ЦХИНВАЛЫ   6-ÆМ АСТÆУККАГ СКЪОЛА БАНЫСАН КОДТА ЙÆ 60 АЗЫ ЮБИЛЕЙ

14-æм декабры нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайæ хъуыстысты зæрдæйæн æхцондзинадхæссæг музыкæйы зæлтæ. Уыцы бон скъолайы уыд стыр бæрæгбон. Ахуырадон уагдон цытджын æгъдауæй банысан кодта йæ сырæзты 60 азы юбилей.

Бон сихорафон скъолайы актон залмæ æрбамбырд бирæ адæм. Скъолайы коллектив се ‘рхонгæ уазджытыл æмбæлдысты уазæгуарзонæй æмæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ. Уагдоны алкæцы уæладзыгмæ бахизæны дæр лæууыдысты скъоладзау-тæ æмæ уазджытæн дзырдтой æгасцу. Актон залы къултыл конд уыдысты юбилейон къулын газеттæ бæрæгбонон арфæтимæ.

Юбилейон цытджын мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, йæ хæдивæг Гаглойты Элиса,  РХИ-йы Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Лолаты Жаннæ, Парламенты æмæ Паддзахадон университеты минæвæрттæ, скъолайы раздæры сæргълæуджытæ æмæ ахуыргæнджытæ, нæ горæты скъолаты директортæ, рауагъдонтæ, ныййарджытæ …

Бæрæгбонон мадзал байгом кодтой мадзаламонджытæ, ацы скъолайы 11-æм «а» æмæ 8-æм «б» къласы ахуыргæнинæгтæ Джиоты Владæ æмæ Цхуырбаты Георги. Уыдон арфæ ракодтой æрæмбырдуæвджытæн, сæ бæрæгбонмæ сын кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Уый фæстæ фыццаг хатт айхъуыст скъолайы гимн, кæцыйы ныффыста ацы скъолайы 2017 азы рауагъдон Тедеты Аннæ. Сæххæст æй кодтой уагдоны хоры хайадисджытæ ацы скъолайы музыкæйы ахуыргæнæг æмæ хоры аивадон къухдариуæггæнæг Козаты Маринæйы сæргълæудæй.

Æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта скъолайы директор Людмила Александрова. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 60 азы скъолайæн бирæ дæр не сты æмæ цъус дæр. Æрдзырдта уагдоны сырæзты истори æмæ æнтыстытыл. Загъта, зæгъгæ, ацы скъолайы къæсæрæй бирæ аккаг рауагъдонтæ рахызтысты, кæцытæй бирæтæ систы зындгонд адæймæгтæ – зонæдты доктортæ æмæ кандидаттæ, зындгонд спортсментæ. Банысан кодта, зæгъгæ, æгæрыстæмæй, хæстон азты дæр скъола йæ кусынæй никуы æрлæууыд æмæ уæззау уавæрты кусгæйæ дæр уагъта аккаг рауагъдонты. «Фыццаг мах бакодтам не скъолайы ахуыры полилингвалон системæ æмæ ног ахуырадон стандарттæ,  фыццаг мах бакодтам нæхи сæрмагонд сайт, уырыссаг æвзаг æмæ ирон æвзаджы кабинеттæ, фыццаг мах сæвæрдтам æппæт кълæсты дæр видеокамерæтæ», – банысан кодта Людмила Александрова.

Скъолайы коллективæн зæрдæбын арфæтæ ракодта Президент Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 6-æм скъолайы алы хатт дæр ахуырадон процесс цыд бæрзонд æмвæзадыл æмæ, зæгъ, æгæрыстæмæй, алкæмæн йæ бон нæ уыд ацы скъоламæ бахауын. Æз дæр, зæгъ, кæддæр цыдтæн, ам цы математикæйы кружок архайдта, уырдæм. «Цы информаци райстон, уымæ гæсгæ уæ ахуырадон уагдоны рауагъдонтæй æхсæз сты нæ республикæйы алы æмæ алы фадыджы министртæ, афтæ ма математикон æмæ медицинон зонæдты кандидаттæ æмæ доктортæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы скъолайы иу къласы ахуыр кодтой Олимпион хъæзтыты дыууæ чемпионы, афтæ ма дунейы цалдæр чемпионы. Ныфс мæ ис, æмæ мах нырма бирæ хæттыты кæй банысан кæндзыстæм ацы скъолайы стыр æнтыстытæ», – загъта Бибылты Анатоли. Бæстæйы сæргълæууæг скъолайы райдиан скъолайы фæдыл директоры хæдивæг Гаглойты Мадинæ æмæ райдиан кълæсты ахуыргæнæг Гæбæраты Мадинæйæн саккаг кодта «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын нæмттæ. «РХИ-йы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæ лæвæрд æрцыдысты уагдоны ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ, Гатайты Нуну æмæ Джыгкайты Индирæйæн. Президент скъолайы къухдариуæгадæн радта сертификат уагдонæн æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæ самал кæныны тыххæй.

Мадзалы раныхас кодта Ахуырады министр Гасситы Натали, кæцы йæхæдæг дæр у ацы скъолайы рауагъдон. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй, ацы скъолайы ахуыр кæнгæйæ, уый никуы ахъуыды кодтаид, æмæ кæддæр цалдæр азы фæстæ, Ахуырады министр уæвгæйæ, арфæ кæндзæн йæ уарзон скъолайæн йæ юбилейы сæраппонд. Гасситы чызг радзырдта йæ мысинæгтæ йе скъолайон цардæй, афтæ ма ракодта йæ раздæры ахуыр-гæнджыты кой. «Куыд РХИ-йы Ахуырады министр, афтæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй скъола æххæстæй раздаха йæ раздæры кад, цæмæй йæ рауагъдонтæ дарддæр дæр нæ Ирыстонæн циндзинад хæссой се ‘нтыстытæй», – загъта уый æмæ скъолайæн балæвар кодта Уæлахизхæссæг Гиуæргийы статуя. Уый фæстæ Ахуырады министрады Кады грамотæтæ æмæ «Иумиаг ахуырады кадджын кусæг»-ы риуылдарæн нысæнттæй схорзæхджын кодта иу къорд ахуыргæнæджы. Афтæ ма скъолайы ахуыргæнинæгтæн ныфс бавæрдта, зæгъгæ, спортивон залы тренажертæ фыццаг уыдон райсдзысты.

Скъолайы коллективæн сæ юбилейы сæ-раппонд арфæ ракодта горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан. Юбиляртæн хъарм ныхæстæ загъта горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Лолаты Жан-нæ дæр æмæ администрацийы номæй скъолайæн балæвар кодта дидинджытæвæрæн стыр вазæ.

Бирæ хъарм ныхæстæ загъта бæрæгбонгæнджытæн Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы президент Тедеты Залинæ. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы скъола каст фесты сæ бинонтæй цалдæр – йæхæдæг, йæ хо, йе ‘фсымæр æмæ йæ чызг. «Ацы скъолайы ахуыр кæнгæйæ, мæ директор уыд Гасситы Отар. Уагдоны куыстой сæ хъуыддаджы æцæг дæснытæ. Æгæрыстæмæй, ахæм дам-думтæ дæр цыдысты, зæгъгæ, Гассийы фырт æрæмбырд кодта Хуссар Ирыстоны автономон областы скъолаты хуыздæр ахуыргæнджыты. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй скъола дарддæр кæна йæ кадджын традицитæ. Арфæ дын кæнын дæ райгуырæн боны цытæн, мæ уарзон скъола», – загъта уый.

Скъолайы раздæры директор Козаты Лирæ дæр зæрдæбын арфæтæ ракодта уагдоны коллективæн. Уый иу уысм æмырæй алæууынæй ссарын кодта, скъолайы раздæры директортæ æмæ ахуыргæнджытæй а-дунейæ чи ацыд, уыдоны рухс нæмттæ. Æрæмысыд æмæ æрдзырдта, ацы скъолайы куы куыста, уыцы рæстæджыты цауты тыххæй. Парламенты депутат Цоциты Игорь зæрдæбын арфæтимæ скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинетæн балæвар кодта ныв. Зæрдæбын арфæтимæ æрæмбырдуæвджыты размæ рахызт скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Чилæхсаты Залинæ дæр. Уый цалдæр цауы тыххæй радзырдта Бекъойты Эдуардимæ йæ сабибонты мысинæгтæй.

Скъолайы кусынц æмæ куыстой бирæ квалификациджын æмæ сгуыхт ахуыргæнджытæ, уыдоны ‘хсæн сæрмагонд бынат ахсы Ленины орден  æмæ Пушкины майданы кавалер, РХИ-йы Адæмон ахуыргæнæг, адæймаг-легендæ Джиоты Мария Федыры чызг, кæцы скъолайы бакуыста 75 азы.  Уагдоны куыстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ Нарыкъаты Любæ, Джиоты Граф, Хволес Идæ æмæ Юри Виленчик. Мадзаламонджытæ сæрыстырæй банысан кодтой, зæгъгæ, 6-æм скъола у иунæг ахæм уагдон, кæцыйы къæсæрæй рахызтысты дыууæ хатты Олимпион чемпионтæ Каха Кахиашвили æмæ Богъиты Вадим, афтæ ма дунейы æртæ чемпионы: Æлборты Игорь, Гулиты Хъазбег æмæ Кæсæбиты Арсен.

Бæрæгбоны музыкалон номыртæ кæрæдзи ивтой – ирон зарæг «Цины бæрæгбон» сæххæст кодта Козаты Галинæ, скъолайы хоры хайадисджытæ цалдæр зарæджы азарыдысты Козаты Маринæйы сæргълæудæй, уагдоны кафджыты къорд сæххæст кодта ирон кæфтытæ Асаты Никъалайы къухдариуæгадæй. Скъолайыл фыст æмдзæвгæтæ бакастысты Гæбæраты Аланæ, Буджиты Чермен, Къæбысты Алинæ, Бекъойты Заринæ æмæ æндæртæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ мадзалы рæстæджы экраныл æвдыст кæй цыдысты скъолайы историимæ баст кадртæ æмæ нывтæ.

Юбилейон мадзалы кæрон юбилярты егъау бæрæгбонон тортæй суазæг кодтой парти «Иугонд Алани»-йы фæсивæдон организацийы активисттæ.

 

Скъолайы сырæзты историйæ

1958 азы 1-æм сентябры авдазон скъолайы бындурыл арæзт æрцыд 6-æм скъола. 1962 азæй 1972 азмæ скъола уыд Цхинвалы горæххæсткомы адæмон ахуырады хайады дæлбар. 1978 азы 19 сентябры Цхинвалы горæххæсткомы уынаффæмæ гæсгæ скъолайæн лæвæрд æрцыд зынгæ советон педагог В.Сухомлинскийы ном. 1995 азы скъолайы педсовет райста уынаффæ уагдонæн Бекъойты Эдуарды ном радтыны тыххæй æмæ 1997 азы 26 августы скъолайæн лæвæрд æрцыд Бекъойты Эдуарды ном.

6-æм астæуккаг скъолайы уый размæ азты директортæ уыдысты: Гасситы Отар, Абайты Виктор, Санахъоты Торгвай, Джыгкайты Александр, Сиукъаты Зауыр, Хуыбиаты Владимир, Козаты Лирæ, Наниты Лидия.

 

БЕКЪОЙТЫ ЭДУАРДЫ БИОГРАФИЙÆ

Райгуырд 1947 азы. 1954 азы ахуыр кæнынмæ бацыд 6-æм скъоламæ æмæ йæ каст фæцис 1965 азы. Уыцы аз бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты физикæ-математикæйы факультетмæ, каст æй фæцис 1970 азы тынг хорз нысæнттыл. Йæ фæллойадон архайд райдыдта Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæдоны физикæйы ахуыргæнæгæй. 1972 азы кусын райдыдта 6-æм скъолайы математикæйы ахуыргæнæгæй. Уый бакуыста математикæ амоныны йæхи методикæ. Йæ ахуыргæнинæгты ‘хсæн сты физикæ-математикон зонæдты кандидаттæ, ахуыргæндтæ, аспиранттæ.

1982 азы Советон Гуырдзыстоны ахуырады министры бардзырдæй Бекъойы фырт хорзæхджын æрцыд «Адæмон ахуырады отличник»-ы риуылдарæн нысанæй. 1983 азы та йын лæвæрд æрцыд Ахуыргæнæг-методисты ном. 1986 азы Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй Бекъойты Эдуард хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орденæй. 1987 азы Бекъойы фырты сæвзæрстой горæт Цхинвалы мате-матикæйы фæдыл сæйраг специалистæй. 1993 азы 27 январы Бекъойты Эдуард йæ цардæмбал æмæ йæ фыртимæ фæмард сты трагикон æгъдауæй, Транскавказы автомагистралы зæйы бын бахаугæйæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.