«Мæскуыйаг» микрорайон, куыд зонæм, афтæмæй арæзт æрцыд Мæскуыйы финансон æххуысæй æмæ йын ахæм ном дæр уымæн æрцыдис лæвæрд. Символикон рауад, æрæджы йæ территорийыл, бæлвырддæрæй та фыццæгæм астæуккаг скъоламæ æввахс территорийыл сагъд кæй æрцыдысты уырыссаг бæрзы талатæ. Ацы акцийы хайадисджытæ, сæйраджыдæр, уыдысты паддзахадон педагогон университеты студенттæ æмæ нæ горæты скъолаты хистæркъласонтæ – 150 адæймагæй фылдæр.

Акци ауадзынæн баххуыс кодта РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ дзы йæхæдæг дæр райста хайад. Уый хорзыл банымадта фæсивæды хъæппæрис æмæ æрымысыд, йæхæдæг дæр йе ‘взонджы бонты кæй сагъта бирæ талатæ. Афтæ ма банысан кодта, уырыссаг бæрзы талатæ нæ зæх-хыл садзын кæй у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн фидар хæлардзинады нысан дæр.

Акцийы рæстæджы йæ хайадисджытæ æдæппæт ныссагътой 100 талайæ фылдæр. Ласгæ та сæ æркодтой Кæсæг-Балхъарæй. Йæ организатортæй сæ иу, Цхуырбаты Людвиг куыд загъта, афтæмæй сæ скъолайы алыварс территорийыл фæнды аллея саразын, æмæ уый хорз лæвар уыдзæн æрмæст ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæн нæ, фæлæ микрорайоны цæрджытæн дæр.

 

ФЕМБÆЛД СКЪОЛАЙЫ ПЕДКОЛЛЕКТИВИМÆ

Уыцы бон ма РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид бацыд ацы микрорайоны уæвæг фыццæгæм астæуккаг скъоламæ, æмæ фембæлд педагогон коллективимæ. Раарфæ сын кодта рæзгæ фæлтæры ахуыр æмæ хъомыл кæныны сæ æвæллайгæ архайды тыххæй. Радзырдта, фæстаг азты ахуырады гъæд хуыздæр кæныны фæдыл цахæм куыст цыдис, уыдæтты тыххæй. Арæзт цыдысты сывæллæтты цæхæрадæттæ, æмæ скъолатæ, куыд нæ горæты, афтæ районты дæр, фидар æрцыдысты ахуырадон программæтæ, сæ мызд фæфылдæр ахуыргæнджытæн…

Президент куыд баныфсæвæрдта, афтæ уыцы куыст дарддæр цæудзæнис.

Паддзахады сæргълæууæг ма æрдзырдта республикæйы царды æндæр æмæ æндæр къабæзтæм хауæг фарстытыл.

Æргом ныхасы рæстæджы ахуыргæнджытæ Президентæн радзырдтой сæ проблемæты тыххæй дæр. Цæвиттон, рахъаст кодтой физикæ, хими, биологийы кабинеттæ, афтæ ма спортивон зал дæр хъæуæг инвентарæй ифтонг кæй не сты.

Президент горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланæн бахæс кодта, цæмæй æвæстиатæй бакуса ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.