Æрæджы, Цæгат Ирыстон-Аланийы Ольгинскæйы хъæуы цæрджытæ банысан кодтой, сæрыстыр кæмæй сты, уыцы æмхъæуккаг Мамсыраты Хаджи-Умарыл 120 азы сæххæсты юбилей. Скодтой стыр куывд, бацæттæ кодтой концертон программæ. Цы хæдзары цардис, уым ныртæккæ ис музей. Скъола та хæссы йæ ном. Нæ горæты 5-æм астæуккаг скъола йæ ном кæй хæссы, уымæ гæсгæ ардæм фæхуыдтой йæ минæвæртты.

Скъолайы директор Туаты Мадинæ æмæ йе ‘мкусæг коллегæтæ Бежанты Мананæ, Еналдыты Жаннæ, Гæззаты Маринæ, Куымæридтаты Розæ, 10-æм скъолайы ахуыргæнæг Лалыты Вячеслав. 9 ахуыргæнина-джы семæ уыдысты хуссарирыстойнаг делегацийы сконды.

Ольгинскæйы хъæуы æмæ Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолаты æхсæн хæларадон бастдзинæдтæ рагæй ис.

Ольгинскæмæ ацæуынæн сын баххуыс кодтой республикæйы профессионалон цæдистæ. Скъолайы директор Туаты Мадинæ куыд загъта, афтæмæй сыл уым райгондæй сæмбæлдысты скъолайы педколлектив æмæ хъæууон администрацийы кусджытæ.

Номдзыд æфсæддоны хæдзары размæ æрбамбырд сты Ольгинскæйы хъæуы цæрджытæ, республикæйы хицауиуæгады,  æхсæнадон æмæ ветеринарон организациты минæвæрттæ, Рахисфарсы скъолайы ахуыргæнджытæ сæ ахуыргæнинæгтимæ.

Бæрæгбоны раныхасгæнджытæ дзырд-той легендарон развæдсгарæджы царды тыххæй, рæзгæ фæлтæрæн фæдзæхстой, цæмæй цæвиттон исой ахæм номдзыд адæймæгтæй.

Уым уыдис Мамсырайы фырты хъæбулы хъæбул Серхио Эрнандес. Уый дзырдта, ацы вазыгджын дуджы ахæм мысæн изæртæ банысан кæнын ахсджиаг кæй у, куыд рæзгæ фæлтæрæн, афтæ кæстæр фæлтæрæн дæр. Уымæн æмæ хъуамæ фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрд цæуой кæстæртæм, сæ хистæртæм хорзæй цы уыд, уыдæттæ æмæ уыдон та хистæрты фæзмой   æмæ тырной сæ хуызæн суæвынмæ. Сывæллæттæн æмбарын кæнын хъæуы, адæймагæн йæ бæрзонд моралон миниу-джытæ æппæты ахсджиагдæр кæй сты.

Туаты Мадинæ дæр радзырдта се скъо-лайы тыххæй, сæрыстырæй кæй хæссы Мамсырайы фырты ном, скъолайы кæрты та кæй ис йæ бюст æвæрд æмæ йын уыдон дæр кæй банысан кодтой йæ юбилей. Уый хъайтары музейæн бакодта лæвар. Фысымтæ та йын сæ рады балæвар кодтой Къостайы портрет æмæ чингуытæ.

Цхинвалы 5-æм скъолайы ахуыргæнинаг Дудайты Ацæмæз йæ раныхасы сæрыстырæй банысан кодта, хорз зонгæ кæй сты Хаджи-Умары царды фæндæгтимæ, у сын, йæ алы хъуыддагæй дæр цæвиттон кæмæй исой, ахæм гоймаг.

Ардæм æрбацæуджытæ æрымысыдысты, Ольгинскæйы хъæуæй Фыдыбæстæйон Стыр хæстмæ чи ацыдысты, уыдоны нæмттæ. Уыдысты 443 адæймаджы. Сæ фылдæр фæстæмæ нал æрыздæхтысты. Сæ номыл хъæуы ис мемориал.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ  зæрдæбын арфæтæ ракодта æрбацæуджытæн æмæ радзырдта номдзыд хъайтары сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Уый фæстæ дидинджытæ сæвæрдтой Мамсырайы фырты бюсты раз.

    БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.