Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм, йæ къухдариуæгад æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдиаг арфæ кæнын дæуæн æмæ дæ номæй Уæрæсейы Федерацийы æппæт цæрджытæн паддзахадон бæрæгбон – Уæрæсейы боны цытæн.

Ацы бæрæгбон у Фыдыбæстæйы сæрыстырдзинад æмæ бæрндзинады æнкъарæнты адæмы иудзинады символ. Уый у бирæ æнусон истори æмæ нырыккондзинад, бирæ фæлтæрты сгуыхтдзинæдты бæрзонддзинад æмæ стыр хайбавæрд адæймагады культурон хæзнатæм, стыр паддзахады тых æмæ адæймагады фидæны бæрндзинады æнкъарæн.

Хуссар Ирыстоны, цыран адæмы фылдæр хай сты дыууæ бæстæйы æмбæстæгтæ, Уæрæсейы бон нысан кæнынц, куыд паддзахадон бæрæгбон. Ныфс мæ ис, хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты рæзтæн кæй ис егъау перспективæтæ æмцæдисон æмархайды фæлгæтты нæ бæстæты хæрзиуæгæн, стабилондзинад æмæ æдас-дзинадæн.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ цæст уарзы  дæуæн, цытджын Владимир Владимиры фырт æмæ Уæрæсейы Федерацийы æппæт цæрджы-тæн фидар æнæниздзинад, хорздзинад, сабырад æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

***

Президент Гаглойты Алан ма Уæрæсейы боны цытæн раарфæ кодта: Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенко, Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы Сæрдары хæдивæг Дмитрий Медведев, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Менялойæн.

***

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Уæрæсейы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Алан Эдуарды фырт!

Арфæ дын кæнын Уæрæсейы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон у Фыдыбæстæйы интерестыл  æнувыддзинад æмæ уарзондзинады символ, сæрыстыр уæвын йæ хорз ивгъуыд æнустæй, хъæздыг зонадон, культурон хæзнайæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ курдиатджын æмæ бирæ-национ адæмæй, кæцы алы рæстæджыты ифтонг кодта стыр паддзахады рæзт.

Нæ хæс у æнгом уæвын, кæрæдзимæ хъус дарын, нæ алыварс цард хуыздæр кæнын, уымæн æмæ махæй алкæй тыхтыл баст у, цахæм уыдзæн фидæны Уæрæсе.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ дидинæфтыд!».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.