Зынаргъ Алан Эдуарды фырт!

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Координацион Советы æмæ мæхи номæй дын зæрдиагæй арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты æнтыстджынæй кæй фæуæлахиз дæ, уый фæдыл.

Уырны мæ, ацы бæрнон куысты дæ къухы бæрзонд æнтыстытæ кæй бафтдзæн æмæ дарддæр кæй хæццæ кæндзынæ нæ фыдæлты фарн æмæ намыс.

Нæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, ног æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны фидæнæн!

 

ЕНАЛДЫТЫ Хъазбег,

«Иры Стыр Ныхас»-ы Координацион

 Советы сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.