12-æм майы фыццаг ирон сылгоймаг-фыссæг, драматург, режиссер æмæ публи-цист Кочысаты Розæйыл сæххæст уыдаид 135 азы. Уый уыд «Сылгоймæгты драмкъорд»-ы организатор æмæ йæ активон уæнгтæй сæ иу. Розæ цы æртæ пьесæйы ныффыста, уыдон хаст сты скъолайон программæмæ, уыдон цымыдисон сты ныртæккæ дæр нæ адæмæн.

Уæрæсейы пролетариаты тохы цæхæртæ æгас бæстæйыл куы апырх сты, уæд се стъæлфæнтæ схæццæ сты Ирыстоны фæллойгæнæг дзыллæтæм дæр. Прогрессивон интеллигенци æмæ кусæг адæм социал-демократты партийы разамындæй сыстадысты сæ бартæ райсынмæ, революци фæуæлахизы тохмæ.

Уыцы æхсæнадон-политикон цаутæн æвдисæн уыдис Кочысаты Розæ дæр. Розæ  баст уыдис уæды рæстæджы революцион куыстгæнæг раззагон фæсивæдимæ æмæ уыдон руаджы йæ дуджы алы цаутæм раст социалон-политикон цæстæнгасæй акæсын йæ къухты бафтыд. Розæйы хуызæн прогрессивон сылгоймаг-фæсивæды Ольгинскæйы цырын кодтой революционертæ Мамсыраты Саханджери æмæ Байаты Чермен. Уыдоны уынаффæмæ гæсгæ Ольгинскæйы скъоладзау чызджытæ сарæзтой сылгоймæгты драмон къорд, уымæн æмæ уыцы рæстæджы худинаг уыд чызджытæ æмæ лæппутæ иумæ сценæйыл куы хъазыдаиккой, уый. Ольгинскæйы 12 чызджы, семæ Розæ дæр, афтæмæй райдыдтой æхсæнадон-политикон æгъдауыл ахуыр кæнын. Чызджыты къорд фыццаг бакастысты æмæ равзæрстой Чернышевскийы роман «Что делать?», уый сын байгом кодта сæ фæндæгтæ рухсдзинадмæ.

Ольгинскæйы хъæуы сылгоймæгты драмон къорд Розæйы разамынадæй 1904 азы сæвæрдтой Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ «Худинаджы бæсты мæлæт» æмæ «Уæрæседзау». Спектаклты нæ уыдис сылгоймаджы ролтæ æмæ уæд Розæ сфæнд кодта, сылгоймæгтимæ нæлгоймæгтæ кæм архайдтаиккой, ахæм пьесæтæ ныффыссын.

Курдиатджын чызг уыцы рæстæджы ныффыста æртæ пьесæйы: «Зæхх не ʻвдисæн, хур – нæ комдзог», «Мæ фыды ныхас æви мæ уарзондзинад?», «Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстъыф сæрра». Кæд гасæй æртæ пьесæ йедтæмæ нæ ныффыста, уæддæр йæ рæстæджы ахуыр адæймæгтæ сæ мысинæгты дисæн хастой æрыгон чызджы стыр курдиат.

Ацы æртæ пьесæйы æвæрд æрцыдысты Ольгинскæйы «театры», кæцы уыдис Æлдаттаты Татыны мæнгагъуысты. Хæдахуыр 12 артисткæйы æрвылбон æмбырд кодтой уырдæм æмæ сæ хъуыддагыл архайдтой уæндонæй. Татыны чызджытæ сæхæдæг дæр уыдысты сылгоймæгты драмон къорды уæнгтæ æмæ Розæйы пьесæты сæ ролтæ хъазынмæ хорз арæхстысты. Фæстæдæр Розæйы пьесæтæ 1906 азы æвæрд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы æмæ афтæмæй ирон чызджытæ байдыдтой зынын сценæйы, куыд сылгоймæгты, афтæ нæлгоймæгты ролты хъазгæйæ.

Кочысаты Псийы чызг Розæ райгуырд Цæгат Ирыстоны Ольгинскæйы хъæуы 1888 азы. Йæ ныййарджытæ уыдысты рæстæмбис цæрджытæ. Йæ фыд Пси уыди æрдзæй зондджын æмæ курдиатджын адæймаг, дзурынмæ, стæй ирон аргъæуттæ æмæ таурæгътæ кæнынмæ уыд дæсны. Уыдонæй Розæ спайда кодта йæ пьесæты.

Розæ астаздзыдæй бацыд сæ хъæуы ирон чызджыты дыууæкъласон скъоламæ. Уый фæстæ бацыд ирон чызджыты аздонмæ (приют) горæт Дзæуджыхъæуы. Уым Розæ фæстаг цыппæрæм кълас нæ фæцис, уымæн æмæ йæ фыд Пси уыд цыбыркъух æмæ йын фæзын ис йæ бирæ бинонты дарын. Уыцы рæстæджы Розæйы æфсымæр уыд афицер æмæ службæ кодта Ташкенты. Ахуырæн стыр аргъ кæй кодта, уымæ гæсгæ йæ хойы 1901 азы барвыста сылгоймæгты гимназы 3-аг къласмæ. Дыууæ азы фæстæ Розæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ ссыд æмæ йæхи цæттæ кæнын байдыдта сылгоймæгты 1-аг гимназы 6-æм къласмæ. 1904 азы фæлварæнтæ радта æмæ йæм бацыд, фæлæ та дзы æрдæг азы йедтæмæ нæ аца-хуыр кодта. Æхсæз къласон ахуырад куы райста, уæд ахуыргæнæгæй акуыста Лабæ, Алагир æмæ Æрыдоны.

Кочысаты Розæ уыд курдиатджын фыссæг æмæ публицист. Уæды рæстæгмæ гæс-гæ уыдис зондджын æмæ ныфсджын сылгоймаг. Йæ ныййарджытæ йын цы зæронд патриархалон фæндæгтæ амыдтой, уыдоныл нæ разы кодта æмæ уый йе ‘нæниздзинадыл бандæвта.

Кочысаты Розæйы сфæлдыстад кæд бæрцæй бирæ нæу, уæддæр йæ уацмыстæн ис стыр ахадындзинад.

«Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра» фыст æрцыд 1905 азы. «Гæды лæджы» Розæ æвдисы мæгуыр Умархан куыд ссардта бирæ æхца æмæ йæ ус Мызылоны фæдзæхсы, цæмæй хабар макæмæн зæгъа. Фæлæ Мызылон йæ сыхаг Комианæн радзырдта æппæт дæр. Уымæй та йæ базыдта пъырыстыф æмæ сæ адæмы раз фæрсы æхцайы тыххæй. Умархан йæхи ницызонæг скодта. Мызылон та йыл комдзог рацыд æмæ афтæ загъта тæлмацгæнæгæн: «Мæнæ, зæгъ, ды куы сæрра дæ, куы дæ сбастой æмæ хъыллистытæ куы кодтай, уæд уыди уыцы æхцайы ссард». Устыты пъырыстыф схуыдта æрра æмæ сæ æрцахсын кодта…

Ацы уацмысы Розæ æвдисы паддзахы хъузæттæ-иу мæгуыр фæллойгæнæг адæмы чысыл ницæй тыххæй дæр куыд æфхæрдтой, уый. Фыссæг архайджыты дзыхæй пъырыстыфы хоны æрра, адæмы удхарæй кæй мардта, уый тыххæй.

Розæйы чысыл комеди у юморæй йедзаг. Умархан æмæ иннæ архайджыты æвдисы хъæлдзæгæй. Æнахуыр хабæрттæ ис пьесæйы: пъырыстыфы сæррайæ уæлдай ма мæгуыр бинонтæн сæ къæппæг æрцахста кæсаг, се ʻнгуыр та – тæрхъус.

Умарханы фæлгонц у ирд: кæд хицауы раз йæхи ницæййаг лæгæй æвдыст у, уæддæр. Комеди фыст у адæмон æвзагæй.

Пьесæ «Мæ фыды ныхас æви мæ уарзондзинад?»-ы автор тох кæны зæронд æгъдæутты ныхмæ. Уый фæрсы: «Цы у тыхджындæр – уарзондзинад æви фыдæлты æгъдау æххæст кæнын? Æмæ йæхæдæг зæгъы: «Уарзондзинад фыдæлты æгъдæуттæй тыхджындæр у».

Кочысаты Розæйы æртыккаг пьесæ дæр «Зæхх – не ʻвдисæн, хур – нæ комдзог» сценæйыл æвæрд æрцыдис 1905-1906 азты. Ацы пьесæйæн йæ къухфыст фесæфти. Баззад ма æрмæстдæр, Розæ йæ фыдæй кæй хъуыста æмæ йæ уацмыс кæй бындурыл ныффыста, уыцы таурæгъ.

Розæ йæ уацмысы æвдисы стыр хъуыды: æвзæрдзинад, уæлдайдæр та стыр фыдракæнд, лæгмарын никуы басусæг уыдзæн. Октябры революцийы агъоммæ-иу ирон адæм ницæй тыххæй дæр кæрæдзийы туг куы калдтой, уый. Уымæ гæсгæ Розæ йæ пьесæйы сиды дзыллæты хи уромыны æгъдаумæ. Йæ публицистон уац «Нæ Иры чызджытæм» у рагон зианхæссæг æгъдау –  ирæды ныхмæ, кæцы мыхуыргонд æрцыд 1907 азы. Уыцы хъуыддаг Октябры революцийы размæ ирон адæмы æхсæн уыд ахсджиаг. Чызгæн нæ уыди йæхицæн къай равзарыны бар, йæ бинонтæ йæ ирæдыл уæй кодтой æхца, мулк фылдæр чи радтаид, ахæм усгурæн. Ольгинскæйы хъæуы дæр фыстой ирæд æмæ Кочысаты Розæ йæ зæрдыл бадардта уыцы хабæрттæ.

Ацы хъуыддаг айхъуыст æгас Ирыстоныл дæр. Розæйы размæ ахæм прогрессивон хъуыдытæ мыхуыры иу ирон сылгоймаг дæр нæ рауагъта.

Фыссæг йæ проблемон уацы сиды æгас Ирыстоны сылгоймæгтæм, цæмæй уыдон сæхæдæг райдайой сæ бартыл хæцын, цæмæй сæхи уæй кæнын ма уадзой ирæдыл, цæмæй сæ моймæ ма дæдтой æвæндонæй. Ирон сылгоймаджы цагъарæй фервæзыны хъуыддаг Розæ æргомæй бæтты Уæрæсейы 1905 азы революциимæ.

Розæйы ацы уац йæ ныййарджыты, стæй адæмы иу хайы зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ йын стыр мастмæ асайдта. Розæ канд ирæды ныхмæ нæ тох кодта, фæлæ фыдæлты æвзæр æгъдæуттæй чи баззад, уыдоны ныхмæ: чызджы скъæфты, уайсадыны, туг исыны, хист кæныны æмæ æндæрты ныхмæ.

Кочысаты Розæ бирæ нæ ацард, бирæ саразын ын нæ бантыст. Йæ курдиатæй хæрз чысыл райхæлди – хъысмæтæй йын цыбыр рæстæг лæвæрд уыд, фæлæ абон йæ ном цæргæйæ баззад. Розæ йæ цардæй ахицæн 1910 азы, 22-аздзыдæй.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.