Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры 18, 19 январы æвдыст æрцыд ног спектакль, италиаг драматург Альдо де Бенедеттийы комеди «Цыппæрæмæй цыппæрæммæ», зæгъгæ. Текст ратæлмац  кодта драматург Айларты Асæхмæт. Спектаклы архайынц æхсæз персонажы, сæйраг ролтæ дзы æххæст кæнынц Тедеты Андрей æмæ Хуыгаты Альбинæ. Йæ режиссер у Хъæцмæзты Фатимæ. Спектаклы темæ куыд раджыйы рæстæджы, афтæ нæ дуджы дæр  у тынг актуалон. Уым дзырдæуы, зæгъгæ,  сылгоймæгтæ сайдтой, сайынц æмæ сайдзысты, кæд комкоммæ нæ, уæддæр хъуыдыйæ, уымæн æмæ алкæцы сылгоймаджы царды дæр вæййы ахæм уысмтæ æмæ йæ бафæнды сыгъдæг уарзты уацары бахауын. Йæ сæйрагдæр мидис у æвзонг, рæсугъд сылгоймагыл йæ цардæмбал кæй фæгуырысхо. Уый сфæнд кодта йæ иузæрдион сылгоймаджы алы къахдзæф дæр сбæрæг кæнын. Уымæ гæсгæ баххуырста фæдагурæн службæйы сæрмагонд агенты дæр. Уыцы агенты зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд сылгоймаг æмæ райдыдта йемæ æмбæлын. Фæстагмæ æппæтдæр куы рабæрæг, уæд лæг бамбæрста йæ бакæнгæ хъуыддаг раст кæй нæ уыд æмæ йыл йæ цардæмбал иузæрдион кæй уыд.

Сценæмæкæсджыты зæрдæмæ спектакль тынг кæй фæцыд, уый бæрæг уыд сæ тыхджын къухæмдзæгъдæй æмæ артисттæн цы бирæнымæц дидинтæ лæвар кодтой, уымæй дæр.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.