уæзы категорийы. Уæрæсейы ацы уæзы категорийы ис иууыл стырдæр конкуренци. Фæлæ уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, иууылдæр æмбæрстой, финалмæ ахизыны сæй-раг фавориттæ ацы дыууæ богалы кæй сты, уый. Æмæ, æцæгæйдæр, уыдон фембæлдысты ацы уæзы сæйраг тохы.

Тохы фыццаг периоды фæстæ 2:0 хыгъдæй æмбылдта Жамалов. Ирон спортуарзджытæ æнхъæлмæ кастысты, Зауырбег тохы дыккаг хайы æвиппайды кæй сæмхуызон кæндзæн, фæлæ Жамалов йæхи афтæ хъахъхъæдта, æмæ Сидахъы фыртæн йæ къухы не ‘фтыд иу фæстиуæгджын атакæ саразын. Рæстæг куыд цыд, афтæ къаддæрæй-къаддæр кодтой, Зауырбеджы уæлахиз кæй уырныдта, уыдоны нымæц. Фæлæ йæхæдæг афтæ нæ хъуыды кодта. Тохы кæронмæ ма 10 секунды куыд хъуыд, афтæмæй уымæн бантыст Жамаловы гауызæй æддæмæ ратъæпп кæнын – 2:1. Уымæй 8 секунды фæс-тæдæр та Зауырбегæн бантыст ногæй йæ ныхмæлæууæджы гауызы æддæмæ ратъæпп кæнын æмæ хыгъд ссис 2:2. Цы дыууæ секунды ма баззад, уыцы рæстæджы ма Разамбек бæр-гæ атакæ кодта, фæлæ уæдмæ рæстæг фæцис. Жамаловы секунданттæ ма раппæрстой «челлендж», фæлæ тæрхонгæнджытæ уый растыл нæ банымадтой æмæ ма ноджы иу бал радтой Сидахъты Зауырбегæн. Афтæмæй тох фæцис 3:2 хыгъдæй ирон богалы пайдайæн.

Ирон богалтæй æртыккаг сыгъзæрин майдан та рамбылдта Козырты Сергей. Уымæн кæд йæ уæз 104 кг йедтæмæ нæ уыд, уæддæр сфæнд кодта 97 кг онг йæ уæз æркалыны бæсты йæ тыхтæ 125 кг уæзы категорийы бафæлварын. Æмæ йын уыд тынг хорз æнтыст. Уый финалы 1/4 хайы рамбылдта ерысты фавориттæй сæ иу – Анзор Хизриевы. Финалы та йæ ныхмæлæууæг уыд иннæ ирон богал Теблойты Ацæмæз.  Ам уæлахиздзауыл нымад æрцыд Козырты Сергей, Ацæмæз та бацахста дыккаг бынат. Дыккаг бынатмæ ма рахызт 97 кг уæзы категорийы архайæг Соттиты Асланбег.

Бронзæйон призертæ та систы Тусхъаты Азæмæт (57 кг), Тауитты Чермен (61 кг), Уалыты Чермен (70 кг), Уалыты Радик (79 кг), Кцойты Сослан (92 кг), Хуыгаты Хох (97 кг) æмæ Коцты Знауыр (97 кг).

ШАХМАТТÆ

Цхинвалы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны шахматтæй чемпионат блицæй. Ерысты хайад райстой республикæйы иууыл тыхджындæр хъазджытæ. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ шахматисттæ иууылдæр уыдысты иу къорды. Уыдонæй алчи дæр иннæтимæ ахъазыд фæйнæ дыууæ хатты. Алы хъазæгæн дæр иу партийæн лæвæрд цыд 3 минуты.

Спорт

РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георгийы ныхæстæм гæсгæ ерыстæ рауадысты тынг цымыдисон. «Æрæмбырд кодтам республикæйы иууыл хуыздæр шахматистты. Коронавирусы тыххæй чемпионат массон нæ сарæзтам. Уымæ гæсгæ фембæлдтытæ рауадысты ноджы æндыгъддæр æмæ цымыдисондæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ерысты æрмæстдæр цалдæр хъазты кæй фесты æмдыхæй. Иннæты алы хатт дæр уыд уæлахиздзау», – банысан кодта Саулохты Георги.

Партитæ иууылдæр акæныны фæстæ иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта æмæ республикæйы чемпион ссис Сиукъаты Алан. Дыккаг бынат бацахста Саулохты Георги æмæ æртыккаг та ссис Гæбæраты Ацæмæз.

Чемпионат сорганизаци кодтой РХИ-йы шахматы федераци æмæ шахматты скъола «Белая ладья».

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 30-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» йæхи фæзуатыл хъазыд Нижнекамскы «Нефтехимик»-имæ. Æнæхъæн хъазты дæргъы фысымтæ ныхмæлæууæг командæйы кулдуары раз сывзæрын кодтой бирæ уавæртæ пурти бакъуырынæн, фæлæ сæ спайда кодтой æрмæстдæр иу хатт. Уый хыгъд тæссаг уавæртæм лæмбынæгдæр ахаст равдыстой уазджытæ, кæцытæн бантыст дзуаппон пурти бакъуырын. Афтæмæй хъазт фæцис 1:1 хыгъдæй.

Ацы хъазты фæстæ Дзæуджыхъæуы «Алани»-йæн ис 56 очкойы æмæ турнирон таблицæйы дарддæр дæр ахсы 4-æм бынат.

Радон туры алайнæгтæ 20-æм марты Мæскуыйы хъаздзысты «Спартак – 2»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.