Стыр хъуыдыйаг у, чиныджы кад кæй æрхауд, уый. Раздæр адæм кæсын бирæ уарзтой, чиныг-иу лæвæрдтой къухæй-къухмæ зынаргъ дзаумайау. Ныр рæстæджы цыдимæ адæмы домæнтæ дæр цæхгæр фæивтой æмæ сын фæзынд ахсджиагдæр хъуыддæгтæ, чиныг кæсыныл ма йæ рæстæг «дзæгъæлы» чи сафы, йæхи «барвæндонæй цæмæн куырм кæны».

Не ‘мрæстæгонтæй бирæтæ гуырысхотæ кæнынц: не ‘хсæнæй чи аивгъуыдтой, уыцы  æмæ абон сæрæгас чи сты, уыцы фысджытæ, поэттæ, драматургтæ, зонадон кусджытæ (Хуыцау сæ бирæ фæцæрын кæнæд) нырмæ цы фæфыстой, уымæй дарддæр литературæйы уæзгæ хуынтæй нæ дзыллæйы сфæлдыстадон къæбицмæ ницыуал бацæудзæн, æмæ сомбон ирон аив дзырды хæзнадон смæгуыр уыдзæн, ивгъуыд рæстæджыты æнтыстытыл банцайдзæн. Иннæ-тæ ма сæ тыхтæ радтой æрмæстдæр мадæлон æвзаг райрæзын кæныны хъуыддагмæ, цæмæй ма фесæфа, зоной йæ рæзгæ фæлтæртæ, дзурой йыл сæрибарæй, нымад уа иннæ æвзæгты ‘хсæн. Аннæтæн та нæдæр уазал у, нæдæр тæвд – сæ царды бонтæ æрвитынц царды дзæбæхæн æнæмæтæй.

Куыдфæнды йæ ма рабар-бабар кæнæм, уæддæр нæ сабитæй, фæсивæдæй бирæтæ æвзыгъд сты сæ хъуыдытæ мадæлон æвзагыл аивæй равдисынмæ, æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Фæлæ сæ фарсмæ хъæуы балæууын, сразæнгард сæ кæнын сфæлдыстадон архайдмæ, ныфс сын авæрын, цæмæй сæ курдиат ирдæй-ирддæр кæна, ма бамынæг уа. Уый стыр хæрзиуæг у, арфæйаг хъуыддаг. Ахæм бæрндзинад йæхимæ чи райса, уый та æнæмæнгдæр хайджын уыдзæн адæмы хорзæхæй. Фæстæдæр уыцы æрыгон фысджытæ æмæ поэттæн йæ лæггад сæ зæрдыл лæудзæн, йæ хорзы кой кæндзысты кæддæриддæр – уый дæр стыр ахъаз у адæмы зæрдæты цæргæйæ баззайынæн. Фæлæ уыцы курдиатджын сывæллæтты уацмыстæ фембырд кæнай, æрнывыл сæ кæнай æмæ сæ æмбырд-гонд рауадзай, уый та – стыр ахъаз ног фысджыты æмæ поэтты фæзындæн.

Ӕмӕ та радон хатт мадӕлон ӕвзагӕн табугӕнджытӕ фӕцин кодтой ног чиныгыл. Фӕсивӕдӕй поэзи, прозӕ ӕмӕ публицистикӕйы фыццаг фӕлварӕнтӕ чи кӕнынц, уыдоны  уацмыстӕ ӕрӕмбырд кодта Фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон ӕмӕ сӕ рауагъта цымыдисон ӕмбырдгонд. Хонгӕ дӕр ӕй афтӕ скодта – «Сисфӕлварӕн».

Ӕмбырдгонды автор ацы чиныгӕй сӕйраджыдӕр равдыста, нӕ фӕсивӕд ӕнувыд кӕй сты Райгуырӕн Ирыстоныл, уыцы ахсджиагдзинад. Радтӕг адӕмы хъысмӕт, хӕстон дуджы уӕззаудзинад, Фыдыбӕстӕйы цин ӕмӕ рис, дзыллӕйы сомбон – ӕппӕт уыдӕттыл арф ныхъхъуыды кодтой, фыццаг фæлварæнтæ чи кæнынц, уыцы ӕрыгон поэттӕ, фысджытæ ӕмӕ се ‘нкъарӕнтӕ аивӕй равдыстой поэтикон текстты.

Рӕзгӕ фӕлтӕр, кӕд махӕй бирӕтӕм афтӕ нӕ кӕсы, уӕддӕр сӕ зӕрдӕтӕм ӕввахс исынц не ‘хсӕнады минӕвӕртты ахастытӕ кӕрӕдзимӕ. Ӕппӕрццагӕй ӕмӕ дзы ӕвӕрццагӕй цыдӕриддӕр уынынц,  уый сын бантыст ирдӕй равдисын сӕ радзырдты, аргъӕутты, публицистикон уацты.

Скъоладзауты уацмысты ныхмӕвӕрд сты:  мӕгуыр лӕг ӕмӕ хъӕздыг лӕг, зӕронд лӕг ӕмӕ уӕйыг, дидинӕг ӕмӕ гӕлӕбу, уӕртджынхӕфс ӕмӕ сӕтӕлӕг. Стыр цымыдисы нӕ ӕппарынц Гӕбилы, дыууӕ ‘мбалы, Агуындӕ-рӕсугъды, Дзерассӕйы, арсы лӕппынты, къуымзил мысты ӕмӕ къуырма хӕфсы хабӕрттӕ.

Æмбырдгонд «Сисфæлварæн»-мæ хаст æрцыдысты Тедеты Камиллæйы, Плиты Григорийы, Джиоты Альбинæ æмæ Джокондæйы, Дудайты Каринæйы, Габпаты Аланы, Беджызаты Арсен æмæ Тыджыты Аннæйы, Коцты Аланæйы, Хаситы Маиры, Тедеты Эдуарды æмæ æндæрты нывæфтыд уацмыстæ –  æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, публикацитæ. Сæ автортæ æдæппæтæй сты фæндзайы бæрц.

Рӕзгӕ гоймаджы миддунейы сусæгдзинæдтæ æмæ фæзилæнтæ чиныджы автор иттæг хорз хаты: «Сæйраг у, цæмæй кæстæртæ цæуой хистæртæй хуыз-дæр. Ацы хъæуæг чиныджы сæйраг нысан дæр уый у. Дæ зæрдæ кæй æрмдзæфæй рухс кæна, уый къахайстмæ чысыл рухсы тын куы адарай, уæд уым æнæуаг мийæ ницы ис», – зæгъы Хъазиты Мелитон. Йæ разныхасы уый дæнцæгæн хæссы цалдæр æмбисонды кæстæр-хистæры тыххæй. Уымæй нын дырысæй æмбарын кæны, кæстæр рæдийын дæр кæй зоны, фæцудын дæр, фæлæ хистæр хъуамæ йæ фарсмæ уа, ма йæ уадза рæдийын, цудын, разæнгард æй кæна хорз хъуыддæгтæ аразынмæ, царды раст фæндагыл ныллæууынмæ.

Фидарæй зæгъæн ис, «Сисфæл-варæн» стыр ахъаз кæй фæуыдзæн нæ курдиатджын фæсивæ-дæй бирæтæн, æмæ уыдон дæр кæй акæндзысты сæ фыццаг къахдзæфтæ литературæйы алæ-мæтон дунемæ, кæй райдайдзысты сæхи фæлварын ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хъуыддаджы. Чидæртæ фыссын дæр зонынц, æнтысгæ дæр сын кæны, фæлæ æфсæрмы кæнынц. Мидхъуыдытæ раргом кæнын, дæхи фыст æмдзæвгæтæ искæмæн бакæсын худинаг нæу. Курдиатæн æмбæхсæн нæй, уый хъуамæ алырдæм æнхъæвзгæ кæна, рæза, адæмы зæрдæты тауа рæсугъддзинад æмæ фарн, биноныг дзы кæна  æнæмæлгæ фидæны ныфсы æнкъарæнтæ.

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.