РХИ-йы Æдасдзинады паддзахадон комитеты сæргълæууæг Олег Ширан Президентæн радзырдта Знауыры районы арæнгæрон Уистæйы (Цънелисы) хъæуы алыварс уавæры тыххæй.

«Дæ бардзырды æмæ специалон гуманитарон операци æххæст кæныны фæлгæтты, æдасдзинады паддзахадон комитеты арæнгæрон службæйы кусджытæ ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæнмæ, цæмæй ацы цæрæн пункты цæрджыты æдасдзинад сифтонг кæной æмæ РХИ-йы арæнтыл паддзахадон символикæ сæндидзын кодтой. Ныртæккæ уавæр у сабыр, арæнхъахъхъæнджытæ æххæст кæнынц паддзахадон арæн хъахъ-хъæныны режим ифтонг кæныны фæдыл сæ хæстæ», – банысан кодта Олег Ширан.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, цæрджыты æдасдзинад сифтонг кæнын у, паддзахады раз цы хæстæ лæууынц, уыдонæй иууыл сæйрагдæр.

«Æз курæг дæн, цæмæй дарддæр дæр архайат гæнæнуæвæн тасдзинæдтæ аиуварс кæныныл. Цæрджытæ хъуамæ сæхи хатой æдасæй, республикæйы кæмфæнды ма цæрой, уæддæр. Республикæ Хуссар Ирыстонæн æдасдзинады иууыл минималондæр тасдзинæдтæ дæр хъуамæ иуварс æрцæуой», – загъта Президент.

Олег Ширан банысан кодта арæнхъахъхъæнджыты хорз куыст, уыцы вазыгджын хорз æмбарынад хæсы бæрзонд хатындзинад æмæ Æдасдзинады паддзахадон комитеты æмæ Арæнгæрон службæйы алы кусæджы цæттæдзинад Райгуырæн бæстæ-йæн алцыдæр саразынмæ.

Бибылты Анатоли бахатыд, цæмæй специалон гуманитарон операци сифтонг кæныныл цы кусджытæ архайынц, уыдонæн зæгъа бузныджы ныхæстæ æмæ Æдасдзинады паддзахадон комитеты сæргълæууæгæн бахæс кодта, цæмæй службæ кæныны тыххæй æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцæуой.

«Æз æй зонын, постмæ фæндаг арæзт кæй æрцыд, æппæт иннæ уавæртæ дæр хъуамæ арæзт æрцæуой. Хъуамæ уа паддзахадон арæны æнæмæнгхъæуæг нысан æмæ паддзахадон арæнты иумæйаг домæнтæ æххæст æрцæуой», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма бахæс кодта Æдасдзинады паддзахадон комитетæн, цæмæй «сахуыр кæной РХИ-йы арæныл æндæр здæхтытæ, цыран, гæнæн ис, уой æндæр Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй территорийы аннексийы тас-дзинæдтæ».

Æдасдзинады паддзахадон комитеты сæрдар Президентæн ныфс бавæрдта,  йæ ведомство кæй æххæст кæны ахæм мониторинг.

«Мах сбæрæг кодтам къорд фадгуытæ, цыран нырма хъæуы бакусын. Æдасдзинады паддзахадон комитет цæттæ у цавæрфæнды хæстæ дæр скъуыддзаг кæнынмæ», – загъта Олег Ширан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.