Сабийæн бинонтæ сты йæ иууыл фыццагдæр социалон дуне. Æрыгон фæлтæр растдæр уым базоны, куыст цы у, уый. Куыстæн сабийы царды ис ахсджиаг нысаниуæг. Йæ активондзинад, алцы базонынмæ тырнындзинад уæлдай тынгдæр разыны куысты. Чысыл саби хъæзтыты руаджы йæхи ивазы куыстмæ. Уый уарзы, йæ мад æмæ йæ фыд куыд кусынц, уымæ кæсын, æмæ cæ стæй фæлхат кæны: хъазы шофырæй, дохтырæй æмæ æндæр ахæм хъæзтытæй. Хъазт æй йæ фæдыл сайгæйæ, уый змæлы. Дыууæ-æртæ аздзыд сабийæн куы зæгъай, стъол асæрф, уæд уыцы архайды фæлхатт кæндзæн бирæ хæттыты, уымæн æмæ уыцы куыст сабийæн хæссы стыр æхцондзинад. Фæлæ уыцы змæлдтыты уый æххæст кæны механикон æгъдауæй. 5-6 аздзыдæй та уымæ фæзыны тырнындзинад, цы куыст ын бахæс кæнынц, уый хуыздæр сæххæст кæнынмæ. Ныййарджытæ цы куыст бакæнынц, уый райдайы фæлхатт кæнын æмбаргæйæ. Ам ныййарджытæ хъуамæ баххуыс кæной сабийæн, æмæ йæ здахой растæрдæм.

Куыд зонæм, афтæмæй куыст æвæрццагæй æндавы сабийы физикон æмæ психикон рæзтыл, фидардæр кæны хæцъæфты. Сабийы куы фæнда, уæд тырны куыст хуыздæр сæххæст кæнынмæ. Уый та йæ рады æвзæрын кæны сабимæ фæндвидардзинад, ахуыр æй кæны ныхдуртæ иуварс кæныныл, нысан къухты бафтын кæныныл. Практикон фæлтæрæнты сывæллон хорз бахъуыды кæны, рæзы йе ’взыгъддзинад хъуыды кæнынмæ, тырны фылдæр базонынмæ. Куыст сабийы фидардæр кæны, куыд моралон, афтæ физикон æгъдауæй дæр. Сабийæн рæзы йæ сæрыстырдзинад бакæнгæ куысты тыххæй, бафæнды йæ йæ куыст хистæртæн равдисын. Æмæ хистæртæ хъуамæ сæ хъусдард аздахой сабийы куыстмæ. Афтæ, куысты руаджы уый аргъ кæнын райдайы хистæрты куыстæн дæр. Уый уыны æмæ йæ зæрдыл бадары йæ алыварс адæм куыд кусынц хæдзары, заводы, дыргъдоны кæнæ быдыры.

Бирæтæ афтæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, саби чысыл у, йæ бон ницы у аразын æмæ хъыгдаргæ йедтæмæ ницы кæндзæн, уымæ гæсгæ йын кусыны фадат нæ радтынц, æмæ уымæй зиан хæссынц сабийы гоймаджы рæзтæн. Нæ йæ хъæуы иуварс кæнын, йæ бон сæххæст кæнын цы куыст у, уымæй. Дыууæ-æртæ аздзыд сабийы хъæуы химæ зилыныл сахуыр кæ-нын: хæра, йæ пысултæ кæна, йæ хъазæнтæ æфснайа æнæ искæй æххуысæй. Уыцы архайдтытæм кæсын хъæуы, куыд куыстмæ йæ цæттæ кæнын.

Куы фæхъомылдæр уа, уæд сабийæн фадат дæттынц хæдзары куыстыты хайад исынæн. Хатæн æфснайыны рæстæджы мад сабийæн дæтты хуылыдз хæцъил, цæмæй рыгты асæрфа, столыл къустæ, уидгуытæ аив æрывæрын. Сабийæн бар раттын хъæуы, цæмæй дыргътæ æмæ халсæртты ахса.

Хъыгагæн, иуæй-иу ныййарджытæ фæзæгъынц: «Уадз æмæ ма фыдæбон кæной, уыцы рæстæг дæр сын æрцæудзæнис», æмæ сабийæн ницы куыст бахæс кæнынц. Цалдæр азы фæстæ уыдон сæхæдæг хъаст кæнын райдайынц, сæ сывæллæттæ кæй ницæмæ арæхсынц, уый тыххæй.

Хæдзары куыстытæм сабийы ахасты стыр нысаниуæг ис фыдæн. Кæд æмæ фыд хæдзары куыстытæм кæса, куыд сылгоймаджы куыстмæ, æмæ лæппу афтæ хъомыл цæуа, æмæ йын йæ мад куы зæгъа, зæгъгæ ма исты куыст бакæн, уæд саби зæгъдзæн: «Æз сылгоймаг куы нæ дæн». Хатт иуæй-иу мæдтæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, хæдзары куыстытыл ахуыр хъæуы æрмæст чызджыты. Уый раст хъуыды нæу. Хæдзары куыст фаг кæны нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæн дæр. Ныййарджытæ хъуамæ кусой иумæ æмæ сывæллæтты дæр ууыл ахуыр кæной, уымæн æмæ уыдон сты фидæны мадтæ æмæ фыдтæ.

Кæд æмæ хæдзары цахæмдæр маргъ ис, уадз æмæ уымæ зила саби, дæтта йын хæринаг, йæ бынат ын сыгъдæг кæна. Ацы куыст сабийы хъомыл кæны æрдзмæ уар-зондзинад æмæ бæрндзинадыл. Уыцы-иу куыст систематикон æгъдауæй æххæст кæнын сабимæ æвзæрын кæны пайдайы куыстмæ тырнындзинад.

Цæмæй сабийы куыстыл ахуыр кæнæм, уый тыххæй аразын хъæуы хорз уавæртæ. Цæвиттон, мит калгæйæ, фиййаджы хъæд хъуамæ уа сабимæ гæсгæ, æндæра тагъд фæллайдзæн, йæ куыст кæронмæ нæ акæндзæн, æмæ æхцондзинад нæ райсдзæн. Кæд столы фарсмæ исты аразы, уæд ныййарджытæ дæр сæ хъус хъуамæ дарой, цæмæй саби бада раст æмæ дзы уа фаг рухс. Хистæртæн æххуыс кæнгæйæ, саби хъуамæ уæззау дзау-мæттæ ма иса.

Куыстмæ цæмæй сабийы фæндондзинад ма ахуысса, уый тыххæй йын æдзух хъæуы æххуыс кæнын. Уый фæстæ саби ноджы хуыздæр райдайдзæн иу, кæнæ иннæ куыст æххæст кæнын. Уæдæ сабийы куыстыл цайдагъ кæнын хъæуы хæрз чысылæй, ахуыр æй хъæуы, цæмæй уа куыстуарзаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.