РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик хайад райста Дзауы районы скъолаты ног ахуыры азы райдианы сæраппонд бæрæгбонон мадзæлтты. Райдианы уал уый бацыд Кировы хъæуы астæуккаг скъоламæ.

Традицимæ гæсгæ ам айзæлдысты арфæйы ныхæстæ уазджыты номыл. Кастысты æмдзæвгæтæ, æххæст кодтой зарджытæ мадæлон æвзагыл.

Ацы хъæуы раздæр дæр стыр скъола уыдис, бирæ ахуыргæнинæгтæ дзы ахуыр кодта, фæлæ рæстæг, куыд ацы хъæуыл, афтæ йæ алыварс хъæутыл дæр йæ дæрзæг арм æруагъта, фæкъаддæр ис ахуыргæнинæгты нымæц дæр. Ныртæккæ ам цы ногарæзт скъолайы бæстыхай ис, уырдæм бæрцæй цæуынц 10 ахуыргæнинаджы æмæ кæд сæ бæрц цъус у, уæддæр сын арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр æмбæлон ахуырад райсынæн.

Хицауады Сæрдар ныхас кодта ахуыргæнджытимæ æмæ районы ахуырады хайады хистæр Битеты Марияимæ, тынгдæр сæ цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдоны фæдыл æмæ ныфс бавæрдта, уыдон иууылдæр фæд-фæдылонæй скъуыддзаг кæй æрцæудзысты.

Зонындзинæдты боны цытæн рæсугъд бæрæгбон уыдис горæт Къуайсайы дæр. Фæлæ цалынмæ цытджын мадзал нæ райдыдта, уæдмæ уал Хицауады Сæрдар азылд предметон кабинеттыл, цымыдис кодта ахуыргæнæн чингуытæ æмæ ахуырадон-техникон фæрæзтæй куыд ифтонг сты, уымæ.

Бæрæгбонон мадзалы скъолайы директор Хуыгаты Суликъо йæ раныхасы райгондæй фехъусын кодта, ног ахуыры азы скъолайы къæсæрæй кæй бахызтысты 161 ахуыргæнинаджы, уыдонæй 16 уыдысты фыццагкъласонтæ. Уыдонæн республикон политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы минæвæрттæ сфидаргонд традицимæ гæсгæ балхæдтой æмæ балæвар кодтой портфелтæ. Скъолайы директор ахуыргæнджыты, ныййарджыты æмæ ахуыргæнинæгты номæй загъта бузныг республикæйы разамынадæн Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Æмæ, канд уыдонæн нæ, фæлæ скъолайæн йе ‘ххуысы хай чи бакæны, уыдонæн иууылдæр.

Скъолайы директор ма æхсызгонæй банысан кодта, ацы аз ахуыргæнинæгтæ кæй фæфылдæр сты 11 ахуыргæнинаджы.

Бæрæгбонон мадзалы йæ арфæйы ныхасы Хицауады Сæрдар банысан кодта, Къуайсайы скъолатæн кæй ис хорз традицитæ, кæцытæ хъæуы хъахъхъæнын æмæ хуыздæр кæнын.

«Зынаргъ ахуыргæнинæгтæ, бар мын радтут æмæ уын раарфæ кæнон ног ахуыры азы райдианы сæраппонд. Мæ цæст уын уарзы ног æнтыстытæ, ирд цаутæ уæ царды. Уæ горæтæн, уе скъолайæн ис рагон хорз традицитæ. Къуайсайæ рацæугæтæй бирæтæ сты нæ зындгонд æмбæстæгтæ æмæ мæ ныфс ис, фæсивæды ног фæлтæртæ уыдонæн кæй разындысты аккаг фæдонтæ æмæ кæй суыдзысты нæ республикæйы кадджын æмбæстæгтæ. Мах архайæм ахуырады къабаз рæзын кæныныл, цæмæй нæ сывæллæттæ зонындзинæдтæ исой аккаг æмвæзадыл. Мæ цæст уын уарзы æнтыстытæ æмæ сабыр арвы бын цæрын. Нæ хъæуы хъусын дам-думтæм, республикæйы арæнтæ хъахъхъæд цæуынц фидарæй. Æмæ нæ хъæуы æрмæстдæр сабырадон хъуыддæгтæ аразын. Махæн алцы дæр уыдзæнис хорз», – банысан кодта Хицауады Сæрдар йæ раныхасы.

Цытджын мадзалы ахуырдзаутæн арфæйы ныхæстæ дзырдтой Къуайсайы горæты администрацийы къухдариуæггæнæг Бæззаты Геннади, æмæ районы ахуырады хайады хистæр Битеты Мария.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.