Зындгонд куыд у,а фтæмæй Сыгъдæг Валентины бон уæвынад кæны 16 æнусæй фæстæмæ, фæлæ Уарзондзинады бæрæгбонтæ та зындгонд сты ноджы раздæрæй – рагон муртаттаг культурæты рæстæджытæй. Ацы бæрæгбонæн ис конкретон “аххосджын” – чырыстон сауджын Валентин. Ацы истори æрцыд 269 азы, уæд Римы империйæн къухдариуæг кодта император Клавдий II. Римы хæстон æфсад æвзæрста хæстон балцытæм салдатты хъуагдзинад æмæ хæстон раздзоджы уырныдта, зæгъгæ, йæ плæнтты сæйрагдæр знаг сты  æмкъайадтæ, уымæн æмæ усджын легионер йæ бинонты куыд фæдара, уымæй бирæ къаддæр хъуыды кæны империйы кадыл. Æмæ цæмæй салдатты хæстон тых бахъахъхъæдтаид, уый тыххæй император радта бардзырд, кæцымæ гæсгæ   легионер-тæн  нæ уыд ус курыны бар.

Фæлæ уымæй салдаттæ къаддæр уарзын нæ райдыдтой. Æмæ сæ амондæн разынд ахæм адæймаг, кæцы нæ фæтарст императоры тызмæгдзинадæй, æмæ сусæгæй райдыдта легионертыл сæ уарзæттимæ дзуар æфтауын. Уый уыд сауджын Валентин римаг горæт Тернийæ. Куыд зыны, афтæ уый уыд романтик, уымæн æмæ йæ уарзондæр ирхæфсæнтæ уыдысты, чи фæхыл, уыдон бафидауын кæнын, уарзондзинады фыстæджытæ фыссын æмæ легионерты куырдиатмæ гæсгæ уыдоны уарзæттæн дидинджытæ лæвар кæнын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй куыддæр император базыдта, афтæ аскъуыддзаг кодта уымæн йæ “фыдракæндон архайд” æруромын. Валентинæн рахастой мæлæты тæрхон.

Уый фæстæ, Валентины, куыд чырыстон хъизæмаргæнæг, кæцы æфхæрд баййæфта уарзондзинады тыххæй, Сыгъдæгыл банымадта католикон аргъуан. Æмæ 496 азы та, римаг Папа Геласиус, 14 февраль расидт Сыгъдæг Валентины бонæй. Æмæ уæдæй фæстæмæ райдыдтой Сыгъдæг Валентины боны уарзондзинады чысыл фыстæджытæ – “валентинкæтæ” фыссын.

 

 Цымыдисон факттæ Сыгъдæг Валентины боны тыххæй

– Японийы уыцы бон иууыл фылдæр кæрæдзийæн лæвар кæнынц шоколад. Уым Сыгъдæг Валентины боны нæлгоймæгтæ сылгоймæгтæн лæвар кæнынц фылдæр лæвæрттæ, афтæ ма схизынц бæрзонд бынæттæм æмæ уырдыгæй хъæр кæнынц сæ уарзæттæм, сæ зæрдæйы цы ис, уыдон.

– Фырмонц французæгтæ уыцы бон лæвар кæнынц зынаргъ дуртæ. Данийы та кæрæдзимæ фервитынц хус урс дидинджытæ.

– Англисæгтæ уыцы бон уарзондзинады фыстæджытæ фервитынц сæ цæрæгойтæм, уæлдай дæр та сæ куыйтæм æмæ сæ бæхтæм.

– Америкæйы Сыгъдæг Валетины бонмæ ауæй вæййы 108 милуан сырх розæйы, æмæ канфеттыл та бахардз кæнынц 692 милуан доллары.

– Финлянди æмæ Эстонийы ацы бон хонынц Æмбæлтты бон. Афтæ ма ацы бон банысан кæнынц уарзæттæ дæр æмæ кæрæдзийæн фервитынц уарзты фыстæджытæ æмæ открыткæтæ.

– Фыццаг валентинкæ фыст æрцыд Сыгъдæг Валентинæн йæхи къухæй.  Тæрхон ыл скæнынæй иу бон размæ уый йæ уарзон чызгмæ ныффыста хæрзбоны фыстæг, цыран ын уый радзырдта йæ уарзты тыххæй, æмæ дзы бафыста – “Дæ Валентин”, зæгъгæ. Фыстæг бафарстой, куы йæ бафхæрдтой, уый фæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.