Хуссар Ирыстоны цытджын æмбæстæгтæ!

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайады уæнгты номæй уын хæларзæрдæйæ арфæ кæнын 2017 азы цытæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацæугæ азы нын уыд æнтыстджын аз. Нæ къухты бафтыдысты зынгæ æнтыстытæ, куыд социалон-экономикон, афтæ æндæр æмæ æндæр фадгуыты дæр. Тынг бирæ арæзт æрцыд, социалон инфраструктурæмæ чи хауы, ахæм объекттæ. РХИ-йы Хицауады хъæппæрисæй уагъд æрцыдысты, юбилейон нысаниуæг кæмæн уыд, ахæм бирæ мадзæлттæ.

Фыццаджыдæр, нæ ахастытæ уæрæхдæр цыдысты Стыр Уæрæсейы субъекттимæ, къухтæ фыст æрцыдысты æмгуыстады тыххæй сразыдзинæдтыл. Кæд бирæ арæзт æрцыд, уæддæр нæ разы лæууы бирæ фарстытæ аскъуыддзаг кæнын. Нæ тыхтæ хъуамæ радтæм, цæмæй нæ Хуссар Ирыстон размæ цæуа æмæ йын уа стыр æнтыстытæ алы къабазы дæр. Архайын хъæуы ууыл дæр, цæмæй нын нæ хæдбардзинад банымайой дунейы æндæр паддзахадтæ дæр æмæ афтæмæй дунейы картæйыл фæзына ног паддзахад, кæцыйы ном хуындзæн паддзахад Алани. Мах хъуамæ æппæт дæр саразæм ацы нысан къухты бафтын кæныны тыххæй.

Нæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

2017 аз уын æрхæссæт бирæ хæрзиуджытæ, фыццаджыдæр алкæцы бинонтæн дæр нæ зæрдæ зæгъы фæрныгад æмæ кæрæдзиæмбарынад. Уадз, 2017 азы апрелы мæйы президентон æвзæрстыты нæ адæм саразæт раст равзæрст æмæ ног сæвзæрстгонд Президентимæ дарддæр дæр нæ Ирыстон, нæ хъуыддæгтæ цæуæт нæхи фæндиаг.

Стыр, Хуыцау, Сыгъзæрин Уастырджи, Ирыстоны Зæдтæ æмæ Дауджытæ нын æххуысгæнæг фæуæд ацы ахсджиаг хъуыддаг сабыр æмæ æмбæлонæй аскъуыддзаг кæнынæн. Ноджы дæр уæ Ног азы хорзæх уæд!

 

ГАГЛОЙТЫ Роберт,

дунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы

Хуссар Ирыстоны хайады сæрдар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.