Не ‘взонг республикæ уæззау царды фæндæгтыл рацыдис. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæбæрцæй бандæвта нæ фæсивæды цардыл дæр. Фæлæ нæ бон куыд у, афтæмæй сын сæ уавæртæ хуыздæр кæныныл архайæм зæрдиагæй.

Фæсивæды хъомыладыл тынг арæх цæуы ныхас, фæлæ йæм нырма бирæ ныййарджытæ кæсынц куыдфæндыйы цæстæй. Ныййарджыты бæргæ фæфæнды сæ сывæллæтты хорз, раст схъомыл кæнын, фæлæ хатгай сæхæдæг дæр нæ фембарынц, куыд æмæ цæмæй райдайын хъæуы, уый.  Республикæйы стыр хъусдард здæхт цæуы æнæниз æмæ аккаг фæлтæр хъомыл кæнынмæ. Уый хуымæтæг хъуыддаг   нæу – иуæй-иу зынхъомылгæнæн сывæллæтты раст фæндагыл æфтауын. Фæлæ йыл уæхскуæзæй кусынц Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекци,  булкъон Гатайты Лалийы сæргълæудæй.

«Цæмæй саби раст хъомылгонд цæуа, уый тыххæй, фыццаджыдæр, мад æмæ фыд сæхæдæг хъуамæ уой æгъдауджын, цæрой хæларæй, уарзой фæллой кæнын. Алы ныййарæджы дæр зæрдыл дарын хъæуы: мад æмæ фыд кæрæдзийы куы ратон-батон кæной, уæд сæ сывæллæттæн сæ зæрдæ ахуырмæ нал фæрайы. Цæмæй сывæллон ныййарджытæн аргъ кæна, уый тыххæй сæхæдæг хъуамæ царды раст фæндагыл лæуд уой. Ныййарæг мæстыхуызæй куы кæса, æдзух сывæллоны нæмынæй куы тæрсын кæна, йæ фарстатæн ын схуыст  дзуапп куы дæтта, йæ уроктæ цæттæ кæнгæйæ йын уайдзæфтимæ куы æххуыс кæна, уæд сывæллон фæзæрдæцъæх вæййы, ныййарæгмæ афтæ хъæрмуд нал вæййы. Иуæй-иу фыд бинонты ‘хсæн йæхи фæдары æгæр сæрбæрзондæй, куыд æмбæлы, йæ хъæбулимæ афтæ фæлмæн ныхас нæ акæндзæн, саби цы чиныг кæсы, цы киноныв федта, уыдоны мидисыл. Афтæмæй та уый стыр хъомыладон хотых у», – зæгъы Гатайты Лали.

Кæд хъыгаг у, уæддæр нырма ис бирæ ахæм ныййарджытæ, сæ сывæллæтты хъомылад æппæтæй дæр скъолайы бар чи бакæны.

Арæх ныййарджытæ сæ сабитæн æгæр буц митæ фæкæнынц. Афтæ сæм фæкæсы, æмæ сæм цæмæй цот хуыздæр хъусой, фылдæр сæ уарзой, уый тыххæй сæм хъæуы алы хатт дæр фæлмæнæй дзурын, хъæуы сæ æппæлын, сæ галиу митæ сын  æмбæхсын. Ахæм хъомылад æрхæсдзæн æрмæстдæр зиан. Ахæм уавæры сы-вæллон хивæнд, хиуарзон кæны, æмæ дзы куыдфæстагмæ рауайы мад æмæ фыдæн уынаффæгæнæг. Ныййарджытæ ма бæргæ бафæлварынц сæ рæдыд сраст кæнын, фæлæ æгæр ферæджы вæййы.

Скъола хъуамæ йæ домæнтæ бæстонæй æмбарын кæна ныййарджытæн. Уый тыххæй та хъуамæ ныййарджытæ арæхдæр цæуой скъоламæ, ахуыргæнджытæ семæ арæхдæр ныхас кæной хъомылады фарстатыл. Мад æмæ фыды рæстæгæй-рæстæгмæ абадын фæхъæуы урокты, байхъусой сæ сывæллоны дзуаппытæм, хъуамæ нырыккон ахуырады домæнтимæ зонгæ кæной. Æнæмæнг æрвылбон дæр бæрæг кæнын хъæуы сабийы боныг. Скъола æмæ бинонты ‘хсæн хъуамæ уа фидар бастдзинад, науæд рауайы афтæ, æмæ скъола иуæрдæм фæдзуры, бинонтæ та – иннæрдæм. Уæд сывæллæттæ сагъæсы бахауынц, кæмæ хъусой, уый нал фæзонынц. Ахæм уавæры сывæллонæн хъæуы феххуыс кæнын, цæмæй уыцы уавæрæй йæхæдæг фæндаг ссара рахизынæн, æрмæст æм хъуамæ ныййарджытæ дарой сæ цæст.

Ныййарæг хъуамæ зона, йæ сывæллон кæм ис, уый, кæд хъазынмæ, уæд – кæимæ, цавæр хъæзтытæ кæны…

Æнахъомты ‘хсæн иууыл фылдæр фыдракæндтæ сты давыны цаутæ. Сæ ныййарджыты цæстдардæй куы фæиппæрд вæййынц æмæ сæхи сæрибарæй куы банкъарынц, уæд кæнæ хыл кæнынц, кæнæ – давгæ.

Профилактикон мадзæлттæ ахъаз сты Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы куысты. Зынхъомылгæнæн æнахъом саби æрвылбон дæр хъуамæ хъуса,   хорз цы у æмæ æвзæр цы у, уый. Гатайты чызг куыд дзуры, уымæ гæсгæ уый æппынæдзух фæдзæхсы инспекторты – мах, зæгъгæ, нæ фæивдзыстæм дуне æмæ зынхъомылгæнæн æнахъомты æвиппайды нæ рараст кæндзыстæм, фæлæ иу ахæм сывæллон раст фæндагыл куы слæууа, уый дæр егъау æнтыст у! Уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ архайд æнæхъуаджы нæ уыдзæн.

Зын æмæ вазыгджын у хъомыладон куыст. Фæлæ хъуамæ алы ныййарæг дæр зона, сывæллон раст фæндагыл куы ‘рлæууа, уæд уый кæй у фидæны амонд. Йæ хъысмæтмæ йын куыдфæндыйы цæстæй кæсын та у фидæны хъизæмар, фидæны цæссыгтæ æмæ мастхæссæг бинонтæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.