Дзауы поселочы уагъд æрцыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг, спорты дæснытæм кандидат Санахъоты Геннадийы номарæн турнир боксæй. Тохтæ цыдысты поселочы скъола-интеранты спортивон залы. Ерысты хайад райстой Цхинвал, Дзау, Дменис æмæ РЦИ-Аланийы Горæтгæрон районы минæвæрттæ. Æдæппæтæй 80 адæймаджы. Тохтæ цыдысты дыууæ боны дæргъы.

Турниры хайадисджытæн раарфæ кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тедеты Альберт, администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик, афтæ ма РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гасситы Сослан.

Ерыстæ 29 октябры уымæн райдыдтой, æмæ уыцы бон Санахъоты Геннадийыл сæххæст уыдаит 47 азы.  Геннади уыд курдиатджын боксер. Рамбылдта æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсе æмæ Казахстаны чемпионаттæ. 2004 азы хæстон архайдтытæ куы райдыдтой, уæд слæууыд Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты рæнхъыты æмæ хъæбатырæй фæмард Тлиахъаны бæрзæнд хъахъхъæнгæйæ.

Геннадийы номыл турнир ныр уагъд æрцыд цыппæрæм хатт. Фыццаг хатт æй ауагътой 2019 азы. Дзауы районы ад-министрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ рагæй фæндыд турнир ауадзын æмæ цыппар азы размæ районы хорз цæттæ боксертæ куы фæзынд, уæд сфæнд кодтой йæ ауадзын.

Ерысты тренертæ бафæлвæрдтой сæ хъомылгæнинæгты цæттæдзинад. Турниры хайад райстой куыд фæлтæрдджын, афтæ нырма æрæджы боксæй архайын чи райдыдта, уыцы боксертæ дæр. Боксы скъолайы тренер Кокойты Мураты хъуыдымæ гæсгæ, турнир фæахъаз уыдзæн æвзонг спортсменты арæхстдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Турниры фæстиуджытæм гæсгæ  хуыздæр боксертæ хорзæхджын æрцыдысты лæвæрттæй.

 

АРМРЕСТЛИНГ

Хуссарирыстойнаг спортсментæ Бететы Алан æмæ Плиты Батрадз армрестлингæй систы Уæрæсейы гарзджын тыхты чемпионаты уæлахиздзаутæ. Бететы Аланæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 110 кг уæзы категорийы. Плиты Батрадзæн та аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 100 кг уæзы категорийы.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.