Закъон Донбассы реинтеграцийы

тыххæй

Украинæйы Уæлдæр Рада райста Донбассы реинтеграцийы тыххæй закъоны проект ацы бæстæйы президенты фæндонмæ гæсгæ. Закъоны проекты фарс рахæцыдысты 280 депутаты. Документы æххæст ном у «Об особенностях государственной политики по обеспечению государственного суверенитета Украины на временно оккупированных территориях в Донецкой и Луганской областях». Ацы документ паддзахады сæргълæууæгæн фадат дæтты сабыр рæстæджы бæстæйы суверенитет бахъахъхъæныны тыххæй гарзджын тыхтæй спайда кæныны. Афтæмæй,  Донбассы хæстон архайдтыты æфсадæй спайда кæнын закъонмæ гæсгæ райст æрцæудзæн. Ныр, цæмæй закъон йæ тыхы бацæуа, уый тыххæй йыл Украинæйы президент Петр Поршенко йæ къух хъуамæ æрфысса. Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Александр Захарченко куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Украинæ ацы закъон кæй райста, уымæй равдыста бæстæйы хурскæсæны Минскы бадзырдтæм гæсгæ  конфликт сабырадон æгъдауæй аскъуыддзаг кæнын кæй нæ фæнд кæны æмæ хæстмæ цæттæ кæй у, уый.

Рацæудзысты иу тырысайы бын

Кореяйы Адæмон Демократон Республикæ æмæ Хуссар Корея Пхенчханы зымæгон Олимипион хъæзтыты байгом кæныны церемонийы рацæудзысты иу – «Иугонд Кореяйы» тырысайы бын. Афтæ ма бæстæтæ бадзырдтой сылгоймæгты хоккейы иугонд командæ ралæууын кæныны тыххæй дæр. Баныхæстæ уагъд æрцыдысты Пханмунджоны хъæуы. Уый уыд бæрзонд æмвæзады фыццаг фемæлд дыууæ азы дæргъы. Кæд æмæ алцыдæр ацæуа планмæ гæсгæ, уæд хуссайраг сыхагмæ ацæудзæн делегаци цалдæр сæдæ адæймаджы скондæй. Делегацимæ бацæудзысты 230 чызджы, 140 музыканты æмæ 3- тхэквондисты. Пхеньян ма фæнд кæны марты Паралимпиаг хъæзтытæм 150 адæймаджы скондæй делегаци арвитын дæр.

 

Æмгуыстад дарддæр кæндзæн

Уæрæсе тырны Евразийаг экономикон цæдис æмæ ИНО-йы ‘хсæн æмгуыстад адарддæр кæнынмæ, афтæ ма ацы цæдисы позицитæ дунеон базарадон организацийы сфидар кæнынмæ, – дзырдæуы УФ-йы Президент Владимир Путины сидты Евразийаг экономикон цæдисы паддзахадтæ-уæнгты сæргълæуджытæм.

 

Бадзырдтой диалог адарддæр кæныны тыххæй

Сербийы Президент Александр Вучич æмæ Косовойы президент Хашим Тачи бадзырдтой ахастытæ æрбæстон кæныны тыххæй диалог адарддæр кæнын, Оливер Ивановичы кæй                 амардтой, уымæ нæ кæсгæйæ. Дыууæ президенты ныхас  кодтой телефоны æмæ æрцыдысты иу хъуыдымæ диалог адарддæр кæныны тыххæй.

Фæсидт дунеон æмæхсæнадмæ

Казахстаны лидер Нурсултан Назарбаев фæсидт дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй Уæрæсе æмæ Китай хаст æрцæуой  цæгаткорейаг проблемæйыл уынаффæйы процессмæ. Цæгат Кореяйы проблемæйæн аскъуыддзаггæнæн нæй æнæ Уæрæсейы хайадистæй, – банысан кодта Нурсултан Назарбаев Дональд Трампимæ йæ фембæлды рæстæджы.

Сытынг фадынæджы низ

Украинæйы сытынг фадынæджы низ. Январы мæйы ацы низæй фæрынчын сты 1, 3 мин адæймаджы – уый тыххæй фехъусын кодта Украинæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад.

Фадынгæй иу адæймаг амард Одессæйы. Йæ сытынг баст у ацы низы ныхмæ сæм вакцинæтæ кæй нæй, уыимæ.

Æрхауд метеорит

АИШ-ы штат Мичиганы горæт Детройтмæ æввахс æрхауд метеорит. АИШ-ы метеорологон службæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ райсгæ бæрæггæнæнтæн  анализ саразгæйæ, гæнæн ис фидарæй зæгъæн, зæгъгæ, ферттывд æмæ срæмыгъд нæ уыдысты арвнæрды хуызæн, растдæр зæгъгæйæ, уыдоны расайдта метеориты æрхауд.

Фæмард  52 адæймаджы

Казахстаны цы автобус басыгъд, цыран фæмард сты 52 адæймаджы, уый цыд Узбекистанæй Уæрæсемæ. Фæмардуæвджытæ иууылдæр сты Узбекистаны æмбæстæгтæ. Трагеди æрцыд Актюбинскы областы Самара-Шмыкенты трассæйыл. Салонæй рахизын сæ бон ссис æрмæстдæр фондз адæймагæн, уыцы нымæцы æртæ шофырæн.

 

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.