14 декабры Донецкы уыд Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы бизнес-æмæхсæнадты æмæ политикты кусæгон фембæлд цыппар бæстæйы экономикон интеграци арфдæр кæныны фарстыты фæдыл.

Мадзалы хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади æмæ Фæсарæй-наг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Кусæгон фембæлды хайадисджытæн раарфæкæнгæйæ Хицауады Сæрдар банысан кодта, диалог уагъд кæй цæуы Донецкы Адæмон Республикæйæн гуманитарон æххуысы лозунгæй, æмæ Хуссар Ирыстон хъуамæ йæ хайбавæрд бахæсса æфсымæрон республикæтимæ социалон-экономикон бастдзинæдтæ уæрæхдæр кæнынмæ.

«Мадзалы фæлгæттæ æмæ ориентиртæ бæрæг сты Президент Владимир Путины Ба-рамындæй, кæцыйы сæйраг нысаниуæг у Донецкы Адæмон Республикæйæн гуманитарон æххуыс бакæнын. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады нысан у, цæмæй 2022 азы æппæт дæр сараза Донецкы Адæмон Республикæимæ пайадайы æмгуыстад рæзын кæнынæн æмæ æнæ ныхдуртæй кæрæдзимæ товартæ æрвитынæн уавæртæ саразын. Базарадон-экономикон фадыджы къухтæ фыст цы сразыдзинæдтыл æрцыд, уыдон сты нæ республикæтæн пайдайы ахастыты рæзтæн. Махæн ис егъау хъомысад хъæууон хæдзарады субъектты размæ кæнын æмæ иумæйаг мадзæлттæ саразынæн, æмæ мах ацы здæхты нæ куыст адарддæр кæндзыстæм», – загъта Бекъойты Геннади, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæны Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ‘хсæн партнерон ахастытæн, кæцытæ активонæй рæзын райдыдтой 2017 азы Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй.

Мадзалы фæлгæтты  ма Донецкы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны æмæ Донецкы Адæ-мон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Медойты Димитр æмæ Наталья Никоноровайы кусæгон фембæлд дипломатон минæварадтæ бакæныны фарсты тыххæй.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдтой паддзахадты ‘хсæн дарддæры æмгуыстадыл, иумæйагæй æхсæнхицауадон эффективон æмархайдыл.

Банысан кæнын хъæуы, ацы кусæгон фембæлдмæ кæй æрбаиу сты Уæрæсейы Федерацийы аст регионы: Хъырымы, Карелийы, Цæгат Ирыстоны, Волгоград æмæ Пензайы областты минæвæрттæ.

Мадзалы рæстæджы къухтæ фыст æрцыд базарадон сразыдзинæдтыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.