Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы Мидхъуыддæгты министрадæн конд æрцыд милицийы фадыгон инспекторты пункт, кæцы нырæй фæстæмæ стыр ахъаз уыдзæн Орчъосаны, Монастеры, Абреуы æмæ Цхилоны хъæуты цæрджыты проблемон фарстатæ оперативонæй скъуыддзаг кæнынæн. Раздæр-иу бынæттон цæрджытæ сæ фарстаты фæдыл цыдысты Цъинагары хъæуы милицийы хайадмæ, кæцы у Орчъосаны хъæуæй дæрддзæф, æмæ уымæ гæсгæ зындзинæдтæ æвзæрстой. Уымæн æмæ уыцы хъæуты фылдæр кардзыд адæм цæрынц æмæ дзы алкæмæн фадат нæй транспорт ссарынæн, къахæй цæуын та сæ бон нæу.

Ног азы хæдразмæ Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб кусæгон балцы уыд ацы хъæуты æмæ йын цæрджытæ радзырдтой, цахæм зындзинæдтимæ æмбæлынц, милицийы æххуысы сæр сæ куы бахъæуы, уæд. Ведомствойы сæргълæууæг хæслæвæрд радта æмбæлон службæтæн, цæмæй ацы проблемон фарст сахуыр кæной алыварсонæй æмæ саразой афтæ, цæмæй бынæттон цæрджытæ зындзинæдтæ мауал æвзарой. Фæстæдæр фæндон рахастой, цæмæй Орчъосаны хъæуы конд æрцæуа фадыгон инспекторты пункт.

Бынæттон администраци милицийы пункт бакæныны тыххæй рахицæн кодта хатæн æмæ йæ Мидхъуыддæгты министрад йæхи тыхтæй сцалцæг кодта. Бахастой ма йæм æнæмæнхъæуæг инвентарь æмæ оргтехникæ дæр. Ныридæгæн дзы фадыгон инспектортæн ис æппæт уавæртæ дæр сæ профессионалон хæстæ  æмбæлонæй æххæст кæнынæн. Фадат сын ис бынæттон цæрджыты сæхимæ райсынæн æмæ сын цыбыр æмгъуыдмæ сæ проблемон фарстатæ аскъуыддзаг кæнынæн.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.