Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта æмбырд «2018-2019 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры удварнон-хæрзæгъдауон хъомылады тыххæй» паддзахадон комплексон   программæ сæххæст кæныны фарстатыл.

Æмбырды хайад райстой Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæ æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Æмбырды рæстæджы уынаффæ кодтой 2018 азы программæйы хатдзæгтыл æмæ нысан æрцыд 2019 азы куысты план.

Пухаты Эрик хъусдард аздæхта программæйы актуалондзинад æмæ йæ эффективонæй реализаци кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ.

«Национ идеяйы сæйраг хæстæй сæ иу у рæзгæ фæлтæры хорз фидæнæн уавæртæ сифтонг кæнын, уымæ гæсгæ бакусын хъæуы ацы программæйы хуыздæр вариантыл. 2017 азæй фæстæмæ бирæ арæзт æрцыд, фæлæ 2019 азы мах хъæуы ноджы фылдæр бакусын. Мах хъуамæ программæмæ ногæй æркæсæм, сбæрæг кæнæм иууыл ахсджиагдæр здæхтытæ, кæцытæн рæстæгыл хъуамæ хицæн æрцæуа æхцайы фæрæзтæ», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Пухаты Эрик ма профилон министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæй æрдомдта «2020-2022 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзгтæ фæлтæры удварнон-хæрзæгъдауон хъомылады тыххæй», афтæ ма ног æртæазон программæ иу мæйы æмгъуыдмæ бакусын æмæ бацæттæ кæнын 2017-2018 азты программæйы фæлгæтты бакæнгæ куысты тыххæй Хицауады хыгъдтæ бавдисын.

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.