Сау октябры историйæ

  Критикон, фæсæттæн 1993 аз. Хицауад бацахстой либералреформатортæ æмæ ныгуылæйнæгтæ. Номхуындæй, Советон Цæдисы ныппырхы аххосджынтæ. Уыдон Уæрæсейы ныгуылæйнаг рельсытыл сæвæрынмæ æмæ Райгуырæн бæстæ ауæй кæныныл бакусын. Сæ фæстæ лæууыд Ныгуылæн, Ельцин та сæ къухты ссис коммæгæс инструмент. Либералты пълæнттæм гæсгæ, Советон Цæдисы фæстæ хъуамæ нып-пырх уыдаид Уæрæсейы Федераци. Уыдон хæцыдысты Цæцæны æмæ æндæр территориты  сепаратистты фарс.

3-4 октябры конфликт æрмæст политикон системæйы кризис нæу. Адæм нал æууæндыдысты Ельциныл. Афтæ тынг йæ ныхмæ систы æмæ Урс хæдзары хъахъхъæнджытæ уыдысты мингай хуымæтæджы æмбæстæгтæ, столицæйы центры уыд æцæг растад. Адæм бамбæрстой, хицауадмæ кæй æрцыдысты бæстæйы суверенитет халджытæ, цы демократийæ сын баныфсæвæрдтой, ууыл дзырд дæр  кæй нæ цæуы Либералтæ ауæй кодтой национ интерестæ, ныппырх кодтой экономикæ, сæудæджерад æмæ хъæууонхæдзарадон кондад.

Уыцы цауты сæйраг архайæг – адæм бамбæрстой, хицауад ныгуылæны фарсхæцджытæ кæй бацахстой, уый. Хисæрмагонд парламенты кæй фехстой, уый бынтон раргом кодта либералон реформаторты æцæг цæсгом.

 

Цыбыртæй 1993 азы октябры путчы тыххæй

30 азы размæ президент Барис Ельцины ныхмæлæуджытæ рацыдысты уынгтæм Урс хæдзар бацахсыны нысанæн. Уый рахызт салдатты æмæ оппозиционерты тугкалæн ныхмæлæудмæ. 3-4 октябры цауты фæстиуæг ссис ног хицауад æмæ ног Конституци.

3-4 октябры æрцыд Октябры путч. Уæд æхстой Урс хæдзар, бацахстой телецентр «Останкино», æмæ Мæскуыйы уынгты та цыдысты танктæ. Æппæт уыдæттæ æрцыдысты Ельцин вице-президент Александр Руцкой æмæ Уæлдæр советы сæрдар Руслан Хасбулатовимæ кæй фæбыцæу, уый тыххæй.  Фæуæлахиз Ельцин, вице-президенты систой, уæлдæр советы суæгъд кодтой.

 Цæй тыххæй райдыдта Ельцины конфликт Уæлдæр советимæ?

1992 азы Борис Ельцин Хицауады сæрдары бынатмæ раразмæ кодта Егор Гайдары кандидатурæ,  уыцы рæстæгмæ  уый уагъта экономикон реформæтæ. Фæлæ Уæлдæр совет карзæй скритикæ кодта Гайдары архайд цæрджыты гæвзыккдзинады бæрзонд æмвæзады æмæ космикон æргъты тыххæй. Æмæ равзæрста Виктор Черномырдины ног сæрдарæй. Дзуаппæн Ельцин депутатты карз критикæйы бын фæкодта.

 

Ельцин æрурæдта Конституцийы архайд

1993 азы 20 марты фехъусын кодта Конституцийы архайд æруромыны æмæ «бæстæйы сæрмагонд фæткы управлени» бакæныны тыххæй. Æртæ боны фæстæ Конституцион тæрхондон Ельцины архайдтытæ банымадта æнæконституционыл æмæ президенты йæ бынатæй фæип-пæрд кæныны бындурыл. 28 марты прези-денты импичменты тыххæй схъæлæс код-той 617 депутаты, хъæугæ та кодта 689 хъæлæсы. Ельцин баззад президентæй. 25 апрелы æппæтадæмон референдумы фылдæр хъæлæстæй рахæцыдысты президент æмæ хицауады фарс.

 

Цахæм барамынд уыд №1400 æмæ куыд сцырын кодта уавæр?

1993 азы 21 сентябры Ельцин йæ къух æрфыста барамындыл Адæмон депутатты съезд æмæ Уæлдæр советы суæгъд кæныны тыххæй, кæд æмæ йын уый бар нæ уыд, уæддæр. Дзуаппæн Уæлдæр совет фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы барамынд ныхмæлæуд у Конституцийæн, уымæ гæсгæ æххæст не ‘рцæудзæн æмæ Ельцины та цух кæны президенты æххæстбартæй. Ельцины æвварс рахæцыдысты Хъахъхъæнынады министрад æмæ тыхон структурæтæ. Уый фæстæ къуыриты  дæргъы Уæлдæр советы уæнгтæ, адæмон депутаттæ æмæ вице-президент фактон æгъдауæй базза-дысты Урс хæдзары. Ахицæн сын кодтой бастдзинад, электрон рухс æмæ дон. Бæстыхайыл æрхъула кодтой милици æмæ æфсæддон службæгæнджытæ. Урс хæдзар хъахъхъæдтой оппозицийы бархионтæ.

Урс хæдзары фехст

4-æм октябры æхсæвы Ельцин райста уынаффæ бронетехникæйы æххуысæй Урс хæдзар сисыны тыххæй. Райсомы 7 сахатыл райдыдтой хицауады бæстыхай æхсын. Цалынмæ бæстыхай æхстой, уæдмæ уæлхæдзæртты цы снайпертæ æрбынат кодтой, уыдон æхстой Урс хæдзары цурмæ чи æрбацыд, уыдоны. Изæры 5 сахатмæ хъахъхъæнджыты ныхмæлæуд æххæстæй басастой. Оппозицийы къухдариуæггæнджыты, уыцы нымæцы Хасбулатов æмæ Руцкойы дæр æрцахстой. Ельцин баззад президентæй.

 

Цас адæм амард Октябры путчы рæстæджы?

Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ «Останкино»-йы штурмы рæстæджы фæмард 46 адæймаджы, Урс хæдзар æхсыны рæстæджы та – 165 адæймаджы бæрц. Фæлæ æвдисæнты ныхæстæм гæсгæ, фæмардуæвджыты нымæц уыд бирæ фылдæр. Сæ нымæц ивы цалдæр азы дæргъы, ома сæ чи 200 хоны æмæ чи та – 500 адæймаджы. 7-æм октябрь расидт æрцыд фыдохы бонæй.

 

Путчы фæстиуджытæ

Уæлдæр совет æмæ адæмон депутатты съезд нал уæвынад кодтой. Афтæмæй кæронмæ ликвидаци æрцыд Советон хицауады æппæт системæ.  1993 азы 12 декабры æвзæрстыты онг æппæт хицауад уыд Ельцины къухты. Уыцы бон æв-зæрст æрцыд нырыккон Конституци, афтæ ма Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы совет дæр.

Цы уыд Октябры путчы фæстæ?

1994 азы февралы Октябры путчы хъуыддаджы фæдыл кæй æрцахстой, уыдонæн амнисти расидтысты. Ельцин президенты бынаты уыд 1999 азы кæронмæ. 1993 азы путчы фæстæ ист Конституци абон дæр архайы. Ног паддзахадон принциптæм гæсгæ, президентæн хицауадæй ис фылдæр æххæстбартæ.

 

Ирон лæджы хайбавæрд  æмбæстагон хæст аиуварс кæнынмæ

Президент къордтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-æй æрдомдта, цæмæй «ссæрибар кодтаиккой Урс хæдзары, уым чи æрбынат кодта, уыцы бандæйæ». Фæлæ элитон дæлхæйттæ архайдтой сæхи сæрмагонд пъланмæ гæсгæ. Уыдон Урс хæдзары хъахъхъæнджытимæ баныхæстæ уадзын райдыдтой. Баныхæсты сæйраг фигурæ ссис «дæлбулкъон Владимир». Уый йæ коллегæ Сергей Кузьминимæ баныхæстæм бацыд Урс хæдзары судзгæ бæстыхаймæ æмæ депутаттæм æрсидгæйæ, фактон æгъда-уæй, «ауагъта Уæрæсейы Уæлдæр Советы фæстаг сесси».

«Альфа»-йы ветеран, Хуссар Ирыстоны Гдулеты хъæуæй рацæугæ Чи-лæхсаты Владимир радзырдта 1993 азы октябры конфликт сликвидаци кæныны тыххæй сæхи альтернативон варианты тыххæй, уымæй æфсымæрмар æмбæстагон хæст аиуварс кæнгæйæ.

«1993 азы 3-æм октябрæй 4-æм октябрмæ æхсæвы, Борис Ельцины бардзырдмæ гæсгæ, тыхон дæлхæйтты командирты æрæмбырд кодтой Кремлы 14-æм корпусы, президенты администрацийы аппараты бæстыхайы. Райсом раджы нæ бакодтой рабадтыты залмæ. Залмæ æрбахызт Ельцин æмæ нæм радта фарст, зæгъгæ, «цæттæ стут бардзырд сæххæст кæнынмæ?». Бардзырд та уыд ахæм: авиацийы æххуысæй Урс хæдзары ракетон-бомбæты цæф ныккæнын. Уыдоны фæстæ спайда кодтаиккой вертолеттæ, танктæ æмæ БМП-тæй. Æмæ уый фæстæ та мах – «Альфа» æмæ «Вымпел»-æй. Залы уыд мæрдон сабырдзинад. Афицерты дзыхæй сыбыртт дæр нæ хауд. Нæ дæлхайы нысан уыд, æрмæстдæр, терроризм æмæ организацигонд фыдракæндты ныхмæ тох кæнын æмæ нæ уæд та домдтой депутатты ныхмæ схæцын. Ныр рæстæг куы рацыд, уæд æй бамбæрстон, уыцы рæстæджы хуызджын революци саразынмæ кæй бафæлвæрдтой, уый. Уымæн æмæ провокатортæ æхстой куыд Урс хæдзары хъахъхъæнджыты, афтæ Ельцины фарсхæцджыты дæр. Уыдонæн сæйраг уыд фылдæр туг ныккалын, æмбæстагон хæст райтынг кæнын…

4-æм октябры, дыууæ БМП-йыл дыууæ хатты æрзылдыстæм Урс хæдзары алыварс. Йæ цуры куы æрлæууыдыстæм, уæд сæ бафарстон: «Мемæ чи рацæудзæн?». Дæсæй сразы сты, уый фæстæ нæм иннæтæ дæр æрбаиу сты. Æз систон сындзджын телы гæппæл æмæ йæ стыхтон бинтæй. Уыцы «урс тырысаимæ» мæ дæлбар Сергей Кузьминимæ бацыдыстæм централон бахизæнмæ. Цæмæй ныхмæлæуд æнæ тугкалдæй фæуыдаид, уый тыххæй сфæнд кодтон уæрæсейаг парламенты хъахъхъæнынады разамонджытимæ баныхас кæнын. Куы цыдыстæм, уæд нæмгуытæ нæ цурты тахтысты. Æртæ сахатмæ æввахс уыдаид, афтæ Урс хæдзары раз æрæвæрдтам нæ хæцæнгæрзтæ.

400 депутаты бæрц бадтысты талынг залы, цырæгътæ сæ къухты, афтæмæй. Æз бацыдтæн трибунæмæ, бацамыдтой мæ, куыд «Альфа»-йы дæлбулкъон. Загътон сын, зæгъын, мах нæ фæнды æнæаххос адæймæгты туг ныккалын æмæ куы нæ сразы уой Урс хæдзарæй ацæуыныл, уæд сæм уæддæр бабырсдзысты, æмæ уæд хъуыддаг уыдзæн трагикондæр. Баныфс сын æвæрдтон æдасдзинады къæлидор сифтонг кæнын æмæ адæмы горæтмæ ракæнынæй. Уыдон мæ бафарстой, зæгъгæ, цы гаранти нын дæттут? Сдзуапп сын кодтон: «Слово офицера», зæгъгæ. Ацы фæндоныл сразы сты, хъахъхъæнджытæ æрæвæрдтой сæ хæцæнгæрзтæ æмæ цæуын райдыдтой Урс хæдзарæй. «Альфа»-йы хæстонтæ эвакуацийы рæстæджы æдасдзинад куы ифтонг кодтой, уæд 15 сахат æмæ 52 минутыл Урс хæдзары цур уазæгдон «Украина»-йæ Таманскаг дивизи танкæтæй æхсын райдыдта. Уыцы рæстæджы Сæрибар фæзуаты ‘рдыгæй та æхсын райдыдтой пулеметтæй. Æхстой 6 минуты бæрц. Фæмард «Альфа»-йы хæстон Геннади Сергеев. Уый базонгæйæ, Ельцины фарсхæцджытæй кæцыдæр фæхъæр кодта, зæгъгæ, ныртæккæ «Альфа»-йы хæстонтæ Урс хæдзар штурмæй сисдзысты, фæлæ уыдон равдыстой æнахуыр хиуылхæцындзинад æмæ фæндвидардзинад. Уымæн æмæ йæ æмбæрстой, провокаци кæй уыд, цæмæй æмбæстагон хæст райдыдтаид. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй снайпер æхста  АИШ-ы минæварады бæстыхайæ», – радзырдта Чилæхсайы фырт.

Чилæхсаты Владимиры фæндвидардзинад бахъахъхъæдта бирæнымæц адæймæгты цард. Чилæхсайы фырты архайд ссис документалон киноныв «Отменивший войну»-йы бындур. Фыццаг хатт æй равдыстой  2019 азы ноябры мæйы мæскуыйаг кинофестиваль «Лучезарный ангел»-ы. Йæ режиссер у Николай Бурляев. Владимиры сгуыхтдзинады тыххæй Бурляев куы базыдта, уæд загъта: Тынг æхсызгон мын у Уæрæсейы нырма, æгæрыстæмæй, æмбæстагон хæст аиуварс кæнын дæр йæ бон кæмæн у,  ахæм хъæбатыр æмæ зондджын афицертæ кæй ис, уый».

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Чилæхсайы фырт у йæ хъайтар. Уæрæ-сейы бахъахъхъæдта æмбæстагон хæст æмæ ныппырхæй.

Ирон лæг ссис Стыр Уæрæсейы хъысмæт скъуыддзаггæнæг æмæ йæ аскъуыддзаг кодта æнтыстджынæй. Абоны онг дæр дзы стыр бузныг сты уæды Уæлдæр Советы депутаттæ сæрæгасæй кæй аирвæзтысты, уый тыххæй. Владимиры ныхæстæм гæсгæ, 1993 азы судзгæ фæззæджы цауты тыххæй æппæт рæстдзинад никуы базондзыстæм…

Ирон адæм сæрыстыр хъуамæ уой ахæм сæрæнгуырдтæй. Æвзонг фæсивæдæн та Владимиры хъайтардзинад хъуамæ суа дæнцæджы хуызæн. Уый 37 азы снывонд кодта æфсæддон службæйæн, уыдонæй 22 азы службæ кодта сæрмагонд дæлхай «Альфа»-йы. Ирон лæгæн йæ хорзы ном айхъуыст æнæхъæн Уæрæсейы. 1993 азы 4-æм октябры 17 сахат æмæ 43 минутыл, уый, къордты иннæ уæнгтимæ, не ‘руагътой спълангонд æмбæстагон хæст. Фæлæ уæддæр ацы вазыгджын операцийы сæйраг роль уыд ирон лæг Чилæхсаты Владимирæн.

Джиоты Екатерина

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.